Нӕ зынаргъ ирон газет «Хурзæрин» цалдæр боны фӕстӕ сæмбæлдзæн йæ кадджын юби-лейыл дзаджджын ӕмӕ фарны хуынтимӕ. «Хурзӕрин» йӕ фыццаг номырӕй фӕстӕмӕ йӕ уӕхсджытӕм цы уаргъ систа, уый царды гуылфӕнты хӕссы сӕрыстырӕй.

Дæргъвæтин фæндæгтыл рацæугæйæ, газет ӕвдисӕн у алы хъуыддагӕн дӕр, алы нысаниуæгджын цауæн.  Уымæн æмæ бавзæрста сабыр цард, рацарæзты азтæ, хæст, Советон Цæдисы ныппырх, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рыст æмæ куыдфæстагмæ хæдбардзинад æмæ сабырдзинады дуг. Уыцы историон нысаниуæгджын цаутæ уый æвдыста æмæ сæ газеткæсджыты размæ хаста æргомæй.

Нæ газеты иузæрдион хæлар, профессор Плиты Гацыр «Хурзæрин»-ы 90-æм азы юби-леймæ фыста, зæгъгæ, дзырд дæр ыл нæй, ацы газеты райгуырд стыр бæрæгбон кæй у нæ адæмæн.

Газеты алы юбилеймæ дæр интеллигенцийы бирæ минæвæрттæ нæ бахæлæг кӕнынц сæ уæздан æмæ хъарм ныхæстæ нæ уарзон газеты номыл. Ацы газет арвы рухс цæмæй фена, ууыл æрвылбон чи фыдæбон кæны, уыцы зиууæттæй бирæтæ, рæнхъон кусæгæй сæйраг редактормæ, алы рæстæджыты хорзæхджын цæуынц паддзахадон хорзæхтæй. Уый æм-рæнхъ ацы газеты фæллойгæнгæйæ, систы Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисттæ æмæ сæрбæрзондæй хæссынц уыцы нæмттæ.

Нæ газеты хъæздыг историйыл бирæ дзурæн ис, уымæн æмæ дæргъвæтин фæндæгтыл рацыд. Фæлæ хи ‘ппæлын ирон адæммæ раст нæу, уымæ гæсгæ ууыл æрлæудзыстæм.

Æгæрон бузныг æмæ райгонд стæм, газеты радон номыр арвы рухс куы фены, уæд æй дард-дæр посты руаджы газеткæсджытæм чи хæццæ кæны, газетуæйгæнæн киоскты йæ чи пара-хат кæны, æппæт уыдонæй. Бирæ куыст цæуы газет рафыссыныл дæр. Уыцы хъуыддаджы стыр хайбавæрд ис æрмæст йæ кусджытæн нæ, фæлæ агентад «Мыхуырцæдис», горæт æмæ районты посты хайадтæн.

Хъыгагæн, ныры дуджы ис ахæм тенденци æмæ бирæ æмбæстæгтæ уæлæхох кæнынц сæ мадæлон æвзагыл æмæ газет фыссыны компанийы рæстæджы æрмæстдæр фыссынц уырыссаг æвзагыл мыхуыры фæрæзтæ. Ӕнӕбанысангӕнгӕ нӕй уымӕн дӕр ӕмӕ интер-неты тыгъдад ӕппӕрццагӕй кӕй ӕндавы ӕмткӕй газеттӕ рафыссыны хъуыддагыл.

Фӕлӕ уый æмрæнхъ ирон газетæн ис тынг æнувыд хæлæрттæ, æмæ уыдон сæ хæсыл нымайынц ирон периодикон мыхуыр рафыссын. Уыдонæй, «Хурзæрин»-ы хæлæрттæй, мах стæм стыр бузныг нæ газетыл сæ иузæрдиондзинад æмæ æнувыддзинады тыххæй.

100 азы сæрты акæсгæйæ, мах нæ абоны коллективимæ мысæм нæ   куыстхъом зиууæт-ты, кæцытæ не ‘хсæн нал сты, фæлæ нын мысынæн ныууагътой сæ рухс нæмттæ. Ныууагътой нын фæзмынæн сæ куыстхъомдзинад æмæ фарн, фæлтæрæй-фæлтæрмæ чи цæуы, æмæ йæ дарддæр кæндзыстæм мах дæр.

100 азы кадджын юбилей у. Кадджын юбилейы стыр арфæтæ фæкæнынц, æмæ уыцы арфæты аккаг сты, «Хурзæрин»-ы дæргъвæтин рæстæджы чи фæллой кæны, газетыл йæ уд нывондæн чи æрхаста, æвадат уавæрты газет рухс феныныл чи фæкуыста, æмæ ныр, сабыр æмæ хæдбар республикæйы дæр чи кусы ирон дзырд, ирон æвзаг бахъахъхъæныныл, уыдон, æмæ сын зæрдæбын арфæтæ кæнæм æрцæугæ Ног 2024 аз æмæ нӕ сӕрыстыр ӕмӕ кадджын юбилейы цытæн!

КЪÆБУЛТЫ Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.