Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы кусджыты профессионалон бæрæгбоны цытæн киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой Президент Тыбылты Леонид, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ.

Цытджын æмбырды республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта 2016 азы прокуратурæйы органты куысты фæстиуджытимæ.

Генералон прокурор йæ хыгъдон доклады хæдразмæ арфæ ракодта æрлæугæ азы райдианы æмбæстагон æмæ динон бæрæгбонты фæдыл. Хæрзиуджытæ, æнæниздзинад, стабилондзинад æмæ бæстæйы размæцыды фæндиæгтæ загъта нæ æмбæстæгтæн æмæ республикæйæн. Прокуратурæйы кусджытæ æмæ ветерантæн та раарфæ кодта, æрæджы сæ профессионалон бæрæгбон кæй уыд, уый фæдыл. Банысан кодта, Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы сæргъ чи лæууыд вазыгджын, æндыгъд политикон рæстæджы, сæ профессионалон хæс намысджынæй чи æххæст кодта, уыдоны ‘хсæн, дзæнæттаг Цгъойты Мераб æмæ прокуратурæйы æндæр къухдариуæггæнджыты, ветеранты, кæцытæ аккаг æмæ профессионалон фæд ныууагътой Хуссар Ирыстоны барвæтк æмæ закъондзинад фидар кæныны хъуыддаджы.

Республикæйы Генералон прокурор 2016 азæн йæ хыгъдон доклады, сæйраджыдæр, банысан кодта фыдракæндты ныхмæ тох, фыдракæндон архæйдтытæй æмбæстæгты бахъахъхъæнын, барвæтк фидар кæнын, зæгъгæ, адон сты барадхъахъхъæнæг органты архайды сæйраг здæхæнтæ кæдфæндыдæр. Уымæ гæсгæ бæрæг у, 2015 азимæ абаргæйæ, Хуссар Ирыстоны 2016 азы фыдракæндты ныхмæ тох кæныны барадхъахъхъæнæг органтыл цы хæстæ ис, уыцы æвæрццаг динамикæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл 2016 азы регистраци æрцыд 244 фыдракæнды. 2015 азмæ абаргæйæ, 79 фыдракæнды фылдæр. Уыцы алыгъуызон фыдракæндты раргом кæнын 2015 азы уыд 75 проценты, хыгъдон азы та – 80,3 проценты. Дарддæр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уголовон фæдагуырды хаххыл 2016 азы регистраци æрцыд 176 фыдракæнды, 2015 азы та – 118.

«Уыдонæй хыгъдон азы раргом æрцыд 135, 2015 азы та – 79 фыдракæнды. Уæззау фыдракæндтæ 2015 азы регистраци æрцыд 75 æмæ 2016 азы та – 90, ома, 15 фыдракæнды фылдæр. Сæ раргом кæныны хъуыддаг 2015 азы уыд 57 проценты æмæ 2016 азы та – 65,5 проценты», – дзырдта прокурор.

2015 азы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, фыдракæндон архæйдтытæ нæ территорийыл ацы аз фылдæр сты. Фæлæ сæйраг катайдзинад уый у, æмæ кæй фæфылдæр уæззау фыдракæндты нымæц. Прокуроры ныхæстæм гæсгæ, уыцы уæззау фыдркæндты раргом кæныны хъуыддаг хуыздæр у, уыцы нымæцы æндæр фыдракæндтæ раргом кæныны дæр. Къаддæр кæны æнæзакъонæй наркотикон буарадтæ парахат кæныны фадыджы регистрацигонд фыдракæндты нымæц дæр.

Дзæгъиаты Уырызмæг ма æрдзырдта, Республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты мадзæлтты тыххæй барадон актты закъондзинад æмæ куыд æххæст цæуынц, уый фæдыл РХИ-йы прокуратурæйы сæрмагонд хайады куыстыл.

«Ацы здæхты активонæй куыст дарддæр цæуы РХИ-йы Президенты 2012 азы 27 апрелы уагæвæрдмæ гæсгæ, бюджетон инвестицитæ æххæст кæнын æмæ социалон-экономикон рæзты нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы финансон фæрæзтæй куыд пайда цæуы, уыдон бæрæг кæнын», – банысан кодта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ивгъуыд аз прокуратурæйы хайад, Республикæйы Контролон-нымайæн палатæ, Мидхъуыддæгты министрад æмæ æндæр хъусдарды контролгæнæг органтимæ æнгом æмархайды руаджы уагъд æрцыд 17 басгæрсты, подрядон-арæзтадон организациты финансон-хæдзарадон архайдыл, кæцытæ архайдтой фæндагон-хæдзарадон нысаниуæджы объектты æмæ республикæйы цæрæнуатон фонды 2012 азмæ арæзтадон-монтажгæнæн куыстыты.

