Ацы бонты йæ цардæй ахицæн Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт артист, бирæнымæц цытджын дунеон конкурсты премиты лауреат Къæбысты Асланбег (Пыцыкк) Григорийы фырт. Курдиатджын кафæг бирæ азты дæргъы къухдариуæг кодта Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-æн. Æцæг адæмон артист ссис йæ адæмы кады æмæ уарзты аккаг. Уый йе ‘ппæт æмбаргæ цард снывонд кодта республикæйы национ традицитæ æмæ хореографион культурæ бахъахъхъæнынæн. Къæбысты Аслан, куыд Уæрæсейы, афтæ дунейы алыгъуызон сценæты дæр йæ ралæудыдтæй парахат æмæ зонын кодта ирон культурæ æмæ кафтимæ. Уый цытджын æгъдауæй ныгæд æрцыд горæт Мæскуыйы. Курдиатджын артистæн йæ фæдзæхст уыд, цæмæй йæ ныгæнæн боны хуссарирыстойнаг сценæмæкæсæгæн æвдыст æрцыдаид, бирæ азты дæргъы кæмæн фæлæггад кодта, уыцы паддзахадон ансамбль «Симд»-ы концерт æмæ йын йæ фæндон сæххæст кодтай ансамблы разамынад.

6-æм июлы йæ цытæн киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд «Симд»-ы концерт, цыран йæ хайадисджытæ сценæмæкæсæджы размæ рахастой сноггонд программæ. Уыцы бон уырдæм æрбамбырд бирæ адæм, æгæрыстæмæй, сын бандæттæ дæр не сфаг ис. Концертмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Концерт райдыдта иу минут æмырæй алæууынæй æмæ арфæйаг тыхджын къухæмдзæгъдæй. Уый фæстæ концертамонæг загъта: «Къæбысты Аслан 60 азы снывонд кодта ирон кафты сфæлдыстадæн æмæ афтæмæй бирæ фæлæггад кодта йæ райгуырæн Ирыстонæн. Уый ирон культурæимæ зонгæ кодта æнæхъæн дунейы. Йæхæдæг уарзта афтæ дзурын: «Æз уыдтæн 37 капиталистон бæстæйы æмæ дзы иууыл тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыд Бразили». Ирыстоныл æрцыд æнæбаххæстгæнгæ зиан», – загъта уый.

Адæймаджы хъусдард здæхт фыццаг цæмæ æрцыд, уый уыд, ансамбль сценæмæ куы рахызт национ кафт «Симд» сæххæст кæныны тыххæй, уæд дзы кæй уыд ног артисттæ дæр. Ансамблы кафынц æвзонг курдиатджын артисттæ – рæсугъд лæппутæ æмæ чызджытæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг уымæ гæсгæ цыппар чызджы æмæ цыппар лæппуйы ансамбль «Симд»-мæ рахызтысты Цхинвалы районы администрацийы культурæйы управленийы цур архайæг адæмон кафты ансамбль «Амонд»-æй. Уыцы изæр æххæст æрцыдысты ахæм кæфтытæ куыд: «Симд», «Хонгæ кафт», «Абхазаг кафт», «Хæххон кафт», «Чызджыты лирикон кафт» æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зындгонд «Алайнаг кафт» дæр, кæцы ссис ансамблы визитон карточкæйы хуызæн. Ацы кæфтытæм бахастой серьезон композицион ивындзинæдтæ. Афтæ ма сценæмæкæсæджы зæрдæмæ тынг фæцыдысты бынтон ног хореографион композицитæ «Уарзондзинады тыххæй легендæ», «Мады зæрдæ» æмæ вокалон-хореографион композици «Бæрæгбон Ирыстоны». Уыдоныл дæр сценæмæкæсæг æмбæлд тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Ног кæфтытæ сæвæрдта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, балетмейстер-æвæрæг Тедеты Руслан. Балетмейстер уый размæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, уый рагæй бæллыд Хуссар Ирыстоны адæмæн кафт «Мады зæрдæ» балæвар кæнынмæ.

Уыцы изæр ма сценæмæкæсджыты зæрдæтæ барухс кодта паддзахадон ансамблы нæлгоймæгты хор дæр, кæцы сценæ-йыл ралæууыд РХИ-йы сгуыхт артисткæ, зæрæггæнæг, гармоныл цæгъдæг Саппиты Залинæйы сæргълæудæй. Хоры уæнгтæ сæххæст кодтой ахæм зарджытæ, куыд: «Мæ Иры фæсивæд», «Абхазаг зарæг», «Айнæджы тыххæй зарæг», «Лæууы ма мæ зæрдыл», «Цола», «Алантæ», «Мæ Ирыстон» æмæ æндæртæ.

Концерты кæрон сценæмæкæсджытæн сæ хъарм ахасты тыххæй арфæйы ныхæстæ загъта Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы директор Гаглойты Ростик: «Стыр бузныг, абон нæм кæй æрбацыдыстут æмæ нын нæ коллективæн кæй скад кодтат, уый тыххæй. Бар мын радтут æмæ раарфæ кæнон нæ паддзахады сæргълæууæг Тыбылты Леонидæн йæ хъусдарды тыххæй. Стыр бузны, рæстæг кæй ссардтат æмæ нæм кæй æрбацыдыстут, уый тыххæй. Æхсæнады размæ ансамблы сноггонд программæ рахæсгæйæ, æз аивадон советы хъуыдыйæ фылдæр æууæндын публикæйы реакцийыл. Абон сценæмæкæсджытæ ансамблы артисттыл куыд хъармæй æмбæлдысты, уымæ гæсгæ мæнæн фидарæй мæ бон зæгъын у, сноггонд программæ кæй рауад æнтыстджын», – загъта ансамблы директор.

Концерты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти: «Мæн фæнды банысан кæнын, Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы рæзты конкретон фарстытæ кæй сты республикæйы къухдариуæгады хъусдарды бын. Абон мах федтам, нæ республикæимæ иумæ кæй æндидзы нæ ансамбль, нæ традицион аивад дæр. Бонæй-бонмæ хуыздæр кæны ансамблы артистты арæхстдзинад», – загъта уый.

Балетмесйтер  Тедеты  Руслан дæр нæ басусæг кодта йæ хъуыдытæ: «Тынг ныл цин кодтой сценæмæкæсджытæ æмæ уый мæнæн уыд тынг æхсызгон. Иумиагæй сисгæйæ, ансамблы къорд у тынг хорз. Стыр бузныг зæгъын Гаглойты Ростикæн, уый мæ фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ æмæ мæ базонгæ кодта ансамблимæ. Кафт «Бæрæгбон Ирыстоны» кæй сæвæрдтон, уымæй мæ фæнды равдисын, цæмæй Ирыстоны бæрæгбонтæ куы уа, уæд алыхатт дæр цин кæной æмæ хъæлдзæг уой ирыстойнаг адæм. Ис мæм бирæ сфæлдыстадон идеятæ, фæнды ма мæ ноджы сæвæрын цалдæр кафты. Ныфс мæ ис, уыдонмæ дæр хуссарирыстойнаг сценæмæкæсæг райзæрдæйæ кæй бакæсдзæн», – загъта Тедейы фырт.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ уыцы изæр æппæт сæххæстгонд номыртæ æмæ ногдзинæдтæ тынг кæй фæцыдысты сценæмæкæсджыты зæрдæмæ. Уый та бæрæг уыд артисттæ иууылдæр сценæмæ куы рахызтысты, уæд сын публикæ тыхджын къухæмдзæгъд кæй кодта, уымæй дæр.

Чертхъоты Жанна

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.