Йæ куыст сног кодта, цалдæр азы размæ нæ горæты Тельманы уынгыл цы хæрзаудæн магазин «Хуры тын» байгом, уый. Ацы хæрзаудæн магазин фæстаг рæстæджы нал куыста, фæлæ ныр скуыста, сæрмагондæй, ацы аз скъола чи фæуд кæны, уыцы рауагъдонты хæрзиуæгæн. Магазины сты, скъола чи фæуд кæны, уыдоны балмæ цы  уæлæдарæс бахъæуы, уыдон – къабатæ, костюмтæ, къахдарæс. Ардæм сæ бон æрбацæуын у æххуысхъуаг адæймæгтæн дæр, цæмæй æнæаргъæй райсой, цы сæ хъæуы, уый.

«Рухсы тын» нæ республикæйы у фыццаг æмæ иунæг хæрзаудæн магазин. Ардæм æрбацæуын йæ бон у алкæцы æххуысхъуаг адæймæгтæн дæр. Ацы магазин цалдæр азы размæ конд æрцыд Президент Бибылты Анатолийы амындмæ гæсгæ. Йæ сæргълæууæг Хъуылымбегты Ленæ цалдæр æвзонг хъæппæрисджын адæймагимæ хæрзаудæн куыст уый размæ дæр кодта. Машинæйыл-иу сæвæрдта уæлæдарæс, хæлцадон продукттæ, сывæллæттæн хъазæнтæ æмæ-иу сæ байуæрстой æххуысхъуаг банонтæн. Ахæм куыст кæнын æнцон нæ уыд – æмбырд кæнын сæ хъуыд,  цæрджытыл зылдысты æмæ сын æмбарын кæнын кодтой, цæмæй, кæмæй нал пайда кæнынц, уыцы дзаумæттæ радтой тыхстдæр чи у, уыдонæн. Машинæйыл дæр-иу бирæ ницы сæвæрдтой æмæ сфæнд кодтой сæрмагонд магазин бакæнын. Сæ хъуыды бамбарын кодтой Бибылты Анатолийæн. Уый сын бæстыхай рахицæн кодта. Йæхи сæрмагонд фондæй та сын балхæдта бирæ ног уæлæдарæс æмæ къахдзаумайы. Бадзырдтæ саразынæн сын баххуыс кодта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цалдæр магазинимæ, кæцытæ систематикон æгъдауæй хъуамæ æрвыстаиккой дзаумæттæ хæрзаудæн магазинмæ.

Инициативон къорд та йæхирдыгонау архайдта, не ‘мбæстæгты ‘хсæн агуырдтой ахæмты, кæцыты фæндыд мæгуыртæн æххуыс кæнын. Цыбыр рæстæгмæ магазин скуыста. Хъуылымбегты Ленæ æмæ йе ‘мбæлттæ Тельманы уынджы раздæры хæрæндоны хатæн ныссыгъдæг кодтой,   сæвæрдтой дзаумæттæ ауындзæнтæ. Хæлцадон продукттæ, хъазæнтæ, чингуытæ æмæ гæрзтæхсæн фæрæзтæн та хицæн бынæттæ сарæзтой. Магазинмæ раздæр адæм уадиссаг нæ цыд, æвæццæгæн, æфсæрмы кодтой, сæ кæрæдзийæ сæ цæст хызтой. Фæлæ сыл магазины хицæуттæ нæртонæй, рæвдаугæ ахастимæ куы æмбæлдысты, уæд уæндондæрæй райдыдтой цæуын.

Хæрзаудæн магазинмæ фæхуыдтой Ленингоры поселочы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты дæр. Уыдонæн канд рæсугъд дзаумæттæ æнæаргъæй равзарыны фадат нæ уыд, фæлæ ма сын æрæвæрдтой бæрæгбонон фынг дæр, æрбахуыдтой сæм мультфильмты уарзон персонажты. Сывæллæттæй алчи дæр йæхицæн равзæрста, йæ зæрдæмæ чи фæцыд, ахæм уæлæдарæс, чингуытæ, хъазæнтæ æмæ райгондæй аздæхтысты фæстæмæ. Магазины къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Ленæ куыд зæгъы, афтæмæй хатт магазинмæ æрбацæуынц, æххуысхъуаг чи нæ у, ахæм адæймæгтæ дæр. Уыдонæн сæ уавæр бæрæг вæййы се ‘ддаг бакастæй дæр. Уыдонæн ам бамбарын кæнынц, цæмæй дыккаг хатт мауал æрбацæуой. Уымæн æмæ æцæг æххуысхъуаг чи у, уыдон фылдæр сты.

Магазины ног дзаумæттæй дарддæр ис дæрдджынтæ дæр. Фæлæ сæ Хъуылымбегты Ленæ æмæ йе ‘мбæлттæ ныхсынц, ныиту сæ кæнынц æмæ сæ уый фæстæ ауындзæнтыл æрцауындзынц  ногты хуызæнæй.

Магазинæй хæссæн ис æрмæстдæр дыууæ фæлыст дзаумайæн.

Пандемийы рæстæджы магазин дæр æхгæд æрцыд, фæлæ ацы бонты скуыста æмæ иууыл тынгдæр æнхъæлмæ кæсынц рауагъдонтæм. Уыдонæй алкæй ныййарджытæн фадат нæй, тагъд рауагъдонты цытæн цы бал уагъд æрцæудзæн республикон масштабы, уырдæм сæ сывæллæттæн зынаргъ дзаумæттæ балхæнынæн. Магазин «Рухсы тын» самал кодта, рауагъдонты хæрзиуæгæн цалдæр хуыз къабайы æмæ лæппутæн та – костюмтæ. «Мах зонæм, бирæ ис ахæм бинонтæ, кæцытæ иу боны номæн нæ балхæндзысты зынаргъ дзаума. Ныртæккæ махмæ цы дзаумæттæ ис, уыдон сты хæрзаив, рауагъдонтæ дзы сæхи хатдзысты иттæг хорз. Табуафси, æрбакæнут уæ сывæллæтты, уадз, равзарæт, сæ зæрдæмæ иууыл тынгдæр кæцы дзаумæттæ фæцæуой, уыдон», – зæгъы Хъуылымбегты Ленæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.