РХИ-йы Генералон прокуратурæйы сæргълæууæг хыгъд радта аивгъуыйгæ азы куысты тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйæн уыд хыгъдон коллеги, кæцыйы куысты хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Уæлдæр тæрхондоны Сæрдар Коцты Олеся.

Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг райдианы коллегийы хайадисджыты базонгæ кодта йæ барамындтимæ. Уыцы барамындтæм гæсгæ Ленингоры районы прокурорæй нысан æрцыд Хъуылымбегты Алан. Алан уый размæ куыста прокуратурæйы æфхæрд æххæст кæныны фæдыл хъусдарды прокурорæй. Ныр уыцы бынатмæ та нысан æрцыд Гуырцъиаты Дауыт, кæцы раздæр куыста Ленингоры районы прокуроры æххуысгæнæджы хæстæ æххæстгæнæгæй.

2009 азæй 2012 азмæ нæ республикæйы территорийыл бæрæг объектты æндидзынгæнæн куыстытæ  цы арæзтадон организацитæ æххæст кодтой, уыдон Хуссар Ирыстоны бюджетмæ нæ бахастой 700 милуан сомæй фылдæр хъалонтæ. Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ, горæт Цхинвалы регистрацигонд цы индивидуалон амалиуæггæнджытæ æмæ юридикон цæсгæмттæ  ис, уыдоны 90 процентæн ис бафидинаг хæстæ, рæстæгыл сæ хъалонтæ кæй нæ фыстой, уымæ гæсгæ.  Уыдон 2009-2012 азты райстой финансон фæрæзтæ, рæстæгыл нæ фыстой хъалон æмæ афтæмæй ацыдысты Хуссар Ирыстоны территорийæ.

Хуссар Ирыстоны территорийыл амалиуæггæнæджы куыст чи кодта, юридикон æмæ физикон цæсгæмттæй бюджетмæ æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ чи нæ ахынцыдта, уыдоны фæдыл æмбæлон куыст кæныны фæстиуæгæн рабæрæг сты уыцы факттæ.

Дзæгъиаты Уырызмæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ президенты бахæсмæ гæсгæ бæрæг цæуынц Хуссар Ирыстоны Æндидзынады проекттæ реализаци кæныны фæдыл паддзахадон комитет, Паддзахадон унитарон куыстуат «РХИ-йы Цæрæн объекттæ æндидзын кæныны фæдыл управлени» æмæ арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Гъаристау»-æн сæрмагонд хъыгъдæй цы фæрæзтæ хицæн æрцыд, уыдон куыд эффективон æмæ нысанмæздæхтæй хардз æрцыдысты, уый. 2011 азæй 2015 азмæ цæрæнуæтты арæзтад æмæ æндидзынады фæдыл уæд хицæн æрцыд 179 461 000 сомы бæрц.

Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ уыцы обекттæ уыдысты 45. Уыдонæн сæ сметæтæ æмæ хыгъдон документаци æрцыдысты ист. Бæрæг æрцыдысты бакæн-гæ куыстыты гуырахст æмæ аргъ. Куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ уыцы куыстыты аргъмæ бафтыдæуыд 18 790 398 сомы бæрц. Уый ма рæгъмæ рахаста ноджы къорд арæзтадон фирмæты куыст, кæцытыл сбæрæгчындæуыд финансон фæрæзтæй нысанмæз-дæхтæй кæй не спайда кодтой, уыцы факттæ. Уыдоны фæдыл æрмæджытæ цæттæ цæуынц РХИ-йы Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управленимæ сæ адæттынмæ.

Генералон прокуратурæ ма хыгъдон аз Паддзахадон æдасдзинады комитетимæ иумæ кодта Пенсион фонды финансон фæрæзтæ хардз кæныны закъондзинад.

