Раздæр адæм кæд мæгуыр цардысты, уæддæр хъæлдзæгдæр уыдысты æмæ æмуддæр цард кодтой. Искæуыл-иу исты хъæлдзæгдзинад куы æрцыд, кæнæ-иу хъæубæстæн исты иумиаг бæрæгбон куы уыд, уæд-иу сарæзтой куывд. Куывд та æнæ хъазт нæ фидыдта. Фæсивæд-иу сылгоймагæй, нæлгоймагæй æрбамбырд сты æмæ-иу чи кафгæ кодта, чи та – кæсгæ. Уæдæ, ацы хъуыддаг дæр дзурæг у, ирон адæмы национ культурæйы кафты  аивад кæй ахсы ахсджиаг бынат. Кафт дæр нæ адæмы поэтикон сфæлдыстадау тынг рагон кæй у, уый тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта Цхинвалы культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик.

«Нæ адæмæн кафт семæ кæй райгуырд, уый бæрæгæй зыны фольклоры, уæлдайдæр та Нарты эпосы. Нарт æрмæст æнæбасæтгæ хъайтартæ нæ уыдысты, фæлæ ма рæвдз уыдысты кафынмæ, зарынмæ дæр. Ирон кафты аивад ахсджиаг бынат кæй æрцахста нæ адæмы царды, уымæн ма æвдисæн у уый дæр, æмæ ирон кæфтытæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр æнгом баст æрцыдысты царды уавæртимæ æмæ æвдисынц фыдæлты цардвæндагы ирд оптимизм, зæрдæйы бæллицтæ, æмæ зæрдæбын æнкъарæнтæ. Ирон аив, мидисджын кæфтытæ фæзындысты æмæ равзæрдысты куыстæгты бындурыл, цины æмæ масты æнкъарæнты зæлтимæ – зарджытимæ.

Куыд зонæм, афтæмæй куыстæй улæф-мæ, улæфтæй куыстмæ тындзыдтой цæргæ цæрæнбонты адæм æмæ уый бæрæгæй йæ фæд ныууагъта ирон кæфтытыл æмæ нæм уыцы уагыл цы кæфтытæ равзæрдысты, уыдон цæмæй ма рох кæной нæ адæмæй, уый тыххæй районы ансамбль «Амонд» архайы йæ репертуар ахæм кæфтытæй баххæст кæныныл. Ахæм рагон кæфтытæм хауынц симд «Сандрахъ», «Чепена» æмæ æндæртæ дæр. Ис нæм фæзмæн кæфтытæ дæр», – зæгъы Гаглойты Ростик. Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй ирон адæмон кæфтытæ æмæ зарджытæ дæр кæнынц дыууæ дихы: нæлгоймæгтыл æмæ сылгоймæгтыл. Ирон сылгоймаг фынджы уæлхъус куыд хицæн кодта, афтæ хицæн уыдысты сæ зарджытæ, сæ кæфтытæ дæр. Уыцы рæстæджы ирон хъазты æмпъызтытæ, зæронд дарæсы балæууын худинаг нæ уыдис. Уæдæ мæгуыр æмæ бонджыны дæр не ‘взæрстой, æрдзæй фыдуынд æмæ хæрзконды дæр кæрæдзийыл нæ барстой. Æппæт хуызты дæр хъазты бартæ æмæ хæстæ домдтой иунæг æгъдау – ирон намыс. Ирон намыс домдта иумиаг æгъдау æмæ фæтк. Ирон адæммæ стыр худинагыл нымад цыдис æнæ худ, æнæ ронæй ракафын. Сылгоймагæн та æнæ кæлмæрзæнæй æмæ бæгъæмзæнгæй хъазтмæ рахизын. Уæдæ пыхцылсæртæй, гомхъуыртæ, къуырддымджытæй, æнæдыстæ хæдæтты къабаты кафын дæр нымадтой нæ фыдæлтæ худинагыл. Рæстæджытæ ивынц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ныр ирон хъазты ахæм æгъдæуттæ хынцыд нал цæуынц, фæлæ уыцы арæнтæй ахизæн нæй нæ ансамбльтæн сценæйыл сæ арæхстдзинад æвдисгæйæ – бафиппайдта йæ раныхасы Гаглойы фырт.

