Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты профессионалон бындурмæ кæй ахызт, уымæ гæсгæ депутатты куысты фадæттæ хуыздæр кæндзысты, – загъта Республикæйы закъондæттынады органы спикер, парламентон фракциты минæвæрттимæ ныхас кæнгæйæ.

«Парламенты куысты фадæттæ хъуамæ ивд цæуой. Стъалыйау-иу чи ферттывта йæ куысты бынаты, ныр уыцы депутаттæ хъуамæ уой алы бон дæр сæ бынæтты. Уыдон ныр хорз мызд исынц», – загъта Гасситы Петр.

Уый банысан кодта, депутаттæ цæмæй бæстон кусой, уый тыххæй арæзт кæй æрцæудзысты æнæмæнгхъæуæг фадæттæ. Тагъд рæстæджы депутаттæн фæзындзæн куысты сæрмагонд бынæттæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, куыстæн хъæ-уы бæрæг фадæттæ, техникон ифтонгад æмæ афтæ дарддæр. Депутаттæн кабинеттæ радтыны фарст дæр тагъд скъуыддзаг æрцæудзæн. Ахуырады министрад рæстæгмæ ис Парламенты бæстыхайы æмæ  Президенты барамындмæ гæсгæ уыдонæн хъуамæ ссарой сæхи агъуыст. Уый куыддæр æрцæуа, афтæ  алы депутатæн дæр лæвæрд æрцæудзæн кусæн бынат», – бамбарын кодта спикер.

Гассийы фырт парламентон фракцитæн радта машинæты дæгъæлтæ, раарфæ сын кодта, цæмæй сын сæ куысты ахъаз фæуой.

Спикер банысан кодта, Парламент кæй нæ дих кæны фракцитæ æмæ партитыл.

Афтæ ма загъта, зæгъгæ, «Иугонд Ирыстон»-ы фракци куысты бынæттæ райсдзæн фæстагмæ. Фыццаг уал фадæттæ арæзт æрцæудзысты æндæр фракциты минæвæрттæн.

Мидæггагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон ахастыты фæдыл парламенты комитеты къухдариуæггæнæг Коцты Игорь ныфс бавæрдта, Парламенты фракцитæ сæ хъус кæй дардзысты æнтыстджын куыстмæ.

«Ныфс мæ ис, дарддæр дæр Парламенты фракциты куыст здæхт кæй уыдзæн адæмы фарстатæ скъуыддзаг кæнынмæ. Мах иумæйагæй кусдзыстæм закъондæттынады фадыджы, иумæ скъуыддзаг кæндзыстæм нæ разы лæууæг фарстатæ»,- загъта Коцы фырт.

Депутат Чилæхсаты Владимир йæ рады спикерæн бузныг загъта, цы транспорт сын рахицæн кодтой, уый тыххæй. Банысан кодта, парти «Адæмы иудзинад»-ы депутаттæ кæй кусынц адæмы хæрзиуæгæн. Уый ма загъта, зæгъгæ, уыдон цæттæ сты Парламенты иннæ фракцитимæ æмгуыстад кæнынмæ.

Дарддæры иумæйаг куысты тыххæй загъта Плиты Агуындæ дæр.

«Кæдæй-уæдæй комитетты минæвæрттæ æрæмбырд стæм æмæ нæ хъуыдытæ загътам алыгъуызон фарстаты фæдыл. Мæнмæ гæсгæ уый тынг хорз къахдзæф у», – загъта Плиты чызг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.