17-æм январы нæ горæты скъола-интернаты уыд æцæг бæрæгбон. Уыцы бон  скъола-интернаты сывæллæттæн  поэт æмæ æхсæнадон архайæг Чехойты Оля ауагъта хæрзаудæн акци. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ивгъуыд аз ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми чи райста, уыдонæй иу уыд Чехойты чызг. Ацы кадджын премийæ лауреатты схорзæхджын кæныны церемонийы Оля æрæмбырдуæвджыты раз фидарæй загъта, зæгъгæ, уый ацы премийы æхца  адих кæндзæн  скъола-интернаты сидзæр сывæллæттыл æмæ йæ дзырды хицау разынд.

Мадзалмæ фæуазæг сты ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, профессор Плиты Гацыр, университеты ахуыргæнæг Хуыгаты Илья, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат, Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ Гаглойты Элисайы сæргълæудæй æмæ æхсæнады æндæр минæ-вæрттæ, аивады архайджытæ. Мадзал сорганизаци кодтой скъола-интернаты организатор Харебаты Маринæ æмæ Икъаты Миленæ.

Икъаты Миленæ арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн Ног азы бæрæгбонты цытæн. «Цæй тыххæй цæрæм ацы дунейы? Цæмæй хорздзинад хæссæм æппæт адæмæн. Дунейы уæвынад кæнынц Уарзондзинад, Хæлардзинад æмæ Рæсугъддзинад, æрмæстдæр уыдоны фæрцы ис гæнæн амондджын суæвынæн. Уый та нысан кæны уарзондзинад лæвар кæнын, рæсугъддзинад аразын æмæ хæлардзинад тауын кæй у пайдайы хъуыддаг», – загъта уый. Экраныл æвдыст цыд Чехойты Оляйы тыххæй видеофильм.

Ныхасы рацыд скъола-интернаты директор Тедеты Роланд. Уый  арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн ногазон бæрæгбонты цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, скъола-интернатæн бирæ адæм æххуыс кæнынц. Сæ хъус нæм лæмбынæг дары нæ Хицауад. Президент Бибылты Анатоли нын æрæджы балæвар кодта автобус. 14 азы дæргъы нын чи æххуыс кæны, уыцы адæймæгтæй иу у Чехойты Оля. Ахæм бæрæгбон нæ вæййы æмæ ацы диссаджы сылгоймаг нæ хъомылгæнинæгтæн лæвæрттæ ма æрбахæсса, ма сын баххуыс кæна.

Уый фæстæ раныхас кодта Чехойты Оля. «Хуыцау зæгъæд æмæ цы æмбырд кæнæм æрмæстдæр хорз хъуыддæгты тыххæй. 2019 азы октябры мæйы мын саккаг кодтой Къостайы преми. Уæд загътон, зæгъын, ацы премийы æхца ратдзынæн сидзæр сывæллæттæн. Абон цы 21 сидзæр  сывæллоны равзæрстон, уыдонæй 20 сты Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ æмæ иу сывæллон та у Ленингоры сывæллæтты хæдзарæй. Ацы сывæллæттæн саразын кодтон æфснайæн чингуытæ (книжкæтæ), цæмæй сыл цалынмæ æстдæсгай азтæ сæххæст уа, уæдмæ сын райсыны бар ма уа. Уæдмæ сыл проценттæ дæр бафтдзæн. Чизоны сæ исчитæ ахуырмæ æндæр горæттæм сфæнд кæной, уæд сын фæндаггаджы æхца уæддæр уыдзæн. Уырны нæ, хорз чызджытæ æмæ лæппутæ кæй рацæу-дзысты, уый. Мæн мæ фыдыхо хъомыл кодта, фæлæ уæддæр саби йæ мадæй дарддæр никæмæ бадзурдзæн, Гыцци, стонг мын у, зæгъгæ. Ацы сывæллæттæ дæр мад мондаг цæстытæй кæсынц махæй алкæмæ дæр æмæ сыл баузæлæм, нæ хъæбысы сæ æрбакæнæм. Ныр та сын барухс кæнæм сæ чысыл зæрдæтæ», – загъта Чехойты чызг.

Уый фæстæ сценæмæ радгай цыдысты æмæ сæ æфснайæн книжкæтæ истой сидзæртæ ногазон лæвæрттимæ. Иумиагæй сисгæйæ,  скъола-интернаты 209 хъомылгæнинаджы иууылдæр райстой Оляйы фырт, уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты номæй  ногазон лæвæрттæ.

Æвджидарты номæй Оляйæн йе стыр æххуысы тыххæй арфæ ракодта Тыджыты Розæ. Уый куыд загъта, афтæмæй хъомыл кæны йе фсымæры мадæй сидзæр чызджы.

Оляйæн бузныджы ныхæстæ загъта медико-социалон центр «Аудындзинад»-ы дохтыр Уалыты Лидæ. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы сылгоймаг тынг бирæ лæггад кæны, пансионаты цы зæрæдтæ ис, уыдонæн. «Хъайтарты уынджы ма куы уыдыстæм, уæд нын Оля балхæдта  гауыз, фæлæ æгæр стыр кæй уыд, уымæ гæсгæ йын бынат нæ разынд. Фæлæ нæ ног бынатмæ куы ацыдыстæм, уæд нын тынг рабæззыд,  байтыгътам æй фоейы. Æрвылаз дæр сын бакæны ногазон лæвæрттæ».

Скъоладзаутæ кастысты Оляйы фыст æмдзæвгæтæ. Зарджытæ æмæ кæфтытæ кæрæдзи ивтой.  Оляйы фыст æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ сæххæст кодтой Гуцаты Нодар, Харебаты Тимур, Æлборты Малхаз, Саппиаты Зæлинæ.

Фыссæг Дыгъуызты Тенгиз банысан кодта: «Абон арæзт æрцыд ахæм бæрæгбон, кæцы æхцондзинад хæссы удæн. Срæсугъд æй кодта мæгуырты мад – Чехойты Оля. Абон ацы диссаджы хæларзæрдæ сылгоймаг равдыста стыр адæймагдзинад æмæ 21 ахуырдзауæн  радта царды фæндаг. Уыдон ын кувдзысты сомбоны».

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса та загъта, зæгъгæ, Оля йæхæдæг сидзæры уæззау бонтæ кæй арвыста, уымæ гæсгæ зæрдæйæ æнкъары сидзæрты хъысмæт. «Тынг фæдис кодтон, Оля цы хæрзиуæгон хъуыддаг сарæзта, ууыл. Дæ лæггæдтæ егъау сты æмæ нын дæ цæрæнбон бирæ уæд!».

Бехъмары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты Чехойты чызджы фыст æмдзæвгæтæ. Уый фæстæ раныхас кодта ацы хъæуы астæуккаг скъолайы директор Гæбæраты Зæлинæ. «Оляйы аккаг ныхæстæ æз не ‘ссардзынæн. 2002 азы йæ федтон фыццаг хатт. Уæд æй фæхуыдтам йæ номыл арæзт мадзалмæ. Не скъола зæххæнкуысты рæстæджы кæй ныппырх, уымæ гæсгæ ахуыры процесс уагъд цыд сабидоны. Фæлæ уым дæр æдас нæ уыд.  Оля нын нæ уæззау уавæр куы федта, уæд нын ныфс бавæрдта ног скъолайы арæзтадæй æмæ йæ ныхасы хицау разынд. Уырнгæ дæр нæ нæ кодта 1-æм сентябры ног скъолайы ахуыр кæндзыстæм, уый. Æрæджы та нын балæвар кодта вагон дæр. Уый у æнæхъæн комы ныфсы чызг, Нарты Сатанайы фæдон. Оля Бехъмары скъола йæхи фæрæзтæй кæй сарæзта, уый фæрцы хъæу нæ федзæрæг, ныййарджытæ сæ сывæллæтты æндæр рæттæм нæ акодтой. Бирæ нын фæцæр æмæ нын дæ ныфс бирæ уæд, нæхи Оля!».

Кæронбæттæны Оля радзырдта йæ мысинæгтæ, Бехъмары скъола куы арæзта, уæд цы зындзинæдтыл сæмбæлд, афтæ ма æндæр цауты тыххæй дæр.

Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ банысан кæнын фæнды уый дæр æмæ Чехойты чызг ныр æртæ азы фæд-фæдыл хайад кæй райсы паддзахадон телерадиокомпани «ИР»-ы хæрзаудæн проект «Бæллицты фонтан»-ы. Уый у иууыл фылдæр наутæ чи сисы, уыдонæй сæ иу. Ацы аз дæр та систа фондз науы æмæ барухс кодта æххуысхъуаг сидзæрты зæрдæтæ. Æнæ скойгæнгæ мын нæй 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фондæн Оля æрвыл ног аз дæр кæй бакæны ногазон лæвæрттæ, афтæ та уыд ацы аз дæр. Чизоны исчитæ ахъуыды кæной, зæгъгæ, йын ис æмæ лæггад кæны, фæлæ уый бынтон афтæ нæу, бирæ фæрæзджын адæм нæм ис, фæлæ уыдонæй бирæтæй иу сау каппек дæр нæ рантысдзæн. Ахæм лæггæдтæ чи кæны, уый у Стыр адæймаг.

Æмæ æцæгæйдæр,  ацы уæздæттæконд æмæ сæртæг сылгоймагæн цас  йæ бон у лæггад кæнын! Йæ зæрдæйы уыйбæрц адæ-мæн бынат куыд разыны, ууыл бирæ фæхъуыды кæнын. Иу зæрдæйæн цас йæ бон у уынын, быхсын, уарзын, æмбарын, маст кæнын, цин кæнын!.. 

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.