Фыдыбæстæ. Райгуырӕн зӕхх. Цас стыр хъуыды ис ацы дыууӕ дзырды. Цӕй адджын стут адӕймагӕн, куыд не ‘фсӕды цӕст уӕ уындӕй. Адæймаг йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акæны, уымæн ницӕимӕ ис абарӕн. Фыдыбӕстӕ мах хонӕм, кæм райгуырæм, уый, уымӕн ӕмӕ ам цардысты нӕ фыдӕлтӕ, стӕй уыдоны фыдӕлтӕ, ам дзурӕм нӕхи мадӕлон ӕвзагыл. Райгуырӕн зӕхх у ныййарӕг мадау адджын, нӕй йын рохгӕнӕн, кæдæмфæнды куы фæцæуай, уæд дæр. Фыдыбæстæ лӕгӕн ӕвзаргӕйӕ нӕу, раив-баивгӕнӕн ын нӕй. Уый кæддæриддæр вæййы иу.

Цард диссаг у. Хатт дæ хъысмæт кæдæм нæ ахæсдзæн. Нӕ адӕмӕй бирӕтӕ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, ома, гуырдзиаг-ирон хæсты фæстиуæгæн, цардагур фæцыдысты Уæрæсемæ, фӕсарӕнтӕм. Уыдон не ‘мбæрстой, сӕ фынты дӕр сæ райгуырӕн уӕзӕг кæй уындзысты, уый. Ӕнӕ Фыдыбӕстӕ  цыфӕнды хорз цард дӕр цард нӕу. Абон мӕ ныхас уыдзӕн не ‘мбӕстаг Габеты Виталикыл. Уый  райгуырдис 1963 азы Ленингоры районы Абреуы хъӕуы. Уым бацыдис скъоламӕ дӕр, фӕлӕ йӕ 2-ӕм къласӕй йӕ ныййарджытӕ акодтой ацы районы скъола-интернатмӕ. Уӕды рӕстӕджы, не ‘ппӕт дӕр ӕй зонӕм, адӕм цыбыркъух уыдысты, уымӕ гӕсгӕ лыгъдысты хуыздӕр цардагур. Кæй зæгъын æй хъæуы, Виталикы ныййарджытӕ дӕр хъуыды кодтой сӕ лӕппуйы сомбоныл ӕмӕ 1991 азы ацыдысты ӕмӕ ӕрбынат кодтой Цӕгат Ирыстоны Урсдоны хъæуы.

«Дыууӕ Ирӕн иу зӕрдӕ ис, иу ӕнкъарӕнтӕ дзы абухынц цины дӕр, масты дӕр, фыдохы дӕр. Иу истори, иу культурӕ сын ис, иу бӕллицтӕ сыл садзынц базыртӕ, иу сагъӕстӕ ӕмӕ мӕт сӕ хӕры. Фӕлӕ цалдӕр азы мӕ Райгуырӕн хъӕуӕй дард цӕргӕйӕ, ӕз иу бон дӕр никуы ферох кодтон мӕ фыдыуӕзæг, ӕппынӕдзух дӕр мӕ хъуыдытæ уыдысты  мӕ райгуырӕн хъӕуимӕ. Ирон ӕмбисонд раст у: Райгуырӕн хъӕу – мадау адджын у»,- дзырдта йӕ мысинӕгтӕ Габеты Виталик.

Уымæн 2008 азы куыддæр фадат фæцис, афтæ иу уысм дæр нал бафæстиат æмæ æрцыд, цы зæххыл райгуырд, цы къæсæрæй рахызт, уыцы хъæумæ. Æрцыд, фæлæ ма, хъыгагæн, æрыййæфта æрмæстдæр йæ хæдзары къултæ. Йæ фыды хæдзар ныппырх æмæ цæрынæн нал бæззы. Уæд Виталик æххуысмæ бахатыд уæды районы администрацийы къухдариуæггæнæг Мамытаты Виталикмæ.

«Æз бахатыдтæн районы къухдариуæгадмæ. Уый мын ныфс бавæрдта цæрæн хæдзар самал кæнынæй 2019 азы кæронмæ. Æмæ йæ ныхас сæххæст кодта. Ацы хъуыддаджы мын стыр æххуыс бакодта Ленингоры районы парти «Иугонд Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Дриаты Спартак æмæ мын лæвæрд æрцыд дыууæ хатæны раздæры сабидоны бæстыхайы дыккæгæм уæладзыджы. Стыр бузныг сын зæгъын, мæ тыхст рæстæджы мæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй. Хатæнтæ кæд æдзæллаг уавæры сты, уæддæр уый сæйраг нал у. Мæ бон куыд уа, афтæ йæ сцалцæг кæндзынæн æмæ уæд æрцæрдзыстæм нæ ног хæдзары. Фæлæ иууыл хуыздæр та уаид мæ Райгуырæн хъæу Абреуы мын цæрæн вагон уæддæр куы æрæвæриккой, уый, уымæн æмæ мын мæ хъæуы ад ницы скæндзæн», – загъта Габеты Виталик.

Ацы районы сабидоны бæстыхай нал кусы 2015 азæй фæстæмæ. Уымæ гæсгæ йæ рацарæзтой дыууæуæладзыгон цæрæн хæдзармæ, кæцы бирæ-бæрцæй фæрог кодта цæрджыты цæрæнуатон проблемæтæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.