7 июлы уыдис РХИ-йы Парламенты æхсæ-зæм сессийы 9-æм рабадт. Рабадт уагъта Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Рабадты боны фæткы депутаттæ сфидар кодтой фылдæр хъæлæстæй.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр уынаффæ кæнынмæ рахаста Парламенты Сæрдары хæдивæг, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тасойты Димитрæн æнæууæнкдзинад расидыны тыххæй фарст, фракци «Иууон Ирыстон»-ы ацы уынаффæйы аххосаг бамбарын кæнгæйæ. Сæрмагондæй дзырд цыдис Тасойты Димитры ралæудтытыл телеуынынады, кæцы фехъусын кодта парти «Иууон Ирыстон»-æй рахизыны тыххæй.

Банысанчындæуыд, зæгъгæ, партийы централон комитеты æмæ фракци «Иууон Ирыстон»-ы депутатты фылдæр хай рахæцыдысты æнæууæнкдзинад расидыны æвварс. Уыимæ хъахъхъæд æрцыдысты Регламенты æппæт домæнтæ дæр. Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй æнæууæнкдзинад расидыны тыххæй фарст нæ хауы хисæрмагонд ахастытæм. Фракцийы депутаттæ æнцой кодтой æнгомдæр куысты æнæмæнгхъæуындзинадыл, æнæ мидæггагон ныхмæдзыдтæй парламентон æвзæрстыты размæ.

Ацы фарстыл уынаффæ кæныны рæстæджы раныхас кодта Тасойты Димитр,  кæцы фехъусын кодта ахæм фарстытæм æркæсыны рæстæджы Регламент фехалыны тыххæй. Уый ма афтæ æрдомдта партийы съезд ауадзын, цæмæй раргом æрцæуа «Иууон Ирыстон»-ы уæнгты позици æмæ æрмæстдæр уый фæстæ æвæрд æрцæуа æнæууæнкдзинады тыххæй фарст. Йæ рады депутат Коцты Олеся куыд банысан кодта, афтæмæй партийы Централон Комитет æмæ фракцийæн бар ис скъуыддзаг кæной ахæм фарстытæ, уымæн æмæ дзырд цæуы депутатон мандат æрисыны тыххæй нæ, фæлæ вице-спикермæ æнæууæнкдзинад равдисыныл.

Депутат Гæбæраты Юрийы ныхæстæм гæсгæ Тасойты Димитр йæхæдæг фехъусын кодта «Иууон Ирыстон»-æй рацæуыны тыххæй æмæ уый фæстæ уымæн бар нал ис партийы уæнгты хъуыдымæ апелляци кæнынæн.

Ацы фарсты фæдыл йæ хъуыды загъта депутат Чилæхсаты Владимир дæр. Æнæууæнкдзинад расидыны тыххæй фарст хаст æрцыд сусæг хъæлæсæппæрстмæ. Уыимæ хъæлæс æппæрст ацыдис дыууæ хатты. Фыццаг хатт Тасойты Димитрмæ, куыд Парламенты Сæрдары хæдивæгмæ, афтæ æнæууæнкдзинад равдисыны тыххæй фарсты фæдыл, дыккаг хатт та – куыд хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар, афтæ. Рабадты уæвæг 31 депутатæй æнæууæнкдзинад равдыстой Парламенты Сæрдары хæдивæгмæ 22 депутаты, ныхмæ уыдысты 7 депутаты, æцæгыл нымад не ‘рцыдысты хъæлæс дæттыны дыууæ бюллетены. Куыд комитеты сæргълæууæг, афтæ Тасойты Димитр-мæ æнæууæнкдзинад равдыстой 23 депутаты, 7 депутаты уыдысты ныхмæ æмæ 1 бюллетень та æцæгыл нымад не ‘рцыд.

Дарддæр закъондзинад, закъондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся депутатон корпусмæ æркæсынмæ бавдыста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны 10-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны проект.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2014 азы 7 майы райст æрцыд «РХИ-йы Хицауады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъон, кæцымæ гæсгæ Хицауады уæнгтæн бар нæ уыд политикон партиты уæвын. Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ ахæм къуындæгдзинæдтæ нæй Уæрæсейы дæр æмæ æндæр бæстæты дæр. Уый нæ, фæлæ ма хицауады уæнджы статус, афтæ ма архайды характер дæр нæй гæнæн æмæ æвæрой ахæм къуындæгдзинæдтæ, уымæн æмæ политикон партийы уæнг уæвын нæй гæнæн фæкъуындæгдæр кæнын профессионалон, социалон, рассæйон, национ, динон æмæ æндæр ахæм миниуджытæм гæсгæ.

Ахæм фæкъуындæгдæрдзинæдтæ гæнæн ис сфидар кæнын РХИ-йы æмбæстæгты хицæн категоритæн Конституцион закъæттæй, сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны Президентæн (РХИ-йы Конституцимæ гæсгæ йæ æххæстбартæ æххæст кæныны рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æруромы йæ уæвынад политикон партитæ æмæ æхсæнадон организациты). Уый хауы тæрхонгæнджытæм дæр, хæдбар кæй сты æмæ æрмæстдæр РХИ-йы Конституцийы æмæ республикæйы территорийыл архайæг закъондæттынады дæлбар кæй сты, уымæ гæсгæ. Сæ архайды рæсттæрхонад æххæст кæныны фæдыл уыдон хъуамæ макæйы дæлбар уой, хыгъд макæмæн дæттой. Хицауады уæнгтыл дзургæйæ, ахæм фæкъуындæгдæрдзинæдтæн бындур нæй æмæ сын æруадзæн дæр нæй. «Ацы нормæ йæ рæстæджы баконд æрцыд фылдæр политикон аххосæгтæм гæсгæ æмæ уымæ гæсгæ уый хъæуы закъонæй сисын», – загъта Коцты Олеся.

Йæ рады Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй алы политикон партийæн дæр йæ нысан у хицауиуæгадмæ æрцæуын, Хуссар Ирыстоны рауад афтæ æмæ партийы руаджы хицауиуæгадмæ чи æрцыд, уыцы политикæн йæ бон нæу партийы уæвын. «Уый у абсурд æмæ дунейы афтæ никуы у», – загъта Гасситы Петр.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæм гæсгæ депутаттæн сæ фылдæр схъæлæс кодтой раразмæгонд закъоны проект сфидар кæныны тыххæй.

Парламентаритæ ма уынаффæ кодтой «2016 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектыл, кæцыйы уынаффæмæ раразмæ кодта профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ.

Бюджеты сæххæсты тыххæй информаци сарæзта РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Информацимæ байхъусгæйæ, парламентаритæ радтой фарстытæ. Сæрмагондæй раныхас кодтой депутаттæ Тедеты Руслан, Мамиты Инал, Гас-ситы Петр, Диакъонты Амиран æмæ æндæртæ.

Фиппаинæгтæ уыд профилон комитетмæ дæр. Уымæ нæ кæсгæйæ, куы йыл æруынаффæ кодтой, уый фæстæ закъоны проект фидар æрцыд.

Сессийы рабадты боны фæткы радон пункт уыд «Ахуырады тыххæй» закъонмæ ивындзи-нæдтæ бахæссын, кæцыты раразмæ кодта Национ политикæ, культурæ, ахуырад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Ивындзинæдтæм гæсгæ, æнæпаддзахадон астæуккаг ахуырадон уагдæттæ финансон æххуыс исдзысты паддзахадæй 2017 азы 1-æм сентябрæй.

Гæбæраты Юри куыд банысан кодта, афтæмæй раздæр банысангонд 2018 азы бæсты скъолатæ «Эрудит» æмæ гимнази «Рухс» æхцайы фæрæзтæ исын райдайдзысты ног ахуыры азæй.

Ацы закъоны проект райсыны тыххæй депутаттæ иууылдæр радтой хъæлæс. Парламентаритæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой «Документты æнæмæнгхъæуæг экземпляры тыххæй» РХИ-йы закъоны проект, уый дæр раразмæ кодта уыцы комитет. Закъоны проект бæрæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны политикæ документты æнæмæнгхъæуæг экземпляр аразыны фадыджы, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны документты националон библиотекон-информацион фонд æх-хæстæй скомплект кæныны ресурсон базæ, афтæ, æмæ паддзахадон библиографийы системæ рæ-зын кæнын, развæлгъау ифтонг кæны документты æнæмæнгхъæуæг экземпляры бахъахъхъæнын сифтонг кæнын, æхсæнады дзы спайда кæнын.

Уый ма бæрæг кæны РХИ-йы документты æнæмæнгхъæуæг экземпляры хуызтæ, сæ аразджыты æмæ сæ чи райсы, уыдоны категоритæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны документты æнæ-мæнгхъæуæг экземпляры фæхæццæ кæныны æмгъуыдтæ æмæ фæтк, фæтк æмæ æмгъуыдтæ фехалыны тыххæй бæрндзинад.

Ацы закъоны проект райсгæйæ, парламентаритæ аиуварс кодтой æндæр – «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгад райрæзын кæныны тыххæй» закъоны проект, кæ-цыйы раразмæ кодта профилон комитеты сæрдар Джиоты Инал. Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъоны проект бакуыст æрцыд Хицауады 2016 азы æмæ фактон æгъдауæй фæлхатт кæны парламентон закъоны проект, кæцы здæхт у чысыл æмæ ас-тæуккаг амалиуæгадæн æххуысмæ.

Сессийы рабадты кæрон Парламенты Сæр-дар Гасситы Петр сфидар кæнынмæ раразмæ код-та «За ратный труд во имя мира»-йы майдан сфидар кæныны тыххæй уынаффæ, гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы фидауынгæнæг операцийы райдианыл 25 азы сæххæсты цытæн.

«Нæ историйы уый тынг ахсджиаг бон у. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадмæ стыр бавæрд бахастой фидауынгæнæг тыхтæ, уыдоны фæрцы бирæ азты дæргъы урæд æрцыд тугкалд. Уый фæстиуæгæн, кæй зæгъын æй хъæуы, мах хъуамæ ссарæм, бирæ азты дæргъы стыр зиæнтты аргъæй Хуссар Ирыстоны сабырад чи хъахъхъæдта,  уыдоны нæмттæ», – загъта Гасситы Петр.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.