Кавказмæ кæддæриддæр тырныдтой алыхуызон лæбурджытæ. Æмæ диссаг куыннæ у: цæмæ дзы бæллыдысты? Йæ гæмæх къæдзæхтæм? Æви мыййаг, кæд искæй хъыгдардтой ныфсхаст, куыстуарзон хæххон адæм? Æркæсæм-ма уæдæ географион картæмæ. Кавказæн йæ бынат æрæййæфта тынг пайда ран, Азийæ Европæйы ‘хсæн, Сау денджызæй Хъаспы астæу. Кавказы зæххыл цыдысты иууыл ахсджиагдæр хæстон æмæ базарадон фæндæгтæ. Уымæ гæсгæ Кавказ кæй къухы бафтыдаид, уыцы фæрныг паддзахад суыдаид денджызты æмæ хъæздыг базарты хицау.

Кавказы адæмтæ ивгъуыд заманты цардысты кæрæдзийæ иртæстæй. Суанг ма алы адæмыхатт дæр йæхимидæг дихтæгонд уыд хицæн сæрмагонд æхсæнæдтыл. Афтæ дихтæй цардысты ир дæр. Фæлæ Кавказ байсын уæддæр никæй къухы бафтыд. Хæхтæ сæхæдæг сты æрдзæй лæвæрд æцæг фидар гæнах. Фæлæ хæххон адæм сæхæдæг дæр хъæбатырæй хъахъхъæдтой сæ хæдбардзинад.

Ирон адæм иу æмæ дыууæ хатты нæ басастой сæ тыхгæнджыты. Иу ахæм тохы