Адæймаг куы райгуыры, уæдæй йын суанг йæ амæлæты онг æппæты ахсджиагдæр вæййы æнæниздзинад. Фæстаг иу азы дæргъы зæххы къорийыл æппæт адæймагад бахауд пандемийы уацары. Ног вирус Covid 19 æрхæццæ ис махмæ дæр, фæзындис нæм тынг бирæ рынчынтæ, хъыгагæн, бирæтæ не сфæрæзтой карз низ æмæ  баисты йæ амæттаг…

Сентябры мæйы нæ республикæйы вирусон низ Covid 19 куы фæзынд, уæд дзы чи фæрынчын ис, уыдонæй у Полинæ дæр. Фыццаг бон уал уый йæхи банкъардта фæллад, рыстысты йæ уæнгтæ, йæ хъуыр. Уæд фенхъæлдта, цыма  йыл грипп бахæцыд. Дыккаг бон йæ тæвд схызт æмæ йæ уавæр ноджы февзæрдæр ис. Грипп æмæ вирусты ныхмæ антибиотиктæ бæргæ райдыдта нуазын, фæлæ сæ йæ уавæр ницы хуыздæр кодта. Уыйхыгъд бонæй-бон кодта æвзæрдæр. Уæд йæ бинонтæ бахатыдысты нæ республикæйы РММЦ-йы поликлиникæйы хайады дохтырмæ, цæмæй рынчыны басгæрстаиккой. Дыккаг бон, æцæгæй дæр, æрбацыдысты тагъд æххуысы сæрмагонд бригадæ, кæцытæн уыд хæслæвæрд, цæмæй коронавирусы симптомтимæ рынчынты бæрæг кодтаиккой хæдзæртты. Уыдон ын сбарстой йæ сатураци æмæ ацыдысты. Кæд сатураци нормæйыл уыд, уæддæр сылгоймагæн йæ тæвд нæ хауд, æмæ та ногæй бахатыдысты хайады дохтырмæ, цæмæй йын сарæзтаиккой компьютерон томографи æмæ тест, фæлæ… Хайады дохтыр цыма Ирыстоны дæр нал уыд… Поликлиникæйы йæ куы агуырдтой, уæд сын загътой: «Хъуамæ бынаты уа, дарддæр – нæ зонæм…». «Телефон исгæ нæ, фæлæ йæ æвæццæгæн «æгæр стыхсын кодтам» æмæ номыр сæвæрдта «черный список»-ы», – загъта Полинæйы хион…

 Уыцы бонты нæ республикæйы уавæр уыд тынг æндыгъд. Кæд не ‘мбæстæгтæ тынг хорз зыдтой, карз низ æнæмæнг кæй фæзындзæн махмæ дæр, æмæ цæттæ уыдысты моралон æгъдауæй, уæддæр тас æмæ цъиувæдис разындысты тыхджындæр æмæ анхъæвзта вирусы уылæн. Инфекцион рынчындон байдзаг. Бахъуыд сывæллæтты реабилитацион центры æмæ рынчындоны дæр инфекцион хайад бакæнын.

Полинæ, бирæ æндæр рынчынтау, дарддæр хос кодта хæдзары æнæ дохтырты æххуысæй. «Бирæ кæдæмдæрты адзырдтой мæ бинонтæ, цæмæй нын уыдаид дохтыры æмбæлон æххуыс, фæлæ нын аккаг дзуапп ничи радта. Ме ‘фсымæры чызг кусы Дзæуджыхъæуы рынчындæттæй сæ иуы. Куыста коронавирусæй рынчынтимæ дæр æмæ зыдта, низы ныхмæ цы препараттæй хъæуы тох кæнын, уый. Уый амындмæ гæсгæ райдыдтон судзинтæ æмæ капельницæтæ аразын. Æмæ табу Хуыцауæн…», – зæгъы сылгоймаг. Кæд рынчыны уавæр цадæггай хуыздæр  кодта, уæддæр йæ бинонтæ тыхстысты, кардзыд кæй уыд, уымæ гæсгæ. Фæндыд сæ саразын лабораторон басгæрст кæнæ компьютерон томографи. Цæмæй уыдон сарæзтаиккой, уый тыххæй та бары гæххæтт хъуыд поликлиникæйы хайады дохтырæй. Хайады дохтыр та, фæстæдæр куыд базыдтой, афтæмæй бакодта бюллетень æмæ нæ куыста.

