Мæскуыйы йæ куыст фæцис дунеон æхсæнпарламентон форум «Парламентаризмы рæзт». Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй дзы хайад райста РХИ-йы Парламенты делегаци, йæ сæргъ закъондæттынадон органы къухдариуæггæнæг Гасситы Петр, афтæмæй.

Форумы боны фæткмæ йæ организатортæ бахастой нырыккон дунеон ахастыты, дунеон политикæ æмæ экономикæйы, афтæ ма æхсæнпарламентон ахастыты иууыл актуалондæр проблемæты фæдыл фарстатæ.

Йæ фæлгæтты уагъд цыдысты дискусситæ ахæм темæты фæдыл, куыд «Национ закъондæттынады рæзт: барадфæлдыстад суверенон адæмты интерестæн, хуыздæр практикты кæрæдзийы ивд æмæ дунеон гармонизаци», «Парламентаризм, куыд дунеон æмгуыстады институт», «XXI æнусы дунеон экономикæйы рæзт закъондæттынадон æгъдауæй ифтонг кæнын. Фæдыздæхтытæ, технологитæ, ресурстæ», «Æхсæнпарламентон æмархайд Уæрæсе-Латинаг Америкæ», «Уæрæсе æмæ Африкæйаг цæдис: æхсæнпар-ламентон æмгуыстады перспективæтæ» æмæ æндæртæ.

Пленарон рабадт «Парламентаризм, куыд дунеон æмгуыстады институт»-ы раныхас кодтой форумы хайадисæг æндæр æмæ æндæр бæстæты парламентты сæргълæуджытæ. Уыдон банысан кодтой ахæм егъау дунеон мадзæлттæ уадзыны ахсджиагдзинад æхсæнпарламентон æмгуысткæнынад рæзын  æмæ  фидардæр  кæныны  хъуыддаджы.

Делегатты раз раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дæр, кæцы раарфæ кодта форумы хайадисджытæн æмæ бузныг загъта йæ организатортæн, ахæм масштабон мадзалы хайад райсыны фадат сын кæй уыдис, уый тыххæй.

«Фæнды мæ раарфæ кæнын алкæмæн дæр, ахæм фадат нын кæй ис ацы диссаджы форумы хайад исынæн æмæ парламентон æмгуыстад сытынг кæнынæн. Фæнды мæ бузныг зæгъын, ацы мадзал чи сорганизаци кодта, æппæт уыдонæн, фыццаджыдæр УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Викторы фырт Володинæн. Мæнæн æхсызгон у, нырыккон тасдзинæдты ныхмæ архайды, уыцы нымæцы дунеон терроризм æмæ афтæхуыйнæг «хъæдабæ революциты» ныхмæ архайды механизмтæ бакусыны фæдыл мæ хъуыдытæ зæгъыны фадат кæй ис, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, банысан кæнон уыцы хъуыддаджы парламентты нысаниуæг», – загъта Гасситы Петр.

Форумы фæстиуджыты фæдыл йæ хайадисджытæ райстой хатдзæгон деклараци, кæцыйы æвдыст æрцыдысты, æндæр æмæ æндæр бæстæты парламентаритæ иумæйаг куысты фæстиуæгæн цы уынаффæтæ райстой, уыдон.

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдары хæдивæг, дунеон форум «Парламентаризмы рæзт»-ы организацион комитеты къухдариуæггæнæг Петр Толстой куыд банысан кодта, афтæмæй документ ахъаз кæндзæн æхсæнпарламентон æмархайдæн æмæ бæстæты ‘хсæн диалог æрбæстон кæнынæн.

«Мах стæм санкциты æвзагæй дзурыны æмæ политикон æндæвдады ных-мæ, кæцытæ, фæлтæрддзинад куыд фенын кодта, афтæмæй зиан хæссынц алкæмæн дæр, пайда та хæссынц, æрмæстдæр сæхицæн хæрзиуджытæ чи агурынц, ахæм хицæн адæймæгтæн. Дуне цæуы глобалон рацаразындзинæдты дугыл, уымæ гæсгæ æруадзæн нæй æнæпринципиалон позицийæн, парламентаритæн та бар нæй иуварс лæууой æмæ æндæртæн фадат дæттой нæ хъысмæт, дунейы хъысмæт  скъуыддзаг кæнын», – загъта Петр Толстой.

Паддзахадон Думæйы вице-спикер ма бацамыдта, депутаттæ бæрндзинад кæй хæссынц, цы уынаффæтæ райсынц, уыдоны тыххæй.

«Уый разынд нæ хатдзæгон декларацийы дæр. Уым иттæг рæстагæй дзырдæуы, адæмы æвзæрст закъондæттынадон хицауиуæгад кæй у нырыккон демократон æхсæнады бындур, æхсæнпарламентон æмархайд та ахъаз кæны æппæт нæ бæстæты ‘хсæн диалог æрбæстон кæнынæн. Махыл сымахимæ сæ фидæн баууæндыдысты нæ æвзарджытæ æмæ нын нæй гæнæн фыдæнхъæл сæ фæкæнæм, фæсайæм сын се ‘ууæнк», – пленарон рабадты кæрон загъта Петр Толстой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.