«Хуссарирыстойнаг æвзонг спортсментæ дыууæ æвзист æмæ дыууæ бронзæ майданы рамбылдтой Дзæуджыхъæуы  самбойæ уагъдцæуæг Советон Цæдисы спорты мастер Авет Киракосяны номарæн турниры», – хъусын кæны тренер Хъотайты Дмитри.

«Плиты Ибрагим æмæ Быценты Игорь бацахстой дыккаг бынæттæ 38 кг онг æмæ 71 килограммы уæзы категориты. Дыууæ дæр архайдтой æнтыстджынæй, фæлæ сæм финалы спортивон амонд нæ бахудт», – загъта спортсменты тренер.

Ерысты Кобесты Таймураз æмæ Уалыты Герман  бахаудтой фыццаг æртæ тыхджындæр самбистты номхыгъдмæ 50 кг онг æмæ  59 килограммы уæзты категориты. Турниры хайад райстой РЦИ-Аланийы, Ставрополы край, Кæсæг-Балхъар, Мæхъæл æмæ Хуссар Ирыстоны командæтæ.

 Уалыты Герман ма æв-зист призер ссис дзюдойæ Кæсæг-Балхъары  горæт Терчы уагъдцæуæг спорты мастертæм кандидат Вадим Шамоховы номарæн турниры. Герман хæцыд 55 кг уæлæмæ уæзы категорийы. Уый æртæ тохы акодта æнтыстджынæй, фæлæ скъуыддзаггæнæг тохы фембылд уæззаудæр ныхмæлæууæгæн. Хуссарирыстойнаг спортсментæ тренировкæ кæнынц Сывæллæтты-æвзæнгты республикон комплексон спортивон скъолайы Хъотайты Дмитри æмæ Касаты Ацæмæзы къухдариуæгады бын.

7-æм марты хуссарирыстойнаг æвзонг спортсментæ ацæудзысты Беслæнмæ самбойæ республикон æвзарæн турниры хайад райсынмæ, кæцыйы уæлахиздзаутæ балцæгтæ райсдзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионатмæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.