Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Cæрдар, парти «Иууон Ирыстон»-ы фракцийы къухдариуæггæнæг Гасситы Петр Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты парламенты фракциты лидертимæ хайад райста «Роль взаимодействия фракции  политических партии и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ»-йы æхсæнадæмон конференцийы, кæцы уагъд æрцыд Мæскуыйы, Паддзахадон думæйы.

Конференцимæ РХИ-йы Парламенты спикер ацыд Хæдбар  Паддзахадты  цæдис,  евразийаг  интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты  хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Леонид Калашниковы хуындæй.

Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй æхсæнпарламентон фæзуат фадат радта хуссарирыстойнаг закъондæттджытæн, цæмæй сæ идеятæ раргом кæной, цæмæй сæ позици фæхæццæ кæной æндæр бæстæты коллегæтæм.

«Мах кæй фæхуыдтой, уый ууыл дзурæг у æмæ Хуссар Ирыстонмæ стыр хъусдард кæй ис Паддзахадон думæйы фарсæрдыгæй, уымæн æмæ конференцийы формат бæрæг кæны Хæдбар Паддзахадты Цæдисы Æхсæнпарламентон ассамблейы паддзахадтæ-архайджыты делегациты хайадистæй, кæцыйы сконды, хъыгагæн, мах не стæм. Фæлæ уæддæр, уæрæсейаг коллегæты фæрцы махæн фадат фæцис конференцийы хайад райсын. Æз докладимæ ралæууыдтæн, афтæ нæ фæндон загътам, цæмæй Хæдбар Паддзахадты Цæдисы Æхсæнпарламентон ассамблеймæ бахизæм, райдианы уал цæстдарджыты хуызы», – загъта РХИ-йы Парламенты спикер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хæдбар Паддзахадты Цæдисы Æхсæнпарламен-тон ассамблеймæ бахизыны тыххæй уæрæсейаг РХИ-йы Парламенты позици фарс бахынцыдта.

«Уæрæсейаг фарс ныфс бавæрдта æппæт йе ‘ндæвдадæй кæй спайда кæндзæн æмæ нын ацы фарсты кæй баххуыс кæндзæн. Уый размæ ацы хъуыды загъта нæ бæстæйы президент Бибылты Анатоли дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы здæхты куыст дарддæр дæр цæудзæн, æмæ мæ ныфс ис, тагъд рæстæджы мах кæй фендзыстæм уымæн йæ фæстиуджытæ», – банысан кодта Гасситы Петр.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.