Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар, парти «Иууон Ирыстон»-ы фракцийы къухдариуæггæнæг Гасситы Петр фембæлд  парти «Иууон Уæрæсе»-йы сæрдар Сергей Неверовимæ.

Фембæлд уагъд æрцыд Мæскуымæ спикеры балцы рæстæджы, кæцыйы фæхуыдта Паддзахадон думæйы Хæдбар паддзахадты æмхæларад, евразиаг интеграцийы æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Леонид Калашников «Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ», зæгъгæ,  æхсæнадæмон конференцимæ.

Гасситы Петр куыд загъта, афтæмæй, Мæскуымæ йæ балцы дыккаг нысан уыд УФ-йы Паддзахадон думæйы сæйраг парти «Иууон Уæрæсе»-имæ æмархайд æмæ æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй фæндон бахæссын.

«Æз фембæлдтæн парти «Иууон Уæрæсе»-йы сæрдар Сергей Невероимæ, æмæ йын мæ фæндон загътон, цæмæй парламентон парти «Иууон Ирыстон» æмæ парти «Иууон Уæрæсе» сæ къухтæ æрфыссой æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл. Сергей Иваны фырт мæ фæндон хорзыл банымадта, æмæ афтæ хъуыды кæнын, æмæ æввахс рæстæджыты арæзт æрцæудзæн къорд, кæцы кусдзæн уыцы æхсæнпартион бадзырдыл», – загъта Гассийы фырт.

Спикеры ныфс ис, тагъд рæстæджы дыууæ политикон партийы ‘хсæн сразыдзинадыл къухтæ фыст кæй æрцæудзысты.

«Уый махæн тынг ахсджиаг у, уымæн æмæ парти «Иууон Уæрæсе»-йæн ис стыр ресурстæ, æмæ уыдон цæттæ сты æрмæст сæ фæлтæрддзинадæй фæхайджын кæнынмæ нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы цы программæтæй кусынц, уыдонæй дæр, цæмæй сæ мах пайда кæнæм Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уыдоны æххуысæн уыдзæн иттæг ахсджиаг»,- банысан кодта Гасситы Петр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.