Ирон кæфтытæй иууыл зындгонддæр у «Симд». Йæ нæргæ кад хъуыстис суанг уæларвон бардуæгтæм. «Симд» кæд иу кафт уыдис, уæддæр æй æххæст кодтой алы æмæ алы хуызты. Уыди тымбыл дæларм-уæлармæй хæцгæйæ, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæн къæйттæй лæугæйæ. Уыди дывæрсыг симд рахис фарсы нæлгоймæгтæ æмæ галиу фарсы та сылгоймæгтæн ерысы хуызы. Уыдис къæйттæй симд æмæ фæуд кодта кæронбæттæны цыбыр тымбыл кафтыл. Симд кафгæйæ нæ фидыдта уæлдай хъæлæба, тæлтæг фезмæлдтытæ. Симд æвдыста ирон царды мидис цины, ныфсы, æмзонддзинады, адæмы иумиаг тых. Ирыстоны кæмтты, хъæуты уыдис сæрмагонд фæзтæ симынæн. Уыдон нæмттæ баззадысты бынтон æрæджыйы онг дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы симыныл ахуыр цыдысты рæзгæ фæсивæд сыхгай, хъæугай, комгай алы уавæрты, кæм мусты, кæм астæууынгты. Фæлæ иумиаг бæрæгбæтты заманты Иры дзыллæттæ æмбырд кодтой дзуæртты кувæндæтты фæзтæм, уæд стыр симды уаг уыди уæрæхдæр, ахадгæдæр, куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр. Фæлæ абон уыцы æгъдау дæр байрох. Æмæ йæ цæмæй нæ кæстæртæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, уыцы нысанæн нæ районы культурæйы хайады ансамбль «Амонд» Джеры дзуары  кувæндоны бын сарæзтой хъазт ирон æгъдау-мæ гæсгæ. Куыд ма загътам, ирон кафт æппæтæй дæр баст уыдис æгъдауимæ. Кафгæ-кафын нæлгоймаг æнæнхъæлæджы дæр куы баныдзæвдаид сылгоймаджы дарæсыл, уæддæр-иу ын æй йæ цæстмæ бадардтой, бауайдзæф-иу ын кодтой. Ахæм хъуыддаг-иу раджы заманы расайдта тугкал-дмæ дæр. Хъазты мидæг уæлдай дзырдæппарæнтæ, хъæлæсыдзагæй худын, ирон адæммæ стыр æгады бынаты уыдысты æмæ сæ æхсæнад никæмæн барста. Цасфæнды дæсны кафджытæ ма уыдаиккой сылгоймаг æмæ нæлгоймаг, уæддæр ирон æфсармы фæлгæттæй нæ хызтысты. Уæлдай худтытæ, уæлдай хъæртæ, къахдзæфтæ, нæлгоймагæн худинаг уыдыстты. Къахкъухтыл кафын йæ зæрды ис нæлгоймагæн, уæд бæрæг бынаты, бæрæг афоныл, уымæй дæр сылгоймаг разыйы дзуапп хъуамæ радтаид.

Ирон кафты аивады нæлгоймæгтæн уыдис сæхи кæфтытæ дæр. Цæвиттон,  ирон адæммæ æддæгуæлæ кафт уыдис симды бæрзонддæр, уæлцмондæр кæронбæттæн хай. Ацы хайы архайдтой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ куыд кæстæртæй, рогдæрæй, арæхстджындæрæй. Æддæгуæлæ кафт уыди хæстон кафт фыдæлты уагыл. Тыгъд быдырмæ цæугæйæ хæстон фæсивæдæн арæзтой фæндарасты æгъдау Уастырджийы кувæндоны раз. Куывтой сын бæрæг фæткыл æртæ кæрдзын æмæ бæгæныйы кæхцæй, стæй хъисфæндыры цагъдмæ цыдысты бæрæг къордтæй сæ фæндагыл.

Хæстæй уæлахизæй æрбаздæхтысты, зæгъгæ, уæд-иу сыл сæмбæлдысты арфæти-мæ, фæндыры цагъдимæ Уастырджийы кувæндоны раз фæзы. Хæстон кафты – симды уагæн ма нæм йæ фæстаг зонæнтæ æрхæццæ сты кæм хистæрты мысинæгты, кæм фæзмæн кæфтыты, иннæ мидис байрох. Мидхæсты архайджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй ма æртæ æддæгуæлæйæ акафыдысты 1921 азы Сау денджызы былгæрон Хуссар Иры бархионтæ æмæ Гæджиты Бадилайы бæхджын полчы ирæттæ гуырдзиаг меньшевиктыл фæуæлахизы кадæн.

Ирон адæмы царды бæрæг бынат ахстой  хъæлдзæггæнæн фæзмæн кæфтытæ. Архайдтой сæ лæппу æмæ чызг фæсивæд æхсæны куывдты, бæрæгбæтты заманты. Уыцы уавæрты чызджытæ лæппуты фæлысты кафыдысты, фæзмыдтой зæронд лæгты æмæ устыты, уазæг лæппуты, фæзмыдтой сæ куысты æмæ улæфт, хæсты æмæ фæдисы уагыл.

«Адæмон кæфтытæ ахуыргæнгæйæ, адæймаг æрцæуы ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, адæмон кафты сфæлдыстад фæзынд куысты процессы рæстæджы æмæ йын æнгом бастдзинад уыдис адæмы цардимæ. Уыдоны ирдæй æвдыст цæуы ирон сæрибаруарзаг адæмы истори, сæ уарзондæр бæллицтæ, националон характеры хуыздæр æууæлтæ. Ирон адæмы кæфтытæ фæхъæздыгдæр æмæ фæхуыздæр кæныныл стыр куыст бакодтой Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт архайæг Галаты Барис, Ирыстоны адæмон нывгæнæг Тугъанты Махарбег, ГССР-ы сгуыхт артисттæ Хетæгкаты  Владимир, Тедеты Георги, Гаглойты Хазби, Саулохты Мэлс, Дзадтиаты Уакка, Битеты Павел, Цыбырты Валодя æмæ æндæртæ», – загъта Цхинвалы районы культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.