РАНЫХАС КОДТА ПЛЕНАРОН РАБАДТЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин раныхас кодта АСЕАН Хуссар Скæсæн паддзахадты ассоциацийы саммиты, кæцы уагъд æрцыд Сингапуры. «Уæрæсе стыр хъусдард здахы АСЕАН-имæ ахастыты рæзтмæ кæрæдзийы интерестæ хынцгæйæ. Махæн бирæ бантыст саразын. Фæактивондæр политикон диалог, нæ ахастытæ равдисæм регионалон стабилондзинады тыххæй сæйрагдæр проблемæты, фæсидтытæ æмæ тасдзинæдты фæдыл. Тыхджындæр кæнæм æмгуыстад терроризм, наркотрафик, фыдракæндты ныхмæ тохы. Рæзынц экономикон бастдзинæдтæ. 2017 азы Уæрæсе æмæ АСЕАН-ы ‘хсæн товарты æрзылд фæфылдæр 35 проценты. Æнтыстджынæй æххæст цæуынц иумиаг проекттæ алы æмæ алы фадгуыты», – дзырдта Путин. Саммиты фæлгæтты уæрæсейаг президентæн фембæдтытæ уыд АИШ-ы вице-президент Майк Пенс, Хуссар Кореяйы президент, Тайланды премьер-министр æмæ бирæ æндæртимæ.

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТА БЮДЖЕТЫ ПРОЕКТ

УФ-йы Паддзахадон Думæ дыккаг бакасты хорзыл банымадта 2019-2021 азтæн бюджеты проект. Йæ сæйраг хицæндзинад ис уый мидæг, æмæ 2012 азæй фæстæмæ бюджет кæй суыдзæн профицитон. Фидæн аз паддзахадон бюджеты æфтигæтæ уыдзысты 19,9 трилуан сомы, 2020 азы  20,2 трилаун сомы æмæ 2021 азы та – 20,9 трилуан сомы. Афтæмæй, 2019-2021 азты бюджеты профицит уыдзæн æмткæй мидæггагон продукцийы 0,8% -1,8% . Прогнозмæ гæсгæ, инфляци 2019 азы уыдзæн 4,3%, 2020 азы  3,8%, æмæ 2021 азы та – 4%.

КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фембæлд Кубæйы æфсæддон ведомствойы сæргълæууæг Леопольдо Синтра Фриасимæ. Уæрæсейаг министр банысан кодта, зæгъгæ, дыууæварсон бастдзинæдтæ сфидардæр кæнынæн егъау импульс радта 2-æм ноябры Мæскуыйы УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Республикæ Кубæйы Паддзахадон сæрдар Мигель Бермудесы фембæлд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæ паддзахады ‘хсæн æдзухон бындурыл уагъд цæуы интенсивон æмæ конструктивон политикон диалог. Фембæлды рæстæджы дыууæ коллегæйы æруынаффæ кодтой Уæрæсе æмæ Кубæйы хъахъхъæны-надон ведомствоты æмгуыстады фарстытыл.

АЦЫДЫСТЫ ОТСТАВКÆЙЫ

Дыууæ израилаг министры отставкæйы ацыдысты Газæй секторы фидыдад расидыны тыххæй. Интеграцийы министр, парти «Нæ хæдзар Израиль»-ы уæнг Софа Ландвер дæр куырдиат балæвæрдта отставкæйы ацæуыны тыххæй ацы партийы лидер Авигдор Либерманы фæстæ. Либерман отставкæйы ацыд Газæй секторы палестинæйаг боевикты ныхмæ хæстон архайдтытæ æруромынимæ разы кæй нæу, уый тыххæй. Уый сидт ХАМАС-ы карз цæф ныккæнынмæ. Либерман фехъусын кодта, зæгъгæ, парти «Нæ хæдзар Израиль» хизы къухдариуæггæнæг парламентон коалицийæ æмæ сиды куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр парламентон æвзæрстытæ ауадзынмæ.

СПАЙДА КОДТОЙ КАССЕТОН БОМБÆТÆЙ

Сирийы дунеон коалици, йæ сæргъ Иугонд Штаттæ, афтæмæй, спайда кодтой кассетон бомбæтæй. НАТО æмæ йе ‘мцæдисонтæ бомбæтæ æрæппæрстой Дейр-эз-Зоры провинцийы дыууæ цæрæн пунктыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард æмæ фæцæфтæ сты сабыр цæрджытæ. Кассетон бомбæтæй пайда кæныны бар нæй дунеон закъондæттынадмæ гæсгæ, егъау пырхгæнæн тых сын кæй ис, уымæ гæсгæ. Сирийаг дзыллон информацийы фæрæзтæ регулярон æгъдауæй хъусын кæнынц коалици дзыллон æгъдауæй куынæггæнæг хæцæнгæрзтæй кæй пайда кæны, уый тыххæй, сæрмагондæй уыдон арæх спайда кæнынц урс фосфорæй.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Томскы областы цæрæг сылгоймаг ИГИЛ-æн ахынцыдта иу милуан сомы. Æдасдзинады федералон службæ баурæдта дыууæ сылгоймаджы. Уыдонæй иу у Томскы областы горæт Стрежевойы цæрæг, кæцы кусы операторæй компанитæй сæ иуы. «Бафарсты рæстæджы уый бафидар кодта банджы картæ саразыны факты тыххæй, кæцыйы радта Германы цæрæг сылгоймагмæ, цæмæй уый йæ бахæсмæ гæсгæ ахынцыдтаид æхцайы фæрæзтæ террористон къордтæн.

БЫЦÆУТÆ БРИТАЙНАГ ХИЦАУАДЫ

Бритайнаг министрты кабинет ныддихтæ. Бирæтæ «Брекзиты» тыххæй сразыдзинад нымайынц куыд стыр рæдыд, афтæ. Тереза Мэй Евроцæдисимæ бадзырды тыххæй лыстæггай куы радзырдта, уæд ыл худын райдыдтой. Сæрмагондæй, уым хынцыд æрцыд, зæгъгæ, Стырбритани ацæудзæн цæдисæй, план куыд уыд, афтæ марты мæйы, фæлæ 2020 азы кæронмæ архайдзæн фæлдзæуæн æмгъуыд, кæцыйы рæстæджы алцыдæр баззайдзæн раздæр куыд уыд, афтæ: иугонд базар, таможнæйон уагæвæрдтæ, æмæ Лондон дарддæр дæр фиддзæн фиддонтæ Евроцæдисы бюджетмæ. Скъуыддзаг не ‘рцыд иууыл риссагдæр фарст – Цæгат Ирландиимæ арæны тыххæй. Уыимæ бритайнаг хицауады цыппар министры фехъусын кодтой отставкæйы ацæуыны тыххæй «Брекзиты» проекты тыххæй се ‘нæразыдзинад равдисгæйæ.

НОГ САНКЦИТÆ

АИШ санкцитæ бакодтой Саудоваг Аравийы 27 æмбæстаджы ныхмæ журналист Джамаль Хашукджийы амарыны тыххæй. Санкциты номхыгъдмæ чи бахауд, уыдоны ‘хсæн сты Саудоваг Аравийы принцы æххуысгæнæг Сауд аль-Катани æмæ Туркы генералон консул Мохаммед аль-Отайби.  «Санкцитæ кæй ныхмæ бакодтам, уыцы саудоваг чиновниктæ нысанмæздæхтæй æгъатыр мард акодтой журналисты, кæцы цард æмæ куыста Иугонд Штатты. Уыдон хъуамæ сæмбæлой сæ архайдтыты серьезон фæстиуджытыл», – загъта АИШ-ы финансты министр Стивен Мнучин.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.