«Мæ мадæн кæд хос кодтам, уæддæр йæ тæвд нæ хауд дыууадæс боны дæргъы. Коронавирусæй рынчынтæ  цы уавæрты уыдысты, уый хъусгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тарстæн. Фæндыд мæ сбæлвырд кæнын йæ низыхатт, фæлæ куыд? Уæд интернеты фæрцы бахатыдтæн Югоспотребнадзоры хистæр Коцты Маринæмæ, цæмæй мын тест саразынæн баххуыс кодтаид.  Маринæ куыддæр бакаст мæ фыстæг, афтæ мын ныффыста йæ телефоны номыр æмæ загъта, цæмæй йæм адзырдтаин, кæд æхсæвы 1 сахатмæ æввахс уыд, уæддæр. Дыккаг бон æнæхъæн бинонтæй сарæзтам тестытæ, цалдæрæн нæ сбæрæг ис коронавирус, уыцы нымæцы – Полинæитæн дæр», – радзырдта сылгоймаджы бинонтæй сæ иу. 

Ныртæккæ нæ республикæйы коронавирусæй рынчынты нымæц фæкъаддæр, бæрæг фæхуыздæр сты, иу мæйы дæргъы не ‘мбæстæгтæй 27 адæймаджы уд чи ахаста, уыцы карз низы ныхмæ тох кæныны уавæртæ дæр фæзынд, æввахс рæстæджы карз низ бынтондæр кæй ныссабыр уыдзæн, ахæм ныфс  æмæ Табу Хуыцауæн!

Сæвзæры ахæм фарст: «Цымæ йæ адæмы мæлæтдзаг низимæ тыхст уавæры чи ныууагъта æмæ йæхи чи бафснайдта, уыцы афтæхуыйнæг «дохтыртæ» æппын иу хатт дæр нæ ахъуыды кодтой, медицинон ахуырад исгæйæ кæй радтой, уыцы ардбахæрдыл кæнæ сæ æппын сæ намыс нæ бахъыгдардта, се ‘мкусджытимæ, сæ бæсты чи куыста, уыдонимæ сæ мæйы мыздтыл сæ къухтæ куы æрфыстой, уæд?

Ирыстоны кæд ныртæккæ цавæрдæр хæццæ уавæр сæвзæрд, уæддæр не ‘хсæн ис цæсгомджын, бæрндзинад чи æнкъары æмæ йæ адæмы хæрзиуæгыл чи архайы, ахæм адæм. Мæн уырны, ахæмты руаджы сæвзæргæ уавæр тагъд йæ гаччы кæй æрбаддзæн, уый.

Полинæ рынчын ахаста æнæхъæн мæй, ныр слæууыд йæ къахыл. Схос кæнынæн ын  йæ бинонтæй дарддæр чи баххуыс кодта, уыдон сты Коцты Маринæ, сывæллæтты рынчындоны медицинон хо Хуыгаты Мадинæ æмæ Дзæуджыхъæуы инфекцион рынчындоны медицинон хо Битеты Эльмæ. Уыдонæн зæгъы бузныджы ныхæстæ: «Кæддæриддæр ут фæразон, хæларзæрдæ æмæ уæ разылæууæг вазыгджын хæстæ æххæст кæнут ныфсджынæй æмæ æнæзæрдæхудтæй. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ амонды фæндиæгтæ».

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.