НОМАРÆН ТУРНИР БОКСÆЙ

Горæт Ивановойы уагъд æрцыд Советон Цæдисы спорты сгуыхт дæсны Василий Кудрявцевы номарæн турнир боксæй. Ерысты хайад райстой Эстони, Литва, Латви, Белоруси, Хуссар Ирыстон  Уæрæсе æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы спортсментæ. Нæ республикæйы минæвæрттæ рамбылдтой 3 сыгъзæрин æмæ иу та бронзæ майдан. Фыццаг бынæттæ бацахстой Уалыты Алан (75 кг), Тыбылты Тамерлан (69 кг) æмæ Бестауты Аслан (41 кг). Уалыты Алан финалы тыхджындæр уыд РЦИ-Аланийы спортсменæй, Тыбылты Тамерлан сæйраг тохы рамбылдта Донецкы Адæ-мон Республикæйы минæвары æмæ Бестауты Алан та финалы фæуæлахиз Ивановы областы боксерыл.

«Турнирмæ нæхи цæттæ кодтам сæрмагондæй. Финалы онг бахæццæ стæм, цыран нын уыд уæззау тохтæ. Нæхи хъаруджынæй равдыстам æмæ нæ бон ссис рамбулын. Нæ тренертæ нæ баззадысты райгондæй», – загъта Уалыты Алан.

Хорз йæхи равдыста нæ командæйы иннæ минæвар Æлборты Сослан дæр. Ацы хатт та уый ссис бронзæ майданы хицау. Æртыккаг бынат бацахсыны тохы тыхджындæр уыд бынæттон боксерæй.

Сæ хъомылгæнинæгты архайдæй райгондæй баззадысты тренертæ Хаситы Владислав æмæ Санахъоты Аслан. «Ацы турниры фыццаг хатт райстам хайад. Тынг райгондæй баззадыстæм йæ организатортæй, кæцытæ нæ райстой хорз. Уыдонæн сæ зæрдæмæ фæцыд нæ архайд æмæ нæ фæхуыдтой фидæн азы турнирмæ дæр», – банысан кодта Санахъоты Аслан.

Ныр хуссарирыстойнаг спортсментæ сæхи цæттæ кæндзысты Дзæуджыхъæуы горæты чемпионатмæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.