Уымæй дарддæр ма уголовон хъуыддаг конд æрцыд горæт Цхинвалы администрацийы цæрджыты социалон æгъдауæй хъахъ-хъæныны управленийыл. Уым рабæрæг финансон фæрæзты давыны факт, кæцытæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаиккой пособиты хуызы.

Генералон прокурор ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Контролон-нымайæн палатæимæ иумæ бабæрæг кодтой паддзахадон уагдон «Водоканал»-ы финансон-хæдзарадон архайд, цыран рабæрæг куыстыты гуырахст фылдæр кæныны факттæ. Уголовон хъуыддаг ма баконд æрцыд паддзахадон унитарон куыстуат «Югосетнефтепродукт»-ыл дæр, æртаг давыны факты фæдыл.

Хуссар Ирыстоны Парламенты бахæсмæ гæсгæ прокуророн басгæрсты фæстæ, гом акционерон æхсæнады фæдзæхстон компани «Югоосетгосстрах» æнæзакъонæй хисæрмагонд исадмæ кæй ахызт, уымæ гæсгæ йæ фæдагурæн органтæ æрбаздæхтой паддзахадон исадмæ.

Генералон прокуратурæйы хыгъдон коллегийы куысты рæстæджы 2018 азы сæ куыстæн хыгъд сарæзтой прокуроры хæдивджытæ, хайадты сæргълæуджытæ, æфсæддон прокурор, Дзау, Знауыр æмæ Цхинвалы районты прокурортæ.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли республикæйы Генералон прокуратурæйы куыстæн скодта æвæрццаг аргъ. Сæ разылæууæг хæстæ кæд æххæст цæуынц, уæддæр æрсидт йæ кусджытæм, цæмæй сæ хъусдард фылдæр аздахой экономикон фыдракæндтæм. Уымæй дарддæр ма фæтк æрæвæрын хъæуы амалиуæгады фадыджы, фæкарздæр хъæуы мадзæлттæ хъалонтæ ахынцыны хъуыддаджы.

Алкæцы амалиуæггæнæг дæр, зæгъгæ, йæ кусджытæн хъуамæ фида куыстмызд, уымæй  дæр æмбæлон ахыгъдтæ хъуамæ кæной Пенсион фондмæ, цæмæй фидæны æмбæлон пенсийæ ифтонг цæуой уыдон дæр. Сæйраг хъусдард ма Президент аздæхта паддзахадон исады объектты фæдыл арендæйы ахастыты фарстмæ. Уымæн æмæ уыцы арендæйæ республикæйы бюджетмæ цæуы чысыл суммæ, æмæ йæ уыцыиу рæстæджы арендатор та субарендæйы дæтты стыр æргътæй.

Ацы фарсты фæдыл бæстæйы Генералон прокурор бахатыд хицауадмæ, цæмæй куыст æрцæуа паддзахадон исады объекттæ хицæн адæймæгтæм арендæйы дæттыны фæдыл ног фæткойтæ æмæ тарифтыл.

Президент Бибылты Анатоли ма йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, алчи дæр нæ цы ахсджиаг æмæ бæрнон куыст кæны, уый ахъазгæнæг уыдзæн не ‘хсæнад æрбангом кæнынæн, нæ бæстæйы райрæзтæн. Æдасдзинад æмæ барадон фæткæвæрды хъуыддаджы уæхс-куæзæй чи архайы, уыдонæн ноджыдæр загъта æнтысты фæндиæгтæ.

«Кæд æмæ махæй алчи дæр, йæ алы къахдзæф  акæнгæйæ,  йæ  алы  бакæнгæ хъуыддаджы паддзахадон интерестæ æмæ адæмы интерестæ хынца, уæд махæн нæ къухы æппæт дæр бафтдзæн», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Мадзалы кæрон Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы фыццаг ведомствæйон хорзæх – «Прокуратурæйы системæ рæзын кæнынмæ йæ аккаг хайбавæрд æмæ йæ архайдæн ахъаз кæныны цытæн» майданæй хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.