«Басгæрсты алы æрмæджы фæдыл дæр ист цыдысты мадзæлттæ, сæрмагондæй, бацæт-тæ æрцыд хатдзæгтæ æмæ æрвыст æрцыдысты фæдагурæн управленимæ. Бюджетон фæрæзтæ давыны факты фæдыл гæнæн ис, æмæ конд æрцæуа уголовон хъуыддæгтæ. Раздæры бакæнгæ уголовон хъуыддæгтæм ма бафтыд басгæрсты цыппар æрмæджы, æртæйы фæдыл дзы хаст æрцыд, рабæрæггонд цухдзинæдтæ аиуварс кæныны скъуыддзаггæнæнтæ», – загъта Уырызмæг.

Республикæйы Генералон прокурор ма æрдзырдта, фыдракæндтæ саразыны фæдыл аххосджынтæ æмæ уголовон æфхæрд чи хæссы №1 рарастгæнæн колонийы æмæ Мидхъуыддæгты министрады рæстæгмæдарæн изоляторы, уый тыххæй. Прокуратурæйы сæрмагонд хайад ауагъта басгæрст закъондзинад куыд æххæст цæуы, уый фæдыл. Сæйраг хъусдард здæхт æрцыд, ахæстæтты дарыны режим куыд æххæст цæуы, рæстæгмæдарæн изоляторы цы æмбæстæгтæ ис, уыдон бартæ æмæ закъонон интерестæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уымæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфхæрд баййафæг фыдгæнджытæ вæййынц колонийы, хъомылгæнæн колонийы, иумиаг, карз æмæ сæрмагонд режимы колонийы, науæд ахæстоны. Фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ, алы режимы æппæт хуызы ахст æмбæстæгтæ рарастгæнæн колонийы сты æмхуызон уавæрты. Басгæрстыты фæстиуæгæн рарастгæнæн колонийы уавæртæ дзуапп нæ дæттынц ахæстты рараст кæнын æмæ раст фæндагыл слæууын кæнынæн, уымæн æмæ алы категорийы тæрхон кæмæн ис, уыдон сты иумæ.

Нысан ма æрцыд рарастгæнæн колонийы бæстыхайы аварион уавæр дæр.

Республикæйы прокуратурæйы куыстæн хатдзæгтæ аразгæйæ, Дзæгъиаты Уырызмæг банысан кодта: «Æхсæнадон-политикон стабилондзинад у нæ иумиаг нысан æмæ домы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент равзарыны æвзæрстытæм æмбæлон бацæттæдзинад. Сæвзæргæ æхсæнадон-политикон уавæрты сæйраг аудинаг сты социалон æн-дыгъдады ратæдзæнтæ. Уыдон абон хъуамæ бæлвырд æрцæуой æмæ алкæйы къахдзæфты фæдыл дæр арæзт хъуамæ æрцæуа системæ æмæ æвзæрстыты агъоммæ спекуляци нейтрализаци кæныны фæтк», – банысан кодта Уырызмæг.

Цытджын æмбырды дарддæр ныхасы рацыд бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид. Уый раарфæ кодта прокуратурæйы кусджытæн сæ профессоналон бæрæгбоны цытæн, бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы прокуратурæйы органты ветерантæн, Райгуырæн бæстæйы хæрзæбонæн бирæ азты намысджынæй æмæ растæй чи службæ кодтой, æппæт уыдонæн.

«Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органтæ сæ сырæзтæй фæстæмæ æдзухæй фидар кæнынц сæ сæрмагонд нысаниуæг закъоны уæлиондзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы, нæ республикæйы территорийыл закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæнын, нæ бæстæйы æмбæстæгты конституцион бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæнын. Ныфс мæ ис, æмæ дарддæр дæр намысджынæй æмæ удуæлдайæ кæй æххæст кæндзыстут уæ бæрныуæвæг хæстæ, бæрзонд бæрндзинад æвдисгæйæ, æдзух уæ профессионалон фæлтæрддзинад æххæстгæнгæйæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фæахъаз уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæзтады хъуыддагмæ нæ егъау хайбавæрд бахæссынæн», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ закъоны раз алчидæр æмбар у, æмæ прокуратурæйы куыст дæр хъуамæ уа æргом. Закъоны раз алчидæр æмбар кæй у, зæгъгæ, уымæ гæсгæ Генералон прокуратурæйы куысты нæй фæлгæттæ.

Тыбылты Леонид йæ раныхасы кæрон арфæ ракодта республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæгæн йæ юбилеон райгуырæн боны фæдыл, фидар æнæниздзинад æмæ æппæт хæрзиуджыты фæндиæгтæ йын бауарзта йæ цæст.

Уый фæстæ прокуратурæйы иуæй-иу кусджыты схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй.

Цытджын мадзал адарддæр бæрæгбонон концертæй.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.