«Цæмæй саби æнæнизæй рæза, райса хорз хъомылдзинад, уарза йæ бæстæ æмæ адæмы, кæна сын стыр аргъ æмæ кад, уый сæраппонд сывæллæтты рæвдауæндæтты раз дæр лæууы стыр хæстæ». Ахæм ныхæстæй мемæ райдыдта дзурын Знауыры поселочы сывæллæтты рæвдауæндоны хистæр къорды сабиты хъомылгæнæг Хъæцмæзты Нино.

Нино  ардæм кусынмæ æрбацыдис, Цхинвалы паддзахадон университет каст куы фæцис, уæд. Ныр ам кусы иуæндæс азы. Уый кæд афтæ бирæ рæстæг дæр нæу, уæддæр Нинойæн дзæвгар сырæзт сабиты хъомыл кæныны хъуыддагмæ йæ фæлтæрддзинад. Æрвылбон дæр йæ бæрны уæвæг ссæдз сабийыл фембæлы хорз зæрдæйы уаг æмæ æнкъарæнтимæ. Афтæ сыл баузæлы, æмæ кæд иуæй-иу сабитæ рæвдауæндонмæ фæцæуынц зивæггæнгæ, уæддæр сын уыцы зæрдæйы уаг раивы хорзæрдæм.

Нино йæ куысты стырдæр хъусдард здахы йæ бæрны уæ-вæг сабиты æнæниздзинадмæ. Искæмæ дзы йæ зæрдæ куыддæр фехсайы, афтæ рæвдауæндоны медицинон хоимæ басгарынц сабийы æмæ кæд бахъæуы уавæр ныййарджытæн фехъусын кæнын, уæд сын фехъусын кæнынц. Ахæм ахасты фæрцы рæвдауæндоны нæ вæййы, низ кæмæн сытынг вæййы, ахæм сабитæ.

Нино йæ куыст кæй уарзы, æппынæдзух æнтыстытæм кæй тырны, уый ма бæрæг у уымæй дæр, æмæ йын хорз ахаст кæй ис йæ бæрны уæвæг сабиты ныййарджытимæ. Сæрыстыр дæр кæмæй у, арæхдæр  йæ сабийы тыххæй чи бацымыдис кæны, Ниномæ йе ‘ххуысы къух чи фæдары, уыдоны ‘хсæн сты Гатыгкоты Нана, Семенова Елена, Хуцишвили Нино, Хараули Кристинæ, Цыбырты Дианæ   æмæ æндæртæ.

                                                                   ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.