Мамсыраты Мураты чиныг «Æцæгæлон бæстæ»-йы ис ахæм цау: гыццыл ма куы уыд автор, уæд иу-ахæмы, æмбæхстытæй хъазгæйæ, фæкомкоммæ кауы рæбын бæрзонд пысыратæм. Куыстуарзаг мæлдзыджытæ стыгуыр сты пысырайы сыфыл æмæ уыгътой цыдæртæ. Æвиппайды дымгæ æрбадымдта, пысырайы сыф йæ зæнгæй феуæгъд æмæ æд мæлдзыджытæ къанауы иннæ фарсмæ атахт. Мæлдзыджытæ фæхицæн сты сæ райгуырæн бынатæй, се ‘мбæлттæй…Уæвгæ, автормæ гæсгæ, мæлгæ нæ акæндзысты, хæринаг, цæрæн бынат доны фаллаг фарс дæр ссардзысты, фæлæ, мæгуырæг, кæм цардысты, уыцы бынат, стæй се ‘мбæлтты тынг мысдзысты. Æмæ ма бирæ цæмæйдæрты фæцух уыдзысты.

Афтæ Мамсыраты Мурат, Туркмæ цы ирон адæм алыгъд, уыдоныл сагъæс кæны. Раст ахæм сагъæстæ сисынц сæ уæлныхты адæймаджы абоны ирон скъоладзауты цæстытæм кæсгæйæ. Ирыстоны цæргæйæ дæр йæ мадæлон æвзаг, истори, культурæ, æгъдæуттæ цы фæлтæртæ ферох кодтой, æз уыдоны кой кæнын… Ныртæккæ стыр хæстæ æвæрд ис алкæуыл дæр æвзонг фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы, уæлдайдæр та мадæлон æвзаджы ахуыргæнæгыл. Ныййарджыты фæстæ скъоладзауæн уый хъуамæ бауарзын кæна йæ мадæлон æвзаг. Фæлæ, хъыгагæн, абоны онг дæр Ирыстоны скъолаты сæйрагдæр предметтыл нымад сты математикæ, уырыссаг æвзаг, физикæ æмæ а. д. Мадæлон æвзаг та се ‘хсæнæй мæгуырæй зыны, кæд мадæлон у, уæддæр. Ацы зын æмæ ахсджиаг куысты ис спайда кæнæн алыхуызон мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй, сæ сæйрагдæртæй иу у мадæлон æвзаджы бындурыл хъомыл кæнын скъоладзауты райдайæн кълæстæй фæстæмæ. Ам стыр нысаниуæг ис урокты бæстæзонæн æрмæгæй пайда кæнынæн. Зындгонд методисттæ (Б. Ф. Инфантьев, А. Г. Лосев, Д. А. Белоусов, Е. Н. Губанова, Н. С. Махина æмæ бирæ æнд.) сбæлвырд кодтой, бæстæзонæн æрмæгæй пайда кæнын стыр ахъаз кæй у сывæллоны хъомылады, æмæ æрмæг хуыздæр бамбарынæн дæр. Ахуыргæнæг литературæйы урокты фаг æргом хъуамæ здаха ирон адæмы традицитæ, æгъдæуттæ, национ психологи æмæ удыхъæдмæ, историимæ баст æрмæгмæ. Цæмæй ахæм методикон хæс æххæст цæуа урокты, уый тыххæй ахуыргæнæг йæхæдæг хъуамæ арф æмæ уæрæхæй зона ирон культурæ, аивад, истори, æгъдæуттæ, литературæ. Ирон скъоладзауты ахуыргæнæг ацы æрмæгæй пайдагæнгæйæ, сабыргай хъомыл кæндзæн йæхи цард, йæ адæмы ивгъуыд æмæ фидæн уыныныл, æмбарыныл. Бæстæзонæн æрмæгæй пайда кæнæн ис сæрмагонд урокты. Сæ сæйрагдæр нысан у мадæлон æвзаг æмæ литературæмæ цымыдисдзинад æвзæрын кæнын. Афæдзы дæргъы иу кæнæ иннæ къласы цал ахæм урочы уыдзæн, уый аразгæ у скъоладзауты зонындзинæдтæй æмæ сын предметмæ цавæр цæстæнгас ис, уымæй.

Сæрмагонд урокты сæйрагдæр темæтæ баст хъуамæ уой истори, этнографи, нæ алыварсы æрдз, æгъдæуттæ, аивад æмæ культурæимæ. Æрхæссæм иу-цалдæр урокæй фрагменттæ. Темæ: «Балц нæ мадæлон æвза-джы историмæ» Ахуырдзауты раз фæйнæгыл индоевро-пæйаг æвзæгты равзæрды схемæ. Ахуыргæнæг дзуры æвзæгты равзæрды тыххæй таурæгъ: «Хуыцау куы федта адæм зæххыл сбирæ сты, уæд сæ сфæнд кодта къордтыл ныддихтæ кæнын, цæмæй хæлардæрæй цæрой, кæрæдзийы хуыздæр æмбарой. Сарæзта номхыгъд æмæ уымæ гæсгæ адæмæн лæвæрдта нæмттæ: уырыссæгтæ, немыцæгтæ, французæгтæ, æмæ а. д. Адæм сæ нæмттыл цин кодтой – абонæй  фæстæмæ сæм номæй дзурдзысты! Фæстæмæ здæхгæйæ Хуыцауæн йæ размæ фæци иу гыццыл адæмы къорд: – Хуыцау, ном нын ратт, мах дæумæ куы ‘нхъæлмæ кастыстæм. – Сымах цыдæр талынг адæм стут, кæм уыдыстут нырмæ? Мæ номхыгъды сымахæн ном нал баззад, ацæут æмæ уæ, чи зоны, исчи йæхимæ бауадза, – дзуапп сын радта Хуыцау. Фæцæуынц æнæном адæм æнкъард æмæ сæргуыбырæй.

Бирæ фæлæгъстæ кодтой, фæлæ сæ йæхимæ ничи бауагъта. (Ам ахуырдзаутæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фæтарстысты, кæд, мыййаг, мах тыххæй у, зæгъгæ. Фæлæ сын ахуыргæнæг схемæйыл амоны ирайнаг къорд: персайнаг, афгайнаг, ирон, таджикаг, курдаг). Афæдзы фæстæ тынг ныллæгъстæ кодтой æнæном адæм Хуы-цауæн: – Ном нын ратт, Хуыцау, æнæ но-мæй цæрын тынг зын у зæххыл. Æмæ сын Хуыцау дæр цавæрдæр ном ратта. Афтæ алы адæмæн дæр ис ном, алчи дæр уарзы æмæ аргъ кæны уыцы номæн. Алы адæм дæр дзурынц сæ мадæлон æвзагыл. Æмæ дæ мадæлон æвзаг куы нæ зонай, уæд дæм, цымæ, цы номæй дзурдзысты…»

Темæ: «Дзырдты бахъахъхъæд». Ах-уырдзаутæй алчи дæр равзары йæхицæн иу дзырд (зæгъæм, хо, мад, фыд, æмбал, дон, нана…) æмæ йæ урочы хъахъхъæны. Æвдисы йæ дзырды хъæздыгдзинад, рæсугъддзинад, ома дзы куыд пайда кæны, уый: а) саразы йæ дзырдимæ дзырдбæс-тытæ, хъуыдыйæдтæ, диалог, цыбыр радзырд; б) æрхъуыды кæны йæ дзырдимæ баст æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ æмæ а.д. Ахуырдзаутæн сæ куысты æххуыс кæны ахуыргæнæг дæр. Алы дзырдæн дæр фæзæгъы, рагон ирайнагау куыд уыдис, уый. Бамбарын сын кæны, бирæ æнусты дæргъы дзырдтæ сæхи кæй бахъахъхъæдтой, æмæ ныр та æвзонг фæлтæры хæс кæй у уыдон хъахъхъæнын, ома сæ ныхасы пайда кæнын. Темæ: «Нæ фыдæлтæ» – ахуыргæнæг пайда кæны скифты, сæрмæтты, аланты, ирæтты царды хабæрттæй арæхстгай, сывæллæттæн сæ кармæ гæсгæ. Урочы аив æмæ рæсугъд кæнынц чысыл афæлгæст историйыл, цæстуынгæ æмæ таурæгъон æрмæг. Ахуырдзаутæ тынг зæрдиагæй байхъусынц скифты, сæрмæтты равзæрды тыххæй таурæгътæм. Уæлдай тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцæуы грекъаг фыссæг Лукианы новеллæ «Токсарид, кæнæ Хæлардзинад»-æй скъуыддзаг: «Уацары бахаудта тыхгæнæгмæ скифаг лæппу Амизок. Цыппар боны йедтæмæ нæма рацыд, Дандамидимæ сæ тугæй ард куы бахордтой, кæрæдзийæ æрдхæрдтæ куы загътой, уæдæй. Дандамид куыддæр хабар базыдта, афтæ комкоммæ бацыд знæгтæм, куырдта сæ балхонæй, цæмæй йын йе ‘рдхорды уацарæй суæгъд кæна. Цы ратдзынæ йæ сæрмæ, уыйбæрц хъæздыгдзинад дæм цы ис, зæгъгæ, йæ куы бафарста балхон, уæд ын уый дзуапп радта: «Мæн йæ бæсты бауром æмæ дæ цы фæнды, уый мын кæн». Фæстагмæ сразы Дан-дамид йæ цæстытæ скъахыныл дæр, афтæмæй ссæрибар кодта йе ‘рдхорды… Тыхгæнджытæ, уыцы цау фенгæйæ бамбæрстой, цы адæмимæ сæ схæцын бахъæудзæн, уый, æмæ æхсæвы лидзæг фесты».

Уадз абоны тызмæг æмæ тыхст царды цы ахуырдзау хъомыл кæны, уымæн æххуыс кæна нæ фыдæлты фарн æмæ хæлардзинад. Темæтæ бирæ сты, æз дæнцæгтæ æрхастон æрмæстдæр цалдæрæй. Се’хсæн æнæмæнг хъуамæ уа ахæм темæ: «Чи дæн æз?» Ахуырдзауты зонындзинæдтæ иуцасдæр куы фæфылдæр уой, уæд сæ алчи дæр хъуамæ базона йæхи, йæ ныййарджыты, йæ мыггаджы тыххæй æрмæг. Ахæм фарстатæ алы сывæллоны дæр тынг цымыдис кæнынц. Бæстæзонæн æрмæгæй урокты пайда кæнæн ис ком-плексон æгъдауæй дæр, ома программон æрмæгыл кусгæйæ йæм фаг æргом здахын. Ацы урокты сæйрагдæр нысан у мадæлон æвзаг æмæ литературæйы уроктæм цымыдисдзинад, уарзондзинад дарддæр дæр рæзын кæнын; уроктæ фæхъæздыгдæр, фæмидисджындæр кæнын; скъоладзауты зонындзинæдтæ фылдæр кæнын бæстæзонæн æрмæгæй.

Зындгонд ахуыргæнæг-методист Е. Ильин 80-æм азты фыста: «Литература предмет особый, где нравственно запрещено быть неинтересным, нетворческим, отсталым». Хъыгагæн, фæстаг азты æхсæнады ивындзинæдтæ астæуккаг скъолайы ахуыргæнæн предмет литературæйы раст ахæм уавæрмæ æркодтой. Ахуыргæнджытæ æмæ методистты бахъуыд ног æмæ ахадгæдæр методикон мадзæлттæ агурыны сæр. Ирон литературæйы ахуыр-гæнæджы уавæр та ноджы фæвазыгджындæр. Бирæ азты йæ бон аиуварс кæнын цы фарстатæн нæ бацыд, уыдонмæ ма ноджыдæр дзæвгар бафтыд. Скъолайы кусыны фæлтæрддзинад мæ æркодта ахæм хатдзæгмæ: ирон литературæ ахуыр кæныны методикæйы стыр æргом аздахын хъæуы предметмæ цымыдисдзинад рæзын кæныны фæрæзтæм. Сæ сæйрагдæр – ирон адæмы монон культурæйы хæзнатæ. Уыдон сты алы адæймагæн дæр йæ мадæлон бындур, кæцыйæ не скъоладзаутæ дзæвгар азты цух æййафынц. (Кæддæр мын не скъолайы директор ахæм хъуыды загъта: «Скъоладзаутæ дæ предмет ахуыр кæнынмæ цæттæ не сты». Фæстæдæр бамбæрстон ацы ныхæсты рæстдзинад). Фыццаджыдæр уал скъоладзаумæ сæвзæрын кæнын хъæуы цымыдисдзинад предметмæ. Уый тыххæй та йæ сифтонг кæнын хъæуы хъæугæ зонындзинæдтæй. Нæ фыдæлты фарн æмæ намыс, нæ культурæйы цыртдзæвæнтæ, адæмон сфæлдыстады хæзнатæ, ирон адæмы удыхъæд, сæ рæсугъд æгъдæуттæ, культурæ, аивад æмæ æндæртæ хъуамæ уой ахæм зонындзинæдты сæйраг бындур. Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы, методикон зонад  кæй ивы, размæ кæй цæуы, алыхуызон методтæ, ног технологиты иувæрсты нырыккон ахуыргæнæгæн цæуæн нæй. Бамбарын афон у, традицион методикæйы иуæй-иу формæтæн сæ ахадындзинад кæй æрмынæг, «чиныджы æрхъуыдыгонд методикæ» кæй «баихсыд». Литературон уацмыс нæ, фæлæ абоны алыхуызон информаци æнауæрдонæй чи «цъиры», уыцы скъоладзау кæй рацыд литературæйы урочы фыццаг бынатмæ. Раззагдæр ахуыргæнæгæн Ибрагим, Хазби, Фатимæ нæ, фæлæ скъоладзау у йæ урочы сæйраг архайæг. Ома уацмыс скъоладзауы размæ хæссын хъæуы цардимæ баст проблемæимæ. Афтæмæй баиу кæнын хъæуы скъоладзау æмæ геройы цард. Методикæйы сæйраг бынатмæ раджы рацыд литературæ ахуыр кæныны нæ, фæлæ уый фæрцы хъомыл кæныны методикæ. Зындгонд методисты хъуыдымæ гæсгæ, «появился личностный, а не учебный интерес к книге, из объекта изучения она превратилась в «источник» познания себя, жизни, человека» (Е. Ильин). Предметмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын æмæ ног методикон мадзæлттæй пайда кæнын ахуыргæнæгæй домынц бирæ зонындзинæдтæ, методикон цæттæдзинад æмæ арæхстдзинад. Нæ хъуыдытæ бафидар кæнынæн æрхæссæм иу-цалдæр дæнцæджы. Литературæйы методикæйы стыр бынат лæвæрд цæуы скъоладзауы уацмыс бамбарынмæ ба-цæттæ кæнынæн (мотивацион уавæр). Коцойты Арсены радзырд «Хъусой» ахуыр кæнгæйæ урочы райдайæны сывæллоны зæрдæйы æнкъарæнтæ бацагайы «Сидзæр лæппу æмæ сæгуыты таурæгъ». Адæймагæн йæ бон нæ бацыд фондзаздзыд лæппуйы зæрдæмæ фæндаг ссарын йæ мады амæлæты фæстæ. Йæ кæуын, йе рдиагмæ йæхи нал баурæдта хъæды фидауц-сæгуыт. Цæрæгойы узæлд æмæ фæлмæн цæстæнгас æрсабыр кодтой сидзæр лæппуйы. Иу каст ма фæкодта йæ хъомылгæнæг сылгоймаг-адæймагмæ æмæ араст, рæвдыд кæмæй банкъардта, уыцы сæгуыты фæдыл. Дарддæр, абарсты руаджы, æрдз æмæ адæймаджы  æхсæн гармони куыд фехæлдзæн, адæймаг æм йæ чъизи къахæй куыд балæгæрддзæн, уымæн æвдисæн радзырд «Хъусой». Скъоладзауты цымыдисдзинад рæзын кæныны фæндагыл асайы Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хорхæссæг». Додти йæ зын фæндагыл цæугæйæ цы Боламæ бæллыд, уыцы тыхджын адæймаг. Тексты иунæг «стъæлфæныл бафу кæнгæйæ» сывæллæттæ базонынц, йæ тых æмæ йæ хъару ирон адæмæн лæггад кæнынæн чи снывонд кодта, уыцы зындгонд хъæбысæйхæцæг Хъаныхъуаты Болайы царды цымыдисаг хабæрттæ. Скъоладзаутæ иу кæнæ иннæ фыссæджы бахъуыды кæнынц цавæрдæр цау кæнæ æнæн-хъæлæджы методикон фæзилæнмæ гæсгæ. Алы фыссæгæн дæр ис йæхи аивадон æрмдзæф. Плиты Грисы сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад рæзын кæнынæн ахъаз сты Дзуккойты Афассæйы мысинæгтæ: «Куысты фæстæ куыддæр нæ хæдзары дуарæй мидæмæ бахызтæн, афтæ дын мæ хъустыл кæцæйдæр сылгоймаджы хъæлæсы зыр-зыр куы ауаид… Лæмбынæгдæр ныхъхъуыстон æмæ мын æй цы базонын хъуыд: Грисы кабинетæй хъуыст зæронд усы дзыназын… Уалынмæ сылгоймаджы дзыназын нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс фæивта. Æз мæ мидзæрдæйæ базыдтон, уымæн дæр йæ уаг æрдæбоны хъæлæсæй кæй уыд. Стæй та мæм сылгоймаджы дывыдон дзыназын æрбайхъуыст авддæлдзæхæй. Ногæй та йæм нæлгоймаг бадзынæзта чысыл бæрзонддæр хъæлæсæй… Суанг боны цъæхтæм фæбадтæн фæсдуар. Райсом раджы Грис дуар фегом кодта… ахæм каст мæм æрбакодта, цыма ныртæккæ зындоны хъизæмæрттæй раирвæзт. Мæ къухы мын гæххæттытæ фæсагъта æмæ загъта: «Хазинка, æнхъæл дæн цыдæр æрцахстон!» Лыстæг фыст сæргондмæ æркастæн æмæ дын мæ къухы «Авд цухъхъайы». Проблемон фарстатæй (Цæмæн? Цæй тыххæй?) райдайæн ис 20, 90-æм азты Хуссар Ирыстоны цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдонимæ баст уацмыстыл дзургæйæ, зæгъæм,  Хъуылаты Созырыхъойы «Музейы». Уый  стыр ахъаз у фыссæджы уацмыс хуыздæр бакæсын æмæ бамбарын кæнынæн. С. А. Гуревичы загъдау, «каждый идет к постижению художественного произведения своим путем. И путей этих столько, сколько учеников в классе».

УАЛЫТЫ Татьянæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.