Æвдисынц хорз цæвиттон

Нæ республикæйы ахсджиагдæр уагдæттæй сæ иу у Хуссар Ирыстоны Паддзахадон телеуынынад. Йæ директор Чилæхсаты Георги куыд зæгъы, афтæмæй уый цымыдсион æрмæст йæ алæвæрдтæй ма хъуамæ уа, фæлæ ива æмæ рæсугъдвæлыст хъуамæ уа бæстыхай æмæ йæ кæрт дæр. Уымæн æмæ уырдæм цæуынц канд йæ кусджытæ нæ, фæлæ не ‘мбæстæгтæй дæр бирæтæ æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты фæдыл. Директоры хъуыдымæ гæсгæ, æддагон цæст уынаг у, уымæ гæсгæ дзы алцыдæр хъуамæ уа нывыл.

Зымæджы уал, агъуысты бахизæны цы  фойе  ис, уый æрцыдис хæрзарæзт æмæ ныр йæ рæсугъддзинад зæрдæ æмæ цæстытæн хæссы æхсызгондзинад. Уымæй дарддæр, æртыккаг уæладзыджы къæлидорæн раивтой йæ астæрд. Цалцæг æрцыдысты зæлфыссæн æмæ ма ноджыдæр цалдæр хатæны.

Æрбалæууыд уалдзæг æмæ ныр та æрæвнæлдтой кæрт схæрзарæзт кæнынмæ. Ссыгъдæг уал ын кодтой йæ алыварс территори брæттæй. Ныссагътой дзы рухсы цæджындзтæ. Бæстыхайы къулыл йæ раздæры бынаты сауыгътой Хуссар Ирыстоны картæ. Конд ма дзы ис телевизор дæр, цыран бакæсæн ис фæстаг хабæрттæм. Кæрты  ма арæзт æрцыдысты газонтæ. Сæ алыварс сын сæвæрдтой бордюртæ æмæ дзы ацы бонты сагъд цæуынц алыгъуызон талатæ, дидинджытæ æмæ декоративон бæлæстæ. Уыдон та Пятигорскæй æрласта дизайнер Олег Маргарян. Уый у нæ горæты цæрæг, фæлæ йын стыр куысты стаж ис ацы фадыджы. Бирæ азты дæргъы уый фæкуыста горæт Дзæуджыхъæуы, Сочийы æмæ Ставрополы дизайнерæй.

Телеуынынады кæрты, сæйраджыдæр, сагъд цæ-уынц, сæрдæй, зымæгæй цъæх чи дарынц, ахæм цъæхдарæнтæ. Уыцы куыстытæ куы фæуой, уæд та кæрт æрцæудзæнис асфальт.

ЦÆРЫНÆН СЫН УЫДЗÆНИС  ÆППÆТ УАВÆРТÆ ДÆР

Куыстытæ рæвдзæй цæуынц медико-социалон центры. Ам арæзтадон куыстытæ райдыдтой 2017 азы майы мæйæ. Арæзтады прораб Æлборты Инал куыд зæгъы, афтæмæй дзы арæзтадон куыстытæ нырмæ дæр кодтаиккой, фæлæ 6 мæйы дæргъы ам куыстытæ урæд æрцыдысты, объект цы нысанæн арæзт цыд, уый тыххæй сæ хъуыды кæй фæивтой, уымæ гæсгæ. Цæвиттон ацы объект арæзт хъуамæ æрцыдаид рæуджыты низæй рынчынтæн. Фæлæ пансионат «Аудын-дзинад»-ы цæрæг æвæгæсæг зæрæдтæн дæр цæрынæн æмбæлон уавæртæ кæй нæй, уымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй объект арæзт æрцæуа уыдонæн.

Медико-санитарон корпусы ис дыууæ бæстыхайы – цæрæн æмæ административон. Ам ма уыдзысты паллиативон (ракæй) рынчынтæ дæр. Иууæладзыгон уагдонæн йæ иумæйаг фæзуат у 2100 квадратон метры. Иууыл иумæ дзы уыдзæнис 35 сынтæджы. Хатæнтæ сты 1 æмæ 2 бынатон. Алы хатæны дæр дзы ис хинайæнтæ æмæ къахбынæттæ. Ныртæккæ дзы кæнынц мидæггагон куыстытæ. Къултæ сæрдынц ахорæнтæй, йæ кæрт та цæуы хæрзарæзт. Арæзт дзы æрцæудзæнис тротуартæ, ныссадздзысты дзы цъæхдарæнтæ, судздзысты дзы цырæгътæ. Ам арæзтадон куыстытæ кæны хуссарирыстойнаг компани «Мегаполис Т». Объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы аз июны мæйы.

Уæдæ, медико-санитарон центры пациенттæн ам арæзт цæуынц æппæт уавæртæ дæр, цæмæй дзы сæхи хатой хорз. Ныртæккæ дæр уыцы зæрæдтæ кæд æнæркаст не сты, уæддæр сæ бæстыхай ис мæгуырау уавæры.

Паллиативон æххуыс кæй хъæуы, ахæм пациенттæ дæр, хъыгагæн, ис не ‘хсæн æмæ сын ацы бæстыхайы бынат кæй рахицæн кодтой, уый хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ уыдонмæ дæр хъæуы сæрмагонд хъусдард.

АРÆЗТ ЦÆУЫ ИНФОРМАЦИОН-КООРДИНАЦИОН ЦЕНТР

Нæ горæтæн йæ цæгатварс «Мæскуыйаг микрорайон»-ы арæзт цæуы информацион-координацион центр. Уый арæзт цæуы Мидхъуыддæгты министрадæн. Уыдон уыдзысты 4 корпусы: административон, контролон-постуадзæн пункт, криминалон лаборатори æмæ цæрæн корпус. Уым уыдзæнис уазæгдон дæр. Цæрæн корпус арæзт æрцæудзæн, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрадæй-иу нæм кусæгон балцы, кæнæ командировкæйы чи æрцæуа, уыдонæн.

Ацы корпусты арæзтадмæ æрæвнæлдтой ацы азы райдианæй. Арæзтадон æрмæджытæй сты ифтонг. Кусы дзы 21 кусæджы, фæлæ арæзтады прораб Æлборты Инал куыд зæгъы, афтæмæй сæ бакæндзысты 80 кусæджы бæрц. Объект арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн сентябры мæйы. Аразгæ та йæ кæны «Мегаполис Т».

ДАРДДÆР ХÆРЗАРÆЗТ  ЦÆУЫНЦ НÆ ГОРÆТЫ УЫНГТÆ

Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой нæ горæты Нарты уынджы дæр. Ацы уынг арæзт цæуы 2018-2019 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Ныртæккæ Нарты уынгыл æмызмæлд кæнынц «Водоканал»-ы кусджытæ. Куыд иннæ уынгты, афтæ ам дæр коммуникацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ æмæ дзуапп нал лæвæрдтой сæ домæнтæн. Коммуникацион куыстытæ баконд куы æрцæуой, уæд та хæдзæрттæм уагъд æрцæудзысты донуадзæн æмæ канализацион хæххытæ. Дарддæр та æрæвналдзысты уынг асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæм. Ам æдæппæт кусы 8 адæймаджы бæрц. Техникæйæ сты ифтонг. Кусджытæ архайынц æнæзæр-дæхудтæй. Уынджы арæзтады бригадир Тедеты Алан куыд зæгъы, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр цæуынц сфидаргонд планмæ гæсгæ æмæ та тагъд ацы уынг дæр суыдзæн нæ горæты рæсугъддæр уынгтæй сæ иу.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.