75 азы размæ 1943 азы 28 ноябрæй 1-æм декабрмæ Ираны столицæ Тегераны уагъд æрцыд æртæ егъау цæдисон паддзахадты – Советон Цæдис, АИШ æмæ Стырбританийы лидерты Конференци, кæцытæ тох кодтой дунеон фашизмы ныхмæ. Тегераны конференцийы  уыд хæсты азты рæстæджы  Советон Цæдис, АИШ æмæ Стырбританийы хицауадты сæргълæуджыты фыццаг фембæлд.

Уæддæр цæмæн æвзæрст æрцыд ирайнаг столицæ ахæм уникалон æмæ хъысмæтскъуыддзаггæнæг конференци ауадзыны тыххæй?

Цыбыртæй йæ куы зæгъæм, уæд 1943 азы кæронмæ Иран ссис иууыл оптималондæр вариант æртæ лидерæн дæр.

1942 азы 29-æм январы Ираны ног шахи æмæ ирайнаг ног хицауадимæ æмцæдисонты баныхæсты фæстиуæгæн арæзт æрцыд англисаг-советон-ирайнаг бадзырд (Æртæварсон бадзырд), кæцы Иранæн гаранти кодта Германы кæнæ кæцыфæнды паддзахады ‘рдыгæй алыгъуызон агрессийы ныхмæ хъахъхъæдад, территориалон æнæхъæндзинад æмæ æмцæдисонты æфсæдты раконд цæдисон паддзахадты æмæ Германы ‘хсæн æппæт архайдтытæ æруромыны фæстæ æхсæз мæйы æмгъуыдмæ.

1943 азы 9 сентябры Иран официалонæй расидт хæст Германæн. Историктæ куыд нысан кæнынц, уымæ гæсгæ 1942 азы бадзырд Ираны фестын кодта СССР ныхмæ хæстон плацдарм нæ, фæлæ йе ‘мцæдисон, фашизмы ныхмæ тохы æххæстбарджын хайадисæг. Уымæ гæсгæ, конференцийы тыххæй фарстыл уынаффæ куы цыд, уæд Рузвельт æмæ Черчиллимæ йæ фыстæджыты Сталин фæндон бахаста Тегераны фембæлынæй. Уымæй дарддæр ма Тегераны куыстой советон, бритайнаг æмæ америкæйаг минæварадтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг уыдысты саммитæн. Ахсджиаг фактор уыд уый дæр, æмæ Тегеран уыд советон, бритайнаг æмæ хайгай та америкæйаг æфсæддон хæйтты контролы бын. Черчилль æмæ Рузвельты фæндыд фембæлд æндæр ран ауадзын, фæлæ Сталин йæхи фæнд акодта.

 

Куыд цæттæ кодтой сæхи конференцимæ?

Конференцимæ цæттæ кодтой иттæг сусæг уавæрты. Мæскуыйы фембæлды тыххæй зыдтой æрмæстдæр бæрзонд бынæтты кусæг  цалдæр адæймаджы. Æрмæстдæр 1943 азы 22-æм ноябры, фембæлдмæ ма æхсæз боны куыд хъуыд, афтæ Ираны Советон Цæдисы рæстæгмæ æххæстбарджын М.Максимов фехъусын кодта Ираны премьер А.Сохейлийæн конференцийы тыххæй. Тегераны уыд æдасдзинады уæлдай карздæр режим. Тегераны советон минæварады территорийыл службæ хастой 200 сырхæфсæддон-автоматчикы. Документтæм гæсгæ, Тегераны Сталины хъахъхъæдтой 500 адæймаджы… Конференцийы рæстæджы Тегеранимæ нæ уыд уæлдæфон бастдзинад, телеграф, фæндагон æмæ æфсæнвæндагон коммуникацитæ, æххæстæй урæд æрцыд тегерайнаг радиойы куыст, æхгæд æрцыд ирайнаг арæн.

Сталин Мæскуыйæ конференцимæ рацыд 1943 азы 22 ноябры. 26 ноябры спецпоезд æрцыд Бакуйæ 85 км æддæдæр чысыл станц Килязимæ. Дарддæр делегаци, йæ сæргъ Сталин афтæмæй, ацыд аэродроммæ, цыран сæм æнхъæлмæ кастысты дыууæ «Дуглас» С-47 хæдтæхæджы. Æмæ æртæ сахаты фæстæ æнтыстджынæй æрбадтысты Тегераны. Сталин уæдмæ йæхи хызта атахтытæй. Уымæй дарддæр ма Сталин 1913 азæй фæстæмæ фыццаг хатт ацыд бæстæйæн æддæмæ. 28 ноябры æртæ бæстæйы делегацитæ уыдысты ирайнаг столицæйы. Ираны вазыгджын мидполитикон уавæрмæ гæсгæ, Сталин Рузвельты æрцæрын кодта советон ми-нæварады территорийыл. Рузвельт советон минæварады территорийыл кæй уыд, уый фадат лæвæрдта Сталинæн æрвылбон дæр ыл бандавынæн, цæмæй дыккаг фронт байгом кодтаиккой Балканты (Черчиллы афтæ фæндыд) нæ, фæлæ Цæгат Францы. Тегераны цалдæр боны фæугæйæ, Сталин æрмæстдæр иу хатт рацыд æдасдзинады зонæйæ. 30 ноябры  «Большая тройка»-йæ иунæг уый бацыд визитимæ шах Мохаммад Резе Пехлевимæ.

 

Тегераны конференци.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ конференцийы боны фæткыл раздæр кæй нæ бакуыстой. Делегацитæй алкæцыйæн дæр бар уыд, цы фарстатæ йæ цымыдис кæнынц, уыдоны тыххæй дзурын. Конференцийы фарс-таты гæнæн ис адихгæнæн дыууæ категорийыл, кæ-цытæ хаудтой хæст уадзынмæ æмæ хæсты фæстæ дунейы арæзтадмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы рæстæджы уæлдай активондæр уыдысты хæстон фарстытæ, фыццаг рады «дыккаг фронт» Европæйы бакæнын.

Фæрстæй алæкцы дæр загъта йæ хъуыды англисаг-америкæйаг æфсæдты масштабтæ, сæ равæрыны бынат æмæ рæстæджы тыххæй. Рузвельт уыд  1943 азы Квебекскаг конференцийы АИШ æмæ Стырбританийы хицауадты сæргълæуджыты райсгæ план «Оверлорд» планы æвварс, кæцымæ гæсгæ æххæст хъуамæ æрцыдаид десантон операци цæгат Францы Ла-Маншыл. Черчилль комкоммæ ацы планы ныхмæ нæ рацæугæйæ, фæндон бахаста операци Итали æмæ Балканты рауæрхæдæр кæнынмæ, кæцы фадат радтаид англисаг-америкæйаг æфсæдтæн Централон Европæ бацахсынæн æмæ Сау денджызмæ рахизынæн. Сталин Черчиллы фæнд бамбаргæйæ, ома,  Сырх æфсадæн Европæмæ сæ дарддæры фæндаг алыг кæнгæйæ, фидарæй загъта зæгъгæ, хуыздæр фæстиуæг ратдзæн знаджы Францы Цæгат кæнæ Цæгат-Ныгуылæн ныццæвын, уыцы иурæстæджы Францы хуссары десантонты æрбадын кæнгæйæ, ома, фактон æгъдауæй рахæцыд план «Оверлорд»-ы æвварс. Рузвельт æмæ Черчилль ацы фæндыл сразы уæвгæйæ, «нæ» нæ  загътой Балканты æмæ Хуссар-Скæсæн Европæйы сæ хæстон-стратегион плæнттæн. Уыдон фæндон бахастой югославиаг партизантæн æххуыс рауæрхæдæр кæнынмæ æмæ Туркы Германы ныхмæ хæстмæ æрбакæныны тыххæй.

Сталин банымадта ацы фæндæтты нысаниуæгдзинад, фæлæ бафиппайдта, зæгъгæ, уыдон фæстæдæрмæ ма хъуамæ аргъæвой «Оверлорд»-ы операци, æмæ бафиппайдта, зæгъгæ, Турк нæ райдайдзæн хæст, куыдфæнды йыл ма бандавæм, уæддæр. Дыккаг фронт бакæныны тыххæй дискусситы рæстæджы ахсджиаг нысаниуæг уыд Сталины хъусынгæнинагæн, зæгъгæ, Советон Цæдис, йе ‘мцæдисонты куырдиатмæ гæсгæ, цæттæ у Германы капитуляцийы фæстæ Японы ныхмæ хæцынмæ.

Хæстон фарстатæй дарддæр ма, конференцийы уынаффæ кодтой фæсхæст дунейы арæзтыл. АИШ æмæ Стырбритани сæвæрдтой фарст хæсты фæстæ Германы фондз хæдбар автономон паддзахадтыл ныддихтæ кæныны тыххæй. Советон делегаци нæ рахæцыд ацы плæнтты æвварс æмæ аскъуыддзаг кодтой, гермайнаг фарстыл уынаффæ кæнын  Европæйаг консультативон къамисмæ  радтын.

Конференцийы советон æмæ бритайнаг минæвæртты ‘хсæн сæвзæрд конфликт «польшæйаг фарсты» алыварс. Польшйаг хицауады фæсырдтой æмæ уыцы рæстæджы уыд Стырбританийы территорийыл Черчиллы хъахъхъæдады бын. Йæ мидис уыд уый мидæг, æмæ советон æфсæдтæ Польшæйы иумиаг оккупацийы рæстæджы Вермахты хæйттимæ фехстой мин польшæйаг афицеры Катыны хъæды. Сталин не сразы уыцы аххосæгтыл æмæ дзырдта, зæгъгæ, йæ шантаж кæнынц, цæмæй Советон Цæдис территориалон хатыртыл ацæуа Польшæйы раз. Фæстæдæр куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ Сталин сайдта: Катыны трагеди арзт æрцыд советон къухдариуæгады инициативæйæ.

Фæлæ уæддæр конференцийы хайадисджытæн сæ къухты бафтыд бадзурын Польшæйы арæны 1920 азы скæсæны æмæ ныгуылæн цæугæдон Одрайы «Керзоны хаххыл» сфидар кæныны тыххæй. Аскъуыддзаг кодтой Варшавайы территориалон аппетиттæ Германы хыгъдæй сæххæст кæнын, кæцы астæуккаг æнусты соккупаци кодта польшæйаг дзæвгар зæххытæ. Сталин не сразы Рузвельт æмæ Черчиллы домæнтыл Лондоны польшæйаг эмиграцион хицауады  банымайыны фæдыл. Мæскуы фехъусын кодта, зæгъгæ, Советон Цæдис хицæн кæны Польшæйы Английы эмиграцион хицауадæй.

Афтæмæй, Ныгуылæн Украинæ æмæ Ныгуылæн Белорусийы территоритæ нымад æрцыдысты, Советон Цæдисмæ чи рахызт, ахæм территоритыл. Тегераны конференцийы иумиагæй сразы сты Кенигсбергы (ныртæккæ Калининград) æмæ Скæсæн Пруссийы (Калининграды область) Советон Цæдисæн радтыны тыххæй уынаффæйыл. Прибалтийаг паддзахадтæ дæр хъуамæ бацыдаиккой Советон Цæдисы скондмæ, фæлæ æрмæстдæр ацы бæстæты æмбæстæгты хъæлæсæппæрсты фæстæ.

Хæсты Ираны æфсæддон-стратегион нысаниуæг æвдыст æрцыд конференцийы хатдзæгты фæдыл Ираны тыххæй къухтæ цы Декларацийыл æрфыстой, уым. Документы банысанчындæуыд, зæгъгæ, СССР, АИШ æмæ Стырбританийы сæргълæуджытæ «нымайынц иумиаг знаджы ныхмæ хæсты хъуыддаджы Иран цы æххуыс бакодта, уый. Æмцæдисонтæ сæхимæ хæс райстой дарддæр дæр Иранæн экономикон æххуыс кæныны тыххæй, уыцы нымæцы хæсты фæстæ дæр æмæ бафидар кодтой сæ фæндон «Ираны æххæст хæдбардзинад, суверенитет æмæ территориалон æнæфæцайгæдзинад бахъахъхъæнын».

Ираны цæрджытæ æмæ къухдариуæггæнæг элитæ стыр цинимæ сæмбæлдысты Декларацийыл. Тегерайнаг уынгтæ Дей, Каани æмæ Рафаэль-авеню ивд æрцыдысты Рузвельт, Сталин æмæ Черчиллы уынгтæм. АИШ-ы президент Рузвельт фæндон бахаста Иугонд Нациты принциптыл дунеон организаци саразыны тыххæй (ацы фарстыл уый размæ уынаффæ цыд Мæскуыимæ). Сталин æмæ Черчилль рахæцыдысты ацы идеяйы æвварс æмæ афтæмæй бындур æвæрд æрцыд ИНО саразыны тыххæй куыстæн.

Тегераны фæстаг рабадт уагъд æрцыд 1 декабры. Конференцийы хайадисджытæ ноджы фембæлдысты 1945 азы Ялтайы конференцийы æмæ Потсдамы.

Тегераны конференцийы нысаниуæг

Тегераны конференцийы нысаниуæгæн зын саргъгæнæн у, куыд Дыккаг дунон хæсты хатдзæгтæн, афтæ фæсхæсты рæстæджы дæр. Конференцийы æртæ цæдисон паддзахады равдыстой уый æмæ  алыгъуызон цæстæнгасмæ нæ кæсгæйæ кæй ис гæнæн æнтыстджынæй сразыдзинæдтæм æрцæуын хæст æмæ сабырады сæйраг фарстаты фæдыл.

Тегераны  конференцийæ кæд 75 азы рацыд, уæддæр абон дæр ахсджиаг у,  Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы æртæ саммиты фæстиуæгæн бакуыстгонд дунеон фæтк куы хæлы, бæстæты, адæмты, конфесситы ‘хсæн дихдзинæдтæ куы карздæр кæнынц, сабырдзинад æмæ æппæт адæймагадæн тæссагдзинæдтæ куы рæзынц, уæд. Ацы уавæрты Тегераны конференци ноджыдæр бæлвырд кæны, сабырдзинад къухты бафтын кæныны, иумиаг æдасдзинад, гуманон, иумиагадæймагон нысæнттæй кæй ис гæнæн паддзахадты ‘хсæн ахастыты  иртæстдзинæдты барьерты сæрты ахизынæн.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.