Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрæг Джиголаты Харитон æмæ йæ цардæмбал Залдайы хъæуккаг Гæбæраты Заретæ сæ цард баиу кæнын куы сфæнд кодтой, уæд æвзæнгтæн арфæтæ кодтой, зæгъгæ, иумæ бирæ азты фæцæрут, кæрæдзиæмбаргæ, æнæниз æмæ æнæмастæй.

Харитон гуыргæ Цхинвалы районы Годжиты хъæуы ракодта. Уæд Ирыстоны хæххон хъæутæ се ‘ппæт дæр адæмæй семыдзаг уыдысты. Иууылдæр цардысты æнгом æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, цыфæнды хъуыддæгты дæр стыр æххуыс уыдысты сæ кæрæдзийæн. Харитонæн йæ фыд Хардзен æмæ йæ мад Дыгъуызты Еленæ дæр хъæубæсты ‘хсæн нымад адæм уыдысты, уарзтой се ‘хсæн цæрын, фæлæ сæ æввахс хæстæджытæй цалдæр цард Дменисы хъæуы æмæ уыдон дæр сфæнд кодтой уырдæм цæрынмæ æрцæуын. Сыхæгтæ сын бæргæ  фæбуцтæ кодтой, фæлæ бамбæрстой, бинонтæ кæй нал аивдзысты сæ фæнд æмæ сæ æнкъард æмæ цæссыгкалгæ, фæлæ арфæйы ныхæстимæ афæндараст кодтой.

Ног бынаты цард саразын хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Арæх дзы, æнхъæл цы нæ уай, ахæм зындзинæдтæ фæзыны. Зындзинæдтæй хызт нæ уыдысты Хардзен æмæ Еленæйы бинонтæ дæр, фæлæ сабыргай райдыдтой сæ цард аразын сæ хиуæттæ æмæ сæ ног сыхæгты фæрцы. Хардзен æмæ Еленæ аныгъуылдысты кол-хозы æмæ сæхи хæдзаргæрон зæххыты куыстыты, скодтой фос æмæ сæ царды уавæртæ бонæй-бонмæ хуыздæр кодтой. Бауарзтой сæ сæ ног сыхæгтæ дæр æмæ-иу сæ исты æххуыс куы бахъуыд, уæд-иу балæууыдысты сæ уæлхъус. Сæ кæстæртæ дæр фесты æххуысхъом æмæ уæд сæ уавæртæ кодтой рогдæр.

Иу бон сæ сыхæгтæм Залдайы хъæуæй æрцыдис уазджытæ. Уазджыты ‘хсæн уыд æвзонг чызг Гæбæраты Заретæ. Уазджытæн чи лæггад кодта, уыдонæй иу уыд, ирон æгъдæутæ хорз чи зыдта æмæ ныхас кæнынмæ рæвдз чи уыд, иу ахæм, æвзонг лæппу Джиголаты Харитон.

Уазджытæ ацыдысты. Цыдысты бонтæ дæр, къуыритæ, фæлæ Харитон æмæ Заретæйы æнкъарæнтæ кодтой цырынæй-цырындæр. Иу бон Харитон йæхинымæр загъта: «Хъуамæ ма иу хатт фембæлон, мæ зæрдæмæ арф чи ныххызт, æхсæв фынæй кæй тыххæй нал кæнын, уыцы чызгимæ». Æмæ афтæ дæр бакодта. Сæ фыццаг фембæлд, сæ зæрдæты фæндиаг дæргъвæтин нæ рауад, фæлæ уæдæй фæстæмæ æмбæлдысты арæхдæр. Банкъардтой, æнæ сæ кæрæдзи сæ бон кæй нал бауыдзæнис æмæ сæ фæндон фехъусын кодтой сæ ныййарджытæн. Ахæм хабар алы ныййарæгæн дæр æхсызгон у. Цины æмæ æхсызгондзинады æнкъарæнтæ банкъардтой Харитон æмæ Заретæйы ныййарджытæ – Хардзен, Еленæ, Кимыц æмæ Багаты Нуца дæр æмæ кæд сæ бирæ даринæгтимæ сæ бон дардыл чындзæхсæв скæнын нæ бацис, уæддæр дыууæ æвзонг удæн бар радтой сæ цард баиу кæнын. Цы фæндиæгтæ сын загътой, уыдоны ‘хсæн сæйраг уыдысты, зæгъгæ, бирæ азты фæцæрут кæрæдзийы уарзгæ æмæ æмбар-гæйæ, æнæниз æмæ амондджынæй. Адæмы уæды арфæтæ абон дæр, кæд уæдæй 65 азы рацыд, уæддæр сæ хъусты зæлынц.

Уал азы иумæ æмудæй фæцæрыны тыххæй сæ дыууæ дæр загътой: «Кæд æвзонгæй æнхъæлдтам, цард æнæфæугæ у, æмæ хæрз æнцон, уæддæр æххæст афтæ нæу. Уал азы цъус зындзинæдты сæрты нæ рахызтыстæм, фæлæ сыл куыд уæлахиз кодтам, афтæ  æнкъардтам æхцондзинад дæр».

Харитон æмæ Заретæ цы цардвæндагыл рацыдысты, уый, сæхи загъдау, хуымæтæджы фæндаг нæ уыд. Райдианы сæхи æрфидар кодтой Дменисы хъæуы. Сарæзтой хæдзар, дыргъдон, дардтой æмæ зылдысты хæдзарон цæрæгойтæм, фосмæ. Алцы дæр кодтой сæхи фаг. Уыцы азты сын хорз æххуыс уыдысты сæ кæстæртæ Ва-лентинæ, Валери æмæ Мая. Райстой сæ хистæртæй куыстуарзондзинад, арæхстдзинад æмæ сын хъæууонхæдзарадон куыстыты амонын дæр ницыуал хъуыдис.

Фæстæдæр Харитон кусынмæ бацыд Цхинвалы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ. Уым  фæкуыста цыппор азæй фылдæр, æххæст кодта сантехничы куыст. Æххæст та йæ афтæ кодта, æмæ-иу вазыгджындæр куыст кæм уыд, уырдæм-иу куыстуаты разамынад алы хатт дæр арвыста Харитоны. Горæты цæрджытæй-иу исты аразинаг кæмæн фæзынд, уыдон дæр-иу арæхдæр агуырдтой Харитоны.

Заретæ та йе ‘взонджы бонтæй абонмæ дæр бирæ хъуыддæгты уыд æмæ у хъæубæсты ныфс. Хъæубæсты бирæ не сты,  фыдæлты æгъдæуттыл æнувыд чи у, хорз сæ чи зоны, ахæм адæймæгтæ. Стыр фынгтæ саразыны  хъуыддаджы исчи куы фæтыхсы, уæд бахаты  Заретæмæ æмæ сæ уый та фыдæнхъæл никуы фæкæны. Чи йæм бахаты, уыдоны алы хатт дæр рарвиты райгондæй. Уыимæ ма абон дæр, куыд цалдæр азы размæ, афтæ æнæзивæг у йæ хæдзарон куыстытæм, рохуаты нæ уадзы йæ цæхæрадон.

Харитон æмæ Заретæйы куы афæрсай, зæгъгæ, кæддæр уæ цард куы иу кодтат, уæд уын уæ хæстæджытæ æмæ зонгæтæ цы арфæйы ныхæстæ фæкодтой, уыдон уыл цасбæрцæй æрцыдысты, уæд фæзæгъынц, зæгъгæ,  амондджын уыцы ныййарджытæ сты, хъæбулы рыст чи нæ банкъардта… Уыдон уыцы рыст банкъардтой, хæрз æвзонгæй, трагикон уавæрты фæхъуыд сæ кæстæр чызг Мая, кæцыйæн баззад, афæдз дæр кæуыл нæ цыд, ахæм лæппу. Кæд уæдæй рацыд цалдæр дæс азы, абон сæ цардæй ницæмæй хъаст кæнынц, алцæмæй дæр рухс кæны сæ зæрдæ, уæддæр сæхи æххæст амондджын схоной, уый сæ бон зæгъын нæу.

Заретæ æмæ Харитон федтой цыппар фæлтæры. Уыцы хорздзинад алы хъомылгæнæг нæ банкъары. Кæстæртæй, кæцытæ адджындæр сты, ууыл нæм ныхас куы æрхаудта, уæд банысан кодтой, зæгъгæ,   иууылдæр нæ туг æмæ не стæгæй сты, алкæцы дæр дзы уарзинаг у æмæ сæ иууылдæр уарзæм æмхуызон. Æцæг у, чысылтæм хъæуы æндæргъуызон, хъармдæр ахаст дарын. Æрæджы та сæ хъæбулы хъæбулæн райгуырд хъæбул…

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.