Ирыстон ирон сылыстæгæй æргом ныхас æппæты фыццаг Кочысаты Розæйæ фехъуыста. Кæд йæ цард хæрзцыбыр уыд, уæддæр Ирыстоны арвыл баззад æрфæныфæдау. Æгæрстæмæй та уымæн дæр æххæстæй бæрæг-бæлвырд нæу, цардмæ кæцы аз фæзынд, уый. Иуæй-иу зонæнтæм гæсгæ райгуырд 1888 азы, æндæр æрмæджытæм гæсгæ та – 1886 азы. Дзырдтой, нæ фыццаг ирон сылгоймаг-фыссæджы æнувыд уарзт кæй кодта нæ фыццаг ирон-прфессор Æлборты Барысби. Уымæ гæсгæ растдæр уаид, Розæйы райгуырæн азыл, Барысби кæцы аз нымайы, уыцы информацийыл æнцой кæнын. Кæд афтæ у, уæд ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 135 азы. Æниу… Йæ цыбыр, фæлæ рæсугъд æмæ мидисджын царды тыххæй уадиссаг ницы зониккам, Барысби куынæ уыдаид, уæд…

Уæрæсейы пролетариаты тохы цæхæртæ апырх сты æгас бæстæйыл. Се стъæлфæнтæ схæццæ сты Ирыстоны фæллойгæнæг дзыллæтæм дæр. Уыдонæн сæ сæргъы прогрессивон интеллигенци æмæ кусæг адæм, афтæмæй социал-демократты (большевикты) партийы разамындæй сыстадысты сæ бартæ райсынмæ, революцийы фæуæлахизы тохмæ.

Уыцы æхсæнадон-политикон цаутæн æвдисæн уыди нæ фыццаг сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæ дæр. Уый 1904-1905 азты ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы. Куыд рабæрæг, афтæмæй Розæ баст уыдис уæды рæстæджы революцион куыстгæнæг фæсивæдимæ. Уыдоны руаджы уымæн йæ бон баци йæ дуджы алы цаутæм раст социал-политикон цæстæнгасæй акæсын.

Ирон театры хъуыддаг æппæты разæй райдыдта Олгинскæйæ. Ацы хъæуы 1904 азы æвæрд æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Уæрæседзау». Уыдоны нæ уыди сылгоймаджы рольтæ. Уымæ гæсгæ Розæ сфæнд кодта, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ кæм архайдтаиккой, ахæм пьесæтæ ныффыссын.

Ноджы ма Розæйы æмæ иннæ прогрессивон олгинскæйаг сылгоймаг-фæсивæды цырен кодтой æмæ æхсæны куыстмæ арæзтой революционертæ Мамсыраты Саханджери æмæ Байаты Чермен. Уыдоны уынаффæмæ гæсгæ Олгинскæйы ахуыргæнинаг чызджытæ сарæзтой сылгоймæгты драмон къорд, уымæн æмæ уыцы рæстæджы чызджытæй лæппутимæ сценæйы чи ахъазыдаид, уый æмбисондæнхæссинаг фæкодтаиккой. Фæлæ уæддæр революцийы тæваг фæуæлахиз, æмæ Олгинскæйы 12 чызджы, семæ – Розæ дæр, афтæмæй райдыдтой æхсæнадон-политикон æгъдауыл ахуыр кæнын. Къорд æппæты фыццаг бакастысты æмæ равзæрстой Чернышевскийы роман «Что делать?». Уый сын бацамыдта легалон уавæрты адæмы рухсдзинадыл кусыны мадзæлттæ. Уыцы рæстæгмæ Розæ ныффыста 3 пьесæйы: «Зæхх – ме ‘вдисæн, хур – мæ комдзог», «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас?», «Гæды лæг», кæнæ «Нæ пъырыстыф сæрра».

Уыдон æвæрд æрцыдысты Олгинскæйы «театры». Уый та уыди Æлдаттаты Татыны сарайы. 12 «артисткæйы» æрвылбон æмбырд кодтой уыцы ранмæ. Уырдæм цæуыны тыххæй сын фидис ничи бакодтаид, уымæн æмæ уым цардысты æрмæст сылгоймæгтæ. Татыны чызджытæ сæхæдæг дæр уыдысты сылгоймæгты драмон къорды уæнгтæ.

Олгинскæйы фæстæ Розæйы пьесæтæ (1906 азы) æвæрд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы дæр. Гъе, афтæ уыдоны руаджы ирон чызджытæ зынын байдыдтой сценæйыл, нæлгоймæгты рольтæ дæр хъазгæйæ.

Розæ астаздзыдæй Олгинскæйы сылгоймæгты 2-къласон скъола каст куы фæци, уæд бацыд Дзæуджыхъæуы ирон чызджыты приютмæ. Уым Розæ бакаст æртæ азы, фæлæ фæстаг, цыппæрæм, кълас нæ фæци, уымæн æмæ йæ фыд Псийæн йæ бирæ бинонтæ зын дарæн уыдысты.

Уыцы рæстæджы Розæйы æфсымæр уыд афицер æмæ куыста Ташкенты. Уым йæ хойы бакодта сылгоймæгты гимназы 3-аг къласмæ. Дыууæ азы фæстæ Розæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ ссыд æмæ йæхи цæттæ кæнын байдыдта сылгоймæгты 1-аг гимназы 6-æм къласмæ. 1904 азы фæлварæнтæ радта æмæ йæм бацыд, фæлæ дзы афæдзы æрдæг йедтæмæ нæ фæци.

1907 азы Розæ смой скодта, фыццаг цардис Лабæйы, стæй та Алагиры æмæ Æрыдоны. Амарди 1910 азы.

Кочысаты Розæ уыди курдиатджын фыссæг æмæ публицист. Уый бæрæг у йæ уацмысты, стæй сæ куыд тагъд фыста, уымæй дæр. Розæ йæ рæстæгмæ гæсгæ уыди зондджын æмæ ныфсджын сылгоймаг. Йæ ныййарджытæ йын цы зæронд патриархалон фæндæгтæ амыдтой, уыдоныл цæуыныл нæ разы кодта æмæ уыцы зæронд æгъдæуттимæ хæцгæйæ фæхъуыд.

Кочысаты Розæйы сфæлдыстад кæд бæрцæй бирæ нæу, уæддæр йæ уацмыстæ сæ идейон-аивадон бæрæггæнæнтæ æмæ политикон ахадындзинадæй ирон адæмæн зынаргъ сты.

«Гæды лæг», кæнæ «Нæ пъырыстыф сæрра». Ацы пьесæ у ирон аргъаумæ гæсгæ фыст, æрмæст пъырыстыфыл худын аргъауы афтæ æргом нæу. Розæ пьесæ фыста 1905 азы революцийы бонты æмæ аргъауы политикон арæзт йæ пьесæйы фергомдæр кодта. Дыккаг ном «Нæ пъырыстыф сæрра», зæгъгæ, дæр ыл уый тыххæй сæвæрдта.

Ацы уацмысы Розæ æвдисы, хæдхæцæг паддзахы хъузæттæ мæгуыр фæллойгæнæг адæмы бынтон ницæуыл дæр куыд æфхæрдтой, уый. Фыссæг йæ пьесæйы архайджыты дзыхæй пъырыстыфы хоны æрра, адæмы удхарæй кæй мардта, уый тыххæй. Уыцы заман ахæм хицауæй афтæ зæгъын нымад уыдис фыдракæндыл.

Розæйы чысыл комеди «Гæды лæг» у юморæй йедзаг, Умарханы æмæ иннæ архайджыты фыссæг æвдисы зæрдæхъæлдзæгæй. Æнахуыр хабæрттæ ис пьесæйы: пъырыстыфы сæррайæ уæлдай ма мæгуыр бинонтæн сæ къæппæг æрцахста кæсаг, се ‘нгуыр та – тæрхъус.

Умарханы фæлгонц у ирд: кæд уый хицауы раз йæхи ницæйаг лæгæй æвдисы, уæддæр йæ зонд йæхимæ ис æмæ æнцонæй афæливын фæразы пъырыстыфы дæр, кулеры дæр æмæ йæ усы дæр.

Комеди у адæмон æвзагæй фыст. Уымæн æвдисæн сты сылгоймаджы æбуалгъ æлгъыстытæ, зæгъæм: «Исчи дæ амара, уæвгæйæ та, ахæм лæджы!», «Къомиан мæ æрбабын кодта, – йæ хъæбулы фыдтæ ахæра.», «Хæрзбын бауай, дæ туг баназай!», «Хæрæджы тъæнгтæ бахæр!» æмæ афтæ дарддæр.

Комедийы уыцы заман æвдыст цæуы, æцæгæй куыд уыди, афтæ æргомæй. Гъе, уый тыххæй мах ацы уацмыс нымайæм, царды уаг реалон æгъдауæй чи ныв кæны, ахæм аив фыстыл.

Автор йæ пьесæ «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас»-ы тох кæны зæронд æгъдæутты ныхмæ. Уый фæрсы: «Цы у тыхджындæр – уарзондзинад æви фыдæлты æгъдау æххæст кæнын?» æмæ йæхæдæг зæгъы: «Уарзондзинад фыдæлты æгъдæуттæй тыхджындæр у». Уый уымæй бæрæг у, æмæ пьесæйы хъайтар йæ фыды ныхасмæ нæ байхъуыста, нæ фæхудинаг кодта йæ уарзон чызджы, фæлæ амардта уый дæр æмæ йæхи дæр. Пьесæ тынг тыхджын у зæрдæйы быцæудзинадæй. Цы бакæна мæгуыр лæппу: йе стыр бæллицты фæдыл ацæуа æви сæ ныхмæ ныллæууа, йæ уарзондзинады сæрты ахиза?

«Зæхх – ме ‘вдисæн, хур – мæ комдзог». Ацы пьесæйæн йæ къухфыст фесæфти. Баззад ма æрмæстдæр, Розæ йæ фыдæй кæй фехъуыста æмæ йæ уацмыс кæй бындурыл ныффыста, ахæм таурæгъ. Уымæ гæсгæ, стæй, пьесæ чи федта, уыдоны ныхæстæм æмæ, мæхæдæг куыд фехъуыстон, уымæ гæсгæ йын æз йæ апп сбæлвырд кодтон. Уый ацы чиныджы лæвæрд цæуы уæлæмхасæны хуызы.

Розæ йæ уацмысы æвдисы стыр хъуыды: æвзæрдзинад, уæлдайдæр та стыр фыдракæнд, лæгмарын никуы басусæг уыдзæн. Зындгонд у, Октябры революцийы агъоммæ-иу ирон адæм ницæйы тыххæй дæр хаттæй-хатт кæрæдзийы туг куыд калдтой, уый. Уымæ гæсгæ, Розæйы пьесæ дзыллæты арæзта хи уромыны æгъдау-мæ.

«Нæ Иры чызджытæм». Ацы публицистон уац у ирæды ныхмæ арæзт. Уыцы хъуыддаг Октябры революцийы размæ ирон адæмы æхсæн ахста стыр бынат. Уый фæдыл-иу æрцыди бирæ фыдбылызтæ. Чызгæн нæ уыд йæхицæн къай равзарыны бар, йæ бинонтæ йæ ирæдыл уæй кодтой бонджындæрæн –  æхца, мулк фылдæр чи радтаид, ахæмæн.

Нæ Иры прогрессивон ахуыргонд адæмæн уыцы хъуыддаг сæ зæрдæмæ рагæй дæр нæ цыд, æмæ йæ ныхмæ тох кодтой. Уыдон бирæ тæрхæттæ рахастой, стыр ирæд цæмæй мауал истаиккой æмæ йæ фæдыл бæллæхтæ куыд нал цыдаид, уый тыххæй.  Кочысаты Розæйæн æнæзонгæ нæ уыдысты уыцы хабæрттæ, уымæн æмæ Олгинскæйы дæр ирæды хъуыддаг тыхджын уыдис.  Уыцы рагон зианхæссæг æгъдау фесафынмæ Розæ йæ хъару сарæзта æмæ йæ ныхмæ ныффыста карз уац «Нæ Иры чызджытæм». Æрвнæрæгау айхъуысти уый канд Олгинскæйы æмæ Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны дæр. Розæйы размæ ахæм прогрессивон хъуыдытæ мыхуыры иу ирон сылгоймаг дæр нæ радзырдта.

Фыссæг йæ уацы сиды æгас Ирыстоны сылгоймæгтæм, цæмæй уыдон сæхæдæг райдайой сæ бартыл хæцын, цæмæй сæхи уæй кæнын ма уадзой ирæдыл, цæмæй сæ ма дæттой моймæ æвæндонæй, æнæуарзон лæппутæн, сæрибар уой патриархалон æгъдæуттæй…

Ирон сылгоймаджы цагъарæй фервæзыны хъуыддаг Розæ æргомæй бæтты Уæрæсейы 1905-азы революциимæ æмæ йæ уацы фыссы: «Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ талынг ахæстæтты куы мæлынц, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: «…æз дæ хъæбул дæн æмæ мæ цагъайраджы уæй ма кæн!»

Розæйы уац йæ ныййарджыты, стæй адæмы иу хайы зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ йын стыр мæт асайдта. Уымæ гæсгæ, куы йæ ныффыста, уымæй дыууæ азы фæстæдæр æрцыд мыхуыргонд. Фæлæ уæддæр амынд уыд æрмæст йæ фæсномыг – «Ирон чызг. Олгинскæйæ».

Розæ канд ирæды ныхмæ нæ лæууыди, фæлæ, фыдæлты æвзæр æгъдæуттæй чи баззади, уыдонæн се ‘ппæты ныхмæ дæр: чызджы скъæфты, уайсадыны, туг исыны, хист кæныны æмæ æндæр ахæмты ныхмæ.

Кочысаты Розæ бирæ нæ ацард, бирæ саразын ын нæ бантыст, фæлæ уæддæр йæ чысыл сфæлдыстадæй амыдта, сылгоймаджы бартæ фæхуыздæрыл куыд хæцын хъæуы, ирон зæронд æгъдæуттыл бахъоды кæнын кæй хъæуы, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.