…Бирӕ сты йӕ лӕггӕдтӕ Фыдыбӕстӕйы раз зынгӕ революционер Козаты Шамелы фырт Разденӕн. Уый йӕ цард ӕгасӕй дӕр снывонд кодта революцийы хъуыддагӕн ӕмӕ уымӕн йӕ идеятыл йӕ царды кӕронмӕ уыдис ӕнувыд. Нӕ фӕрӕдыдис зынгӕ революционер Сиукъаты Габо, 1897 азы Бакойы нефткъахӕнты кусгӕйӕ Разденӕн социал-демократты организацимӕ бацӕуыны тыххӕй рекомендаци куы ратта, уӕд. Ирон адӕмы ‘хсӕн Габойы фӕстӕ уый нымад цыдис большевикты партийы иууыл рагондӕр уӕнгыл.

Бакойӕ ӕрыздӕхыны фӕстӕ Разден Ирыстоны адӕмы ‘хсӕн кодта революцион куыст. Уымӕй дарддӕр йӕ архайд анхъӕвзта Къахеты районтӕм дӕр. Уый ам сарӕзта 13 партион чыры. Уыдонӕн сӕ уӕнгтӕ се ‘ппӕт дӕр активон хайад райстой Гуырдзыстоны Советон хицауад ӕрфидар кӕныны сӕрыл тохты. 1920-ӕм азы Хуссар Ирыстоны партион конференцийы уый сæвзӕрстой зылдон комитеты уӕнгӕй. Уыцы конференцийы уымӕн ӕмӕ Рӕмонты Евгенӕн бахӕс ӕрцыдис Хуссар Ирыстоны растаг адӕмы меморандум Мӕскуымӕ, пролетарты фӕтӕг Ленинмӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Уыдон ацы бӕрнон хъуыддаг сыххӕст кодтой цӕсгомджынӕй. Уыдон ма ирон адӕмы номӕй ӕвзӕрст ӕрцыдысты Коминтерны 3-аг конгрессмӕ делегаттӕй дӕр. Конгрессы куысты рӕстӕджы Разден бацыдис фӕтӕгмӕ ӕмӕ йӕм ратта меморандум. Нӕ зонын, цас раст у, фӕлӕ дам, Ленин уый куы бакастис, уӕд афтӕ бакодта, «Ды мӕ ирон ӕмбал, уӕхимӕ нӕма ныххӕццӕ уыдзынӕ, афтӕмӕй ӕмбӕлон ӕххуыс уыдзӕнис бынаты», ӕмӕ йын мидбылхудгӕ йӕ къух нылхъывта. Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, Ленины хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕвзонг Советон хицауад, йӕхӕдӕг мӕгуыр, ихсыд ӕмӕ гӕвзыкк уӕвгӕйӕ Хуссар Ирыстоны растадонтӕн рарвыста стыр материалон ӕххуыс. Уыцы аз ма округон комитеты разамынд Раздены ноджыдӕр иу хатт ӕххуысагур арвыста Мӕскуымӕ ӕмӕ та ацы хатт дӕр йӕ цыд фӕрӕстмӕ.

Ивгъуыд ӕнусы райдианы Тифлис ӕмӕ Бакойы цы ирӕттӕ цардис ӕмӕ куыстой, уыдон архайды фӕрцы Ирыстоны дӕр фӕзындысты фыццаг социал-демократты къордтӕ. Уыдон уыдысты Цхинвал ӕмӕ Дзауы, стӕй сӕ ӕндӕвдад апырх ӕндӕр рӕтты дӕр. Ацы къордтӕ ӕмӕ чыртӕн сӕ сӕргъ лӕууыдысты Гаглойты Гигла, Цхуырбаты Гриша, Гасситы Ила, Миндиаты Пида, Амилбаров Сера, Гогинов Сандро, Хаханов Стъепа ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ахӕм чыртӕ ма уыцы рӕстӕджы фӕзындис Уанат, Чемерт, Ахалгур ӕмӕ Хъорнисы дӕр. Социал-демократон организацийӕн уыдис йӕхи Устав ӕмӕ программӕ. 1903-ӕм азы Уӕрӕсейы Хуссар районты фӕллойгӕнджыты растад ранхъӕвзта махы онг дӕр. Цхинвал, Дзау ӕмӕ Чемерты къордтӕ уӕд фыццаг хатт сарӕзтой Фыццаг майы бӕрӕгбон. Уыдон ӕрæмбырд сты Хеитмӕ ӕввахс ӕмӕ сарӕзтой митинг. Дзырдтой адӕмы уӕззау уавӕрыл сидтысты ӕмӕ адӕмы разӕнгард кодтой паддзахы хицауады ныхмӕ тохмӕ.

1904-ӕм азы кӕрон сырӕзтис УСДКП-йы Цхинвалы бюро. Уымӕн уыдис стыр нысаниуӕг ирон зӕхкусджыты фыццаг уырыссаг революцийы хайад райсынмӕ смобилизаци кӕныны хъуыддаджы. Фӕлӕ революци састы баззад; ӕмӕ ирон революционертӕ дӕр рӕстӕгмӕ сӕхи бааууон кодтой. Уыцы аз Дзауы социал-демократтӕ слӕууыдысты Шихантуры хъӕды куыстгӕнӕг кусджыты ралӕуды сӕргъ. Уыдон хъӕппӕрисӕй хъӕдӕй сӕудӕджергӕнджытӕ Карабеков ӕмӕ Пиралов сыххӕст кодтой 200 кусӕджы домӕнтӕ ӕмӕ сын фӕфылдӕр кодтой сӕ куыстмызд. Уымӕй дарддӕр стыр хъӕуты сарӕзтой зӕхкусджыты комитеттӕ. Уыдон фӕсырдтой бынӕттон хицӕутты ӕмӕ ӕххӕст кодтой Советты хӕстӕ. Декабры, ӕдгӕрзтӕ растады рӕстӕджы та Цхинвал ӕмӕ Тхъуиауӕй фӕсырдтой полици ӕмӕ хицӕутты ӕмӕ хъуыддаг райстой сӕ къухтӕм.

Цхинвалы бюройы иууыл стырдӕр сырхсӕдӕйон къорды хистӕр уыдис 25 аздзыд Уалыты Шакро. Уый райгуырд ӕмӕ схъомыл Хъорнисы хъӕуы. Чысылӕй бавзӕрста царды зындзинӕдтӕ, хъӕздыг лӕджы ехс. Куы рахъомыл, уӕд 19 аздзыдӕй бацыд большевикты рӕнхъытӕм ӕмӕ уӕдӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ нӕ ӕрывӕрдта йӕ хотыхтӕ. Паддзахы ӕфсады службæкӕнгӕйӕ дӕр салдӕтты ‘хсӕн кодта революцион куыст. Уырдыгӕй ӕрыздӕхгӕйӕ хъорнисӕгтӕ Шакройы сывзӕрстой сӕ раздзогӕй, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг Хъонисгомы зылды хицауад уыдис йӕ къухты. 1906-ӕм азы гадзрахатӕй цӕуджыты ӕххуысӕй хъазахъхъ ӕрцахстой Уалыйы фырты, бакодтой йыл хъадамантӕ ӕмӕ йӕ акодтой Гуры ахӕстонмӕ. Бӕрӕг нӕу цы аххосагмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ йӕ уыдон фӕндагыл амардтой. Йӕ ныгӕнӕн бон сæ комбӕсты адӕм сарӕзтой стыр демонстраци.

Сӕрибары сӕрыл тохы фӕсте нӕ лӕууыдысты Ахалгуры зылды фӕллойгӕнджытӕ дӕр. Уыцы рӕстӕджы ам уыдис дыууӕ социал-демократон организаци ӕмӕ дыууӕ сырхсӕдӕйон къорды. Сӕ иуы сӕргъ лӕууыдис фӕлтӕрд большевик Пъапъунашвили Миха. Уымӕн йӕ фарсмӕ кӕддӕриддӕр уыдис йӕ хъӕбатыр цардӕмбал Бабале. Иуахӕмы хъазахъхъ ӕрцахстой Михайы йӕ фыдимӕ. Зӕронд лӕг ахӕстоны зындзинӕдтӕн нӕ бафӕрӕзта ӕмӕ амардис. Михайӕн йӕхи та 12 азы ӕмгъуыдмӕ фӕхастой Саратовы ахӕстонмӕ. Уырдыгӕй ссӕрибар ӕрмӕстдӕр 11 азы фӕстӕ ӕмӕ та ногӕй ӕрывнӕлдта революцион куыстмӕ.

Фыццаг революцийы азты йӕ ном дардыл кӕмӕн айхъуыст, уыдонӕй сӕ иу уыдис Абреуы хъӕуккаг Дриаты Антон. 1905-ӕм азы Душет ӕмӕ Гуры уездты ӕлдӕрттӕй бирӕтӕ фӕлыгъдысты сӕ хъӕутӕй сырх-сӕдӕуонты тасӕй. Цалдӕры та дзы йӕхӕдӕг фӕтардта, стæй сын сӕ зӕххытӕ ӕмӕ фӕллой байуӕрста адӕмыл. Антонӕн йӕ койӕ рызтысты ӕлдӕрттӕ, уымӕй ӕртхъирӕн кодтой мӕгуыр адӕм сӕ ӕфхӕрджытӕм. Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй йӕ адӕм уый рахуыдтой «Напалеон». Уӕд адӕмы мастисӕгыл цыдис 25 азы. Уый йӕ зӕрдӕмӕ чысылӕй айста адӕмы рис ӕмæ йӕ бон хӕцӕнгарз хӕссын куы бацис, уӕд ралӕууыд сӕ ныхмӕ. Йӕ фарсмӕ уыдысты кӕуыл ӕууӕндыд ӕмӕ кӕй зыдта, уыдон. Дыууӕ азмӕ уый къорд ныппырх кодтой Карумидзе, Тухарели, Эристави, Амилахвари ӕмӕ ӕндӕр ӕлдӕртты, аннӕтӕн та стыр хъалон исын нал уагъта.

1906-ӕм азы 30 бӕхджын хъазахъхъаджы, урядник Толокновы командайы бын, Тифлисæй рарвыстой Антъоны ӕрцахсынмӕ. Цхилонмӕ ӕввахс хъӕд ӕрдузы уыдон хӕрхӕмбӕлд фесты Антонӕн йӕхиуыл, стӕй йе ‘мбӕлттӕ Биганаты Дауыт, Букуылты Сандро, Бибылты Симон, Сохъхъуырты Шакро ӕмӕ Хохаты Бесойыл. Хъӕбатыр революционер бӕлӕсты аууӕтты амбӕхст ӕмӕ ӕхсын райдыдта знӕгты. Фӕлӕ хъазахъхъ ӕмӕ стражниктӕ уыдысты бирӕ фылдӕр ӕмӕ хъула кӕнын байдыдтой ирон лӕппутыл. Антъон дзы йӕхӕдӕг фӕцӕф кодта ӕртӕйы. Ноджыдӕр ма иу хатт ныхъхъавыдис, фӕлæ йӕ чъылдымы ‘рдыгӕй ӕрбагӕрах кодта хъазахъхъаг Матвей Компонейц. Антон цӕфӕй ӕрхаудта кӕрдӕгыл. Уырдӕм ӕй ӕхсын райдыдтой иннӕтӕ дӕр. Уый фенгӕйӕ йе ‘мбӕлттӕн дӕр сӕ ныфс асаст ӕмӕ цадӕггай фӕстӕмӕ алӕууыдысты. Ӕхсӕз адӕймагӕй ма аивӕрзт ӕрмӕстдӕр Сохъхъуырты Шакро. Иннæты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ акодтой Квемо Чъаламӕ фӕлӕ цы баисты, уый абон дӕр бӕрӕг нӕу.

Афтӕ хъӕбатырӕй тох кодта паддзахы хицауады ныхмӕ иннӕ зындгонд революционер Хуыбиаты Уасо дӕр. Уый йӕ цардӕмбал Хацырты Уӕлгъа ӕмӕ йӕ сырхсӕдӕйон къорды хӕстонтимӕ тас уагътой мӕгуыр адӕмы ӕфхӕрджыты уӕнгты. Уыдон ӕхсардзинад ӕмӕ лӕгдзинадыл сӕ романты ныффыстой зынгӕ ирон фысджытӕ Букуылты Алыкси ӕмӕ Хацырты Сергей. Адӕм та сыл кады зарджытӕ скодтой.

Фыццаг уырыссаг революцийы хайадисджытæн сæ фылдӕр нӕ фӕцардысты Советон хицауады фӕуӕлахизмӕ. Сӕ иуты жандармтӕ ӕмӕ хъазахъхъ амардтой, кӕнӕ ӕрцахстой, аннӕтӕ амардысты ахӕстоны, науӕд та фесӕфтысты Фыццаг дунеон хӕсты фронтты. Фӕлӕ уӕдмӕ рахъомыл революционерты ног фӕлтӕр ӕмӕ уыдон адарддӕр кодтой сӕ хистӕрты тох ног цардарӕзтады сӕрыл.

ЛОХТЫ Джамбулат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.