15 октябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты «Къостайы клуб»-ы ауагъдæуыд Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 161 азы сæххæсты цытæн мадзал. Мадзал бацæттæ кодтой университеты ректорат æмæ ирон литературæйы кафедрæ. Хуынд æм æрцыдысты æмæ дзы хайад райстой университеты лектортæ æмæ студенттæ. Мадзал байгом кодта æмæ дзы раныхас кодта ирон литературæйы историйы кафедрæйы разамонæг профессор Плиты Гацыр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, абон нæ зындгонд Хетæгкаты Къостайы ном æрмæст мах нæ мысæм, фæлæ ма Цæгат Ирыстон æмæ Лабæйы хъæуы дæр. Къостайæн йæ ацы гуырæнбон банысан кæныны тыххæй нæм уыдис дардыл хъуыдытæ, фæнд кодтам Цхинвалы районы Къостайы хъæумæ æмæ йæ райгуырæн Нары хъæумæ ацæуын, Къостайы гуырæнбон банысан кæнын, фæлæ, хъыгагæн, дунейы цы уæззау æмæ тæссаг низ апарахат, уый аххосæй нæ фæндтæ ивд æрцыдысты.

Къоста мах у, фæлæ йæ æндæр адæмтæ дæр хонынц сæхи. Уымæн æмæ Къоста адæмты нацигай не ‘взæрста. Цы у рæстдзинад, уый хорз æмбæрста æмæ алы тыхст адæмтæн дæр уыд æххуысгæнæг. Дунейы адæмтæ йæ йæхи ирон адæмау кæй бауарзтой, уымæн та ирд æвдисæн у уый, æмæ йæ уацмыстæ кæй рацыдысты 62 æвзагыл. Адæм ын йæ лæггæдтæ хорз кæй зыдтой, уый ма бæрæг у уымæй дæр, æмæ йыл скодтой,  зарджытæ.

Къоста ахуырдзинадæн лæвæрдта стыр нысаниуæг, – зæгъы дарддæр Гацыр. Арæх дам-иу дзырдта, зæгъгæ, æнæахуыргонд адæмæн сомбон нæй. Æмæ æрмæст дзургæ нæ, фæлæ æппæт дæр арæзта, цæмæй ирон фæсивæд се ‘ргом аздæхтаиккой ахуырмæ. Йæ адæм дæр æй æмбæрстой, бирæтæ кæсын, фыссын нæ зыдтой, фæлæ йын зарыдысты йæ фыст зарджытæ. Мах Къостайы зонæм куыд поэт, драматург, нывгæнæг æмæ публицист, фæлæ ма Къоста уыд музыкант дæр. Пианинойыл йæ бон уыд бирæ цæгътытæ æххæст кæнын.

Уый фæстæ Гацыр мадзалы хайадисджытæм æрсидт, цæмæй сæхæдæг, сæхиуæттæ æмæ сæ зонгæтæ дæр хæдзæртты, стæй кæм амбæлынц, уыцы бынæтты дзурой æрмæстдæр иронау. Уымæн æмæ цалынмæ ирон дзырд хъуыса, уæдмæ цæрдзæнис Къоста дæр.

Ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Куыдзеты Иринæ та банысан кодта, зæгъгæ, Къоста хисæрмагонд царды нæ уыд амондджын. Фыццаг бауарзта Цæлыккаты Аннæйы.  Фыста йыл æмдзæвгæтæ, зарджытæ. Кæд æй Аннæ дæр уарзта, дардта йæм хорз ахаст, уæддæр иумæ бацæрой, уый сын нæ бантыст. Уымæн æмæ ма Аннæйæн уыд дыууæ хистæр хойы, кæцытæ нæма уыдысты мойгонд. Уæды рæстæгмæ гæсгæ гæнæн нæ уыдис æмæ кæстæр хо моймæ фæцыдаид йæ хистæр хоты разæй. Къоста дæр йæхицæн бар нæ радта, цæмæй ахызтаид ирон æгъдауы сæрты.

Йæ дыккаг уарзон Аннæ Поповаимæ дæр нæ рауад сæ хъуыддаг. Уымæн æмæ Аннæ Поповайы бинонтæ уыдысты хъæздыг. Фæстæдæр æм Аннæ йæхæдæг дæр йæ фыстæджы фыста, зæгъгæ, кæд тынг цæуыс мæ зæрдæмæ, уæддæр мын ме ‘фсымæртæ бар нæ дæттынц æмæ бацæрон демæ. Стæй ма йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ, куы бацæрæм, уæд цæргæ та кæм хъуамæ кæнæм.

Къоста 1902 азы æртыккаг хатт куы бауарзта, уæд райдыдта хæдзар аразын дæр, фæлæ йыл йæ низ стых æмæ 47-аздзыдæй йæ зæрдæ ныллæууыд йæ куыстæй.

Университеты студенттæ Цхуырбаты Елизаветæ, Сиукъаты Иринæ, Табуты Дианæ, Æлборты Сабинæ æмæ Чехойты Зæринæ та бакастысты  Къостайы фыст æмдзæвгæтæ.

                                                                                               Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.