Хæстон интернационалистты номыл «Зæрдæйæ сæрæгас мысынад», ахæм темæйыл Информаци æмæ мыхуыры комитеты уагъд æрцыд тымбыл фынг. Йæ хайадисджытæ, Афганистаны зæххыл хъæбаты-рæй чи фæтох кодта, уыдон æрымысыдысты сæ тохы фæндæгтæ, сæ хъæбатыр æмтохгæнджыты сгуыхтдзинæдтæ.

Хуссар Ирыстоны Афганистаны хæсты ветеранты цæдисы правленийы сæрдар Гуыцмæзты Мурат ранымадта дæс азы дæргъы ацы хæстон архæйдтыты æмткæй цал адæймаджы райста хайад, цæфтæ дзы цас фæцис æмæ сæрæгасæй чи нал æрæздæхт. Чысыл Хуссар Ирыстонæй уыцы зæххыл тох кодтой 168 адæймаджы. Уыдонæй 6 нал æрæздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ, иу та дзы, Гæбæраты Къоста, фæцис æбæрæг сæфт. «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ Афганистаны зæххыл хæст уыд иууыл тугуарæндæр».

Гуыцмæзты Мурат ма дзырдта афгайнæгты цæдисы архайдыл, йе скондыл æмæ къуындæг авналæнтыл.

Афгайнаг хæсты ветерантæ мысыдысты, Советон Æфсады рæнхъытæм  æрсидыны фæстæ сæ службæ куыд ахаста ацы бæстæмæ.

Лохты Джамбулаты хъуыдымæ гæсгæ, афганы хæсты хайадисæг алы хуссарирыстойнаг ветеран дæр у кады аккаг æмæ йын йе сгуыхтдзинæдтæ рох кæнын нæ хъæуы.

«Советон Цæдисы Афганистаны хæстæн уыд стыр нысаниуæг. Паддзахадон бюджетæй æрвылаз дæр хицæн цыд егъау финансон фæрæзтæ», – дзырдта уый. Дзырдта, хæст кæй байста бирæнымæц адæймæгты цард, уый нæ, фæлæ ма цагъды кодтой алыгъуызон инфекцион низтæй. Рæгъмæ рахаста советон æфсады техникон хæрдзтæ дæр.

«Иууыл æхцон та уыд, ахæм рæстæджы зонгæйыл сæмбæлын. Иу рæстæджы концерты уæвгæйæ, æз фæзонгæ дæн вертолет скъæрæгыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй уымæй дарддæр Хуссар Ирыстоны. Æз ын куы радзырдтон, уырдыгæй дæн Цъунары хъæуккаг, уæд рабæрæг, кæй мын зыдта мæ ныййарджыты, æгæрыстæмæй мæ сыхæгты дæр», – дзырдта Джамбулат.

Цæмæй-иу базыдтой ирæттæ се мирон лæппуты?  сæ худты аууондарæнтыл фыст уыд «Осетия». Æнæуый пырх уыдысты алы полктыл.

Дриаты Гела хизын кодта, æфсæддон фæсауæрцтæ цы машинæтæ ластой, уыдон. Иуахæмы сæ æхсын райдыдтой, йе ‘мбæлттæ рагæппытæ кодтой æмæ бамбæхстысты, фæлæ уый бадгæйæ баззад машинæйы. Уыцы цаутæ афтæ æвиппайды уыдысты, æмæ æвæлтæрд лæппу нæ бамбæрста, йæ алыварс цы ‘рцыд, уый.

«Уæд мыл командир фæхъæр кодта, «цæрын дæ нал фæнды, тагъд машинæйы бынмæ рахиз. Фæстæдæр ахæм цаутæ бирæ уыд, ахуыр дæр систæм  уыдæттыл æмæ хи бааууон кæныныл», – дзырдта Гела. Куыд ма дзырдта, афтæмæй йæ æрвыстой дзæнæттаг Чысиаты Нодары мард буар Хуссар Ирыстонмæ æрхæццæ кæнынмæ, фæлæ, зæгъгæ, нæ бакуымдтон – «йæ ныййарæг мады раз   балæууын æмæ йын ахæм уæззау хабар зæгъын мæ зæрдæ нæ бакуымдта». Уæд уый бахæс кодтой Гæбæраты Роинæн.

Дарддæр дзырдта, ныры Ветеранты цæдисы цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдоныл, зæгъгæ, тынг арæх æмбæлынц æмæ  уынаффæ кæнынц алыгъуы-зон фарстытыл. Фæлæ сын бынат кæй нæй, уымæй тынг тыхсынц. Арæх сæ фæхонынц уæрæсейаг регионтæм афгайнаг хæсты ветеранты цæдисы минæвæрттæ. Семæ сын ис æнгом бастдзинад, фæлæ сæ ныхæстæм гæсгæ, «уазæгуаты цæуын хорз у – фæлæ уазæг æрхонын дæр хъæуы». Æмæ йæ кæдæм æрхоной, уыцы бынат сын нæй.

Æрвылаз дæр æрæмбырд вæййынц æмæ иумæ банысан кæнынц Афганистаны хæстимæ баст нысаниуæгджын бонтæ.

Ацы тугуарæн хæсты хайад цы бирæнымæц адæмтæ райстой, уыдон процентон нымадмæ куы ракæнай, уæд дзы ирæттæй фылдæр ничи ис, … Ирон нацийы минæвæрттæ уыцы бынатмæ æрмæст Хуссар Ирæй нæ ныххаудтой. Чилæхсаты Аркади: «Мæн Афганистанмæ акодтой Мæскуыйæ  уым ахуыр кодтон  уым мæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм». Æмхъæлæсæй банысан кодтой  Афганис-таны фæлтæрддзинадæй пайда кæй цыд Гуырдзыстоны хæстон агресситы рæстæджы. Æрымысыдысты, бирæ интернацианалисттæ-хæстонтæ Ирыстоны сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ хъæбатырæй кæй фæмард сты сæ зæххыл æмæ радтæг адæмы сæрыл: Джиоты Владик, Дзабиты Геннади, Туаты Уасил, Зæгъойты Роберт, Уалыты Валери æмæ æнд.

Хуссарирыстойнаг афгайнаг хæсты ветерантæй цыппар сты паддзахадон уæлдæр хорзæх, орден «Уацамонгæ»-йы кавалертæ, 14 – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг æмæ 14 та сæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй майдантæй.

Мадзалы хайадисджытæ фæндон бахастой, цæмæй гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы æнæмсæр тохы се ‘хсæнæй цы хъæбатыр лæппутæ фæмард, уыдонæн саккаг кæной паддзахадон бæрзонд хорзæхтæ. Уымæй дарддæр ма бахатыдысты, цæмæй ацы бонтæ ма рох кæной, цæмæй уый тыххæй астæуккаг ахуырадон уагдæтты хъæбатырдзинады уроктæ уагъд цæуа.

Ветеранты цæдисы сæрдар ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ 2006 азæй сæ организаци, куыд регионалон, афтæ официалон æгъдауæй ист æрцыд Уæрæсейы Афгайнаг хæсты ветеранты цæдисмæ. Уымæй дарддæр ма сты ветеранты æппæтуæрæсейаг æхсæнадон организаци «Боевое братство»-йы сконды дæр.

Тымбыл фынджы рæстæджы ма сæ мысинæгтæ дзырдтой иннæ ветерантæ дæр: Тедеты Гермаген, Чилæхсаты Аркади, Гаглойты Тимофей, Дыгъуызты Алихан, Гæззаты Хазби.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.