Ацы бонты Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы уагъд æрцыд гом урок, ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæйы сæргълæудæй.

Урочы темæ уыд Джусойты Нафийы уацау «Сосо бадзуры». Урочы идейæ: Ирыстоны сæрибардзинадыл тохгæнджыты цардвæндагимæ сывæллæтты базонгæ кæнын æмæ сын сæ райгуырæн бæстæм сæ зæрдæты уарзондзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнын.

Гом урокмæ æрбацыдысты лицейы директоры хæстæ æххæстгæнæг Плиты Нелли, РХИ-йы Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса, ацы министрады ирон æвзаджы методист Козаты Ингæ, Нафийы хо Джусойты Клавдия, горæт Цхинвалы администрацийы ахуырады хайады ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Æлборты Эммæ, нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, афтæ ма æндæр уазджытæ дæр.

Гом урок байгом кодта Гæбæраты Фатимæ. Уый бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой Казаны гимназы фæмардуæвджытæ нæмттæ. Уый фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, мах хъуамæ дзурæм Ирыстоны хъайтарыл, хъуамæ сæ хъайтардзинæдтимæ зонгæ кæной рæзгæ фæлтæры. Ахуырдзаутæ Нафийы биографи æмæ сфæлдыстадон цардвæндаг иттæг хорз кæй сахуыр кодтой, уый бæрæг уыд сæ ралæудтытæй. «Джусойты Нафи у бирæ-нымæц чингуыты æмæ æмбырдгæндты автор. Куыд, зæгъæм, «Зæрдæйы ныхас», «Æз райгуырдтæн хохы», «Зын кары», «Æнæном чиныг», «Фыдæлты туг», «Цардивæны», «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн», «Сырдоны цæссыгтæ», «Залты мит» æмæ æндæртæ. Нафийæн йæ зонадон куыстытæ хæццæ кæнынц дыууæ минмæ. Æндæр æвзæгтæй ирон æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ уацмыстæ, уыцы нымæцы Пушкины «Евгений Онегин»-ы дæр», – дзырдтой ахуыргæнинæгтæ.

–  Чи фæнымайдзæн Нафийы куыстытæ. Уый ма уыд æхсæнадон архайæг дæр. Бæллыд йæ Ирыстоны рухс фидæнмæ, фæлæ дзы йæ Фыдыбæстæйы ивгъуыд дæр рох нæ уыд. Уый йæ разы хæс æрæвæрдта, цæмæй, Ирыстоны сæрибардзинадыл йæ цард нывондæн цы хъайтартæ æрхастой, уыдоныл фылдæр ныффысса. Нартыхты Сосо уыд Къуыдаргомы хъайтартæй. Нафи йæ уацау куы фыста, уæд зылдис Къуыдаргомыл æмæ фарста алкæй  дæр, зæгъгæ, Сосойы чи зыдта,  фæндыд æй хъайтары фæлгондз хуыздæрæй равдисын.

20-æм азты Нартыхты Сосоиты къорд тох кодта гуырдзыйы абырджыты ныхмæ. Æххуыс кодтой лигъдæттæн æфцæгыл ахизынæн, гуырдзиæгты бауромгæйæ. Фæлæ нæ адæмæн фæсхохмæ алыгъд дæр хорзæн нæ фæцис. Уым та сæ ирон абырджытæ стыгътой. Уæд сарæзтой милици, Сосо йæхиуыл нæ ауæрста. Иу хатт æрцахста иу абырæджы, кæцыйы бафарста, зæгъгæ, кæцон дæ? Фæлæ йын уый йæ фарстатæн дзуапп нæ лæвæрдта. Уæд ын Сосо загъта, зæгъгæ, ды уазæджы æфсарм дæр нал зоныс. Махмæ, зæгъ, абырæджы фынгæй куыдз дæр нæ исы къæбæр. Ирон лæг уазæгхор никуы уыдис. Цу, æмæ цæр, фæлæ фысау сабыр куыд уай, науæд… Фæлæ абырæгмæ ницы бахъардта. Иу сæумæрайсом Сосо уынджы æрцæйцыд бæхыл æмæ йæ фæрсагæй фехста уыцы абырæг. Бæргæ ма йæм балыгъдысты йе ‘мбæлттæ, фæлæ… Йæ марæджы йын æрцахстой æмæ йын æй уæлмæрды ныффæлдыстой. Сосо,  дам, уыд дзуары хуызæн лæг. Куы амард, уæд ыл цыд æрмæстдæр 28 азы. Йæ мард, мæгуыр, йæ фыдыуæзæгыл дæр нал сæмбæлд. Фæстагмæ Хъасбол зæгъы: Æдт, сгуыхт фыдæл! Ма нын фæтæрс, мах, дæ фæстагæттæ дæр, кæд афтæ æнæрæгъыдзыд нæ разыниккам. Кæд базониккам де сгуыхт æмæ дæ номæн аргъ кæнын дæр, зарæг дыл чи скодта, уыдон зонд æмæ фæдзæхст нæ зæрдыл æцæг ирон лæгау дарын дæр.

Æмæ, æцæгæйдæр, абон сæ ном цæры. Мадзалы рæстæджы æрæмбырдуæвджытæ байхъуыстой Нартыхты Сосо æмæ Дриаты Антъоны зарæгмæ. Нафи йæхæ-дæг тынг рæхст зарынмæ æмæ кафынмæ дæр. Байхъуыстой йын йæхи зардмæ дæр. Экраныл æвдыст цыдысты Нафийы цардæй ист нывтæ æмæ видеоæрмæджытæ. Мадзалы кæрон раныхас кодтой Гаглойты Элиса, Джусойты Клавдия, Козаты Ингæ, Мамиты Ларисæ, Плиты Риммæ, Æлборты Эммæ. Уыдон иууылдæр бузныджы ныхæстæ загътой Гæбæраты Фатимæйæн, ахæм цымыдисон гом урок кæй ауагъта, уый тыххæй. Клавдияйæн скъола-дзау лæппу балæвар кодта дидинджыты баст.

Гæбæраты чызг йæ урочы радзырдта ирон æгъдæуттæй алцæуыл дæр, фæлæ сыл иу уацы æрдзурæн нæй. Урок рауад тынг цымыдисон æмæ мидисджын.

Джиоты Екатерина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.