Ивгъуыд къуыри Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы райдиан  кълæсты  ирон æвзаджы ахуыргæнæг Бесаты Лали ауагъта мастер-кълас Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны  цытæн. Урок  уагъд  цыд  ахуыргæнинæгтæн нæ, фæлæ ахуыргæнджытæн. Мастер-къласы хайад райстой горæты скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ. Йæ нысаниуæг уыд Къостайы сфæлдыстад алыварсонæй дæр фенын, куыд нывгæнæг афтæ йæ бацамонын æмæ сабитæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон аив кæсын куыд хъæуы, ууыл æрдзурын.

«Чысыл адæмтæ тæхудиаг вæййынц, се ‘хсæнæй номдзыд лæгтæ куы рацæуынц. Мах ирон адæм хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгуырд, йæ кад æмæ йæ намысы кой æппæт дунейы йыл кæмæн айхъуыст, уыцы æрд-хæрæны стыр поэт Хетæгкаты Къоста. Йæ æмдзæвгæтæ абон дæр сты актуалон. Уымæн ратæлмац кодтой «Ирон фæндыр»-ы 40 æвзагмæ. Къоста ма уыд дæсны æмæ курдиатджын нывгæнæг дæр. Ныв-кæнынадмæ æрыгон Къостайы цы сразæнгард кодта йæ конд нывтæ цы нысан кæнынц, ууыл æрдзурдзыстæм абон», – дзырдта Бесаты Лали.

Гом урок

Уый загъта Алагиры аргъуаны къултыл Къостайæн бирæ нывтæ кæй ис. Интерактивон фæйнæгыл разындысты Къостайы конд нывтæ «Сывæллæттæ – дурсæтджытæ». «Ацы куысты Къоста ирдæй равдыста дыууæ хохаг чысыл лæппуйы фæлгæнцтæ. Ацы ныв Къостайæн йæхи зæрдæмæ дæр тынг цыд. Стыр аргъ ын скодта йæ рæстæджы номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбег дæр. Хохаг сывæллæтты царды уæззау нывтæ ирд æмæ бæрзондæй зынынц Къостайы иннæ ныв «Дон хæссынмæ»-йы дæр. Автор ацы ныв бавæрдта йæ зæрдæйы хъарм», – дзырдта дарддæр ахуыргæнæг.

Къоста цы портреттæ сныв кодта, уыдонæй дыууæйы – Цæлыккаты Аннæ æмæ Попова Аннæйы сурæтты равдыста, йæ сыгъдæг зæрдæйы цы уарзт уыд, уый. Аннæ Поповайы уарзты сыгъдæг æнкъарæнтыл Къоста фыста æмдзæвгæтæ дæр, суанг ма йæ зындгонд куыст «Хъынцъымгæнæг зæд» дæр уымæн скодта. Бесаты Лали урокы рæстæджы сæрмагонд анализ скодта Къоста æмæ Аннæ Поповайы уарзтæн.

Бесаты Лали йæ гом урокы ракодта, Къоста кæддæр Са-тихъары цæрджытæн куыд баххуыс кодта, куыд сæ фервæзæн кодта экъзекуцийæ, уый кой дæр. Сатихъары хъæуы цæр-джытæ ныццыдысты Къостамæ æмæ йын рахъаст кодтой, æлдары фæсдзæуинтæ сын цы тухитæ æвзарын кæнынц, уый тыххæй. Къоста сæм лæмбынæг байхъуыста, уый фæстæ ацыд Тифлисмæ æмæ уым кæимæ фембæлд, уый бæрæг нæу, фæлæ цалдæр бонмæ Сатихъары адæм сулæфыдысты, сæ хъыгдарджытæ æрвыст æрцыдысты хъæуæй.

Урок иумæйагæй сисгæйæ рауад цымыдисон.

Гом урокæн хатдзæгтæ сарæзтой 6-æм скъолайы директор Бедойты Элеонорæ æмæ æндæр скъолатæй æрбахонгæ уазджытæ.

Уазӕгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.