Президент Бибылты Анатоли Згъудеры уæлмæрды дидинджытæ сæвæрдта Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг, композитор, музыкæиртасæг Хаханты Дудары цыртдзæвæныл. 

Зæрдылдарæн мадзалы, кæцы арæзт æрцыд номдзыд композиторы 100 азы юбилейы цытæн, хайад райстой Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, æндæр официалон адæм, Цæгат Ирыстонæй уазджытæ – композитор Макоты Ацæмæз, Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Кубалты Эльбрус, курдиатджын композиторы фырты фырт Хаханты Дауыт.

Мыггаджы номæй Хаханты Дауыт бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн æмæ æппæт æрæмбырдуæвджытæн сæ хъусдарды тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Хаханты Дудары егъау музыкалон сфæлдыстад хъуамæ цæра æмæ хъуыса, цæмæй æвзонг фæлтæрæн фадат уа йемæ зонгæ кæнынæн.

Хаханты Дудар у бирæнымæц уацмысты, æппæт музыкалон жанртæ – пьесæтæ, симфонитæ, концерттæ, драмон театртæн, музыкант уыцы нымæцы фыццаг ирон опереттæйы автор. Хаханты Дудар стыр хайбавæрд бахаста ирон национ культурæмæ. Йæ музыкæйыл схъомыл ис музыкантты, хъусджыты æмæ фидæны композиторты бирæ фæлтæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.