Раздæр нæ хæхбæсты адæм куырæйттæ цæугæдæттыл арæзтой. Ныр дæр ис ахæм чысыл куырæйттæ, фæлæ кусынц электроэнергийæ. Фæлæ ис нырма доныл арæзт куырæйттæ дæр.

Чысыл куырой ис нæ горæты фаллагфарс районы. Уый бон дæтты дыууæ голладжыдзаг хæрзгъæд ссад. Сæ хойраджы дзæкъултæ ардæм хæссынц канд горæты цæрджытæ нæ, фæлæ хъæутæй дæр. Куырой иууылдæр у йæ хицау Туаты Графæн йæхи къухæй арæзт. «Цæуы нæм тынг бирæ адæм, Знауыры районы хъæутæй Цхинвалы районы Дменис, Сатихъар, Хелцуа æмæ æндæр рæттæй. Хæссынц нæм æппæт хуызы хортæ дæр, фæлæ  фылдæр – нартхоры ссад. Уымæй цæрджытæ тынг пайда кæнынц. Фæстаг рæстæджы куырой ныссыгъдæг кодтам æмæ ссадтам æрмæстдæр къæлуа Майрæмкуадзæнмæ», – радзырдта нын Туаты Зариффæ, Графы бинойнаг. Куырой бинонтæ дарынц 40 азы бæрц. Зариффæ Цхинвалы районы Цъипоры хъæуæй рацæугæ у. Уым, сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй уыд 12 куыройы бæрц, куыстой донæй. Ацы бинонтæ дæр куыройы фыдтæ уыр-дыгæй рахастой.

Ис ма куырой Ленингоры трассæмæ хæстæг Æрдзынарæджы хъæуы. Раздæр ацы хъæу хуынд Чънарет. Цалдæр азы размæ йæ раивтой, фæлæ йæ уæддæр йæ зæронд номæй хонынц. Ацы хъæуы ма баззад цæргæйæ æрмæстдæр æртæ бинонтæ. «Æз хорз хъуыды кæнын, нæ комы адæмæй азмæлæн куыннæ уыд. Хъæуы алкæцы мыггагæн дæр уыд йæхи куырой. Сæ фыдтæ та сæ зилынæй никуы лæууыдысты. Ныр ацы комы нарæджы цы æртæ бинонтæ баззадыстæм, уыдон нæ бонтæ æрвитæм, нæ рагон фыдæлтæ куыд цардысты, афтæ. Стæм хатт нæм фæзыны уазджытæ, фæлæ уыдон æрмæстдæр фосæлхæнджытæ вæййынц, науæд та доныкуырой куыд кусы, уый кæй цымыдис кæны, ахæмтæ», – зæгъы Утарты Венерæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй доныл куырæйттæ сыстæм сты, цы куырæйттæ кусынц ранæй рæтты, уыдон рахызтысты электроэнергийæ кусгæ куырæйттæм. Стæй сæ тынг пайда дæр нал кæнынц – ныры дуджы адæм ссад æлхæнынц цæттæйæ.

Фæлæ доныл куыройы æрысгæ ссад у  хæрзаддæр. «Уæймæ дзы ахæссын горæтмæ, иу хатт дзы чи балхæны, уыдон мæ ноджы фæдомынц, цæмæй та сын ноджы æрхæссон. Фæлæ хъæуæй горæтмæ æхсæнадон транспорт нæ цæуы, Бихъармæ та ныццæуын хъæуы æртæ километры бæрц. Кæддæр нæм автотранспорты управленийы кусджытæ уыдысты, сæрмагонд рейсæй нын баныфсæвæрдтой, цалдæр хатты нæм æрбацыд автобус, фæлæ стæй бынтондæр æрбайсæфт», – радзырдта Венерæйы æмкъай Чиаты Васили.

Цардæмбæлтты сæ фырт горæтмæ кæны, фæлæ нæ разы кæнынц. Цы хъуамæ араза уым, цæрæнбонты, хъæуты чи схъомыл, ахæм адæймаг. Цæугæдон цæуы Чиаты бинонты цæхæрадоны иувæрсты. Дарынц фос, æрзайын кæнынц халсæрттæ. Тыхсын сæ кæны æрмæстдæр сæ хæдзары мæгуырау уавæр. Йе ‘мбæрзт у раивинаг, нал уромы дон æмæ къæвдабон хæдзары æфсин хуыссæнтæ бамбæрзы целлофанæй. Уымæ гæсгæ домынц, цæмæй сын йæ раивыны баххуыс кæна хицауад.

Уазӕгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.