РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр фембæлд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовимæ.

Фембæлды сæйраг темæ уыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æхсæнпарламентон æмгуыстад. «Фæнды мæ демæ æруынаффæ кæнын Федерацийы Советимæ æхсæпарламентон æмгуыстады фарстытыл. Æз зонын, сымахæн æнгом æмгуыстад кæй ис, кæцы дарддæр дæр рæзы динамикон æгъдауæй, æмæ  хъуыды кæнын афтæ æмæ  мах хъуамæ  сбæрæг кæнæм иннæ азы плæнттæ», – загъта Кулахметов.

Йæ рады Гасситы Петр банысан кодта, дыууæ бæстæйы закъондæттынадон органты æмархайды дарддæры рæзты ахсджиагдзинад, æмгуыстады приоритетон здæхтытæм хъусдард аздахгæйæ.

Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер УФ-йы минæваримæ ныхас кæныны рæстæджы радзырдта Мæскуыйы дунеон æхсæнпарламентон форумы куысты хуссарирыстойнаг закъондæтджыты делегацийы хайадисты тыххæй, балцы тынг фæстиуæгджын рахонгæйæ.

«Балц ацыд тынг хорз, хъарм, хæларадон æмæ кусæгон уавæры. Форумы рæстæджы къухты бафтыдысты бæрæг фæстиуджытæ алы бæстæты парламенттимæ æмгуыстад æрнывыл кæныны фæдыл. Мах хайад райстам бирæ цымыдисон æмæ пайдайы фембæлдтыты. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ ахæм форматы куыст дарддæр цæудзæн æмæ динамикон æгъдауæй рæздзæн», – банысан кодта Гасситы Петр.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм уый, æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци республикæйы закъондæттынадон органы къухдариуæггæнæг Гасситы Петры сæргълæудæй хайад кæй райста Дунеон экономикон форум «Парламентаризмы рæзт»-ы», кæцы уагъд æрцыд Мæскуыйы 4-5 июны.

Форумы боны фæткмæ организатортæ бахастой нырыккон æхсæнадæмон ахастыты, дунеон политикæ æмæ экономикæйы, афтæ ма æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл уæлдай актуалондæр проблемæтæ. Форумы фæлгæтты уагъд æрцыдысты дискусситæ, кæцытæ баст уыдысты ахæм темæтимæ, куыд «Национ закъондæттынады рæзт: суверенон адæмты интересты барадфæлдыстад, хуыздæр практикæ æмæ дунеон гармонизаци кæрæдзийæн амонын», «Парламентаризм куыд дунеон æмгуыстады институт» æмæ æндæртæ.

Форумы пленарон рабадт «Парламентаризм куыд дунеон æмгуыстады институт»-ы раныхас кодтой алы бæстæты парламентты сæргълæуджытæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дæр. Уый банысан кодта нырыккон тасдзинæдтæ æмæ фæсидтытæн дзуапп радтынæн закъондæттынадон органты нысаниуæг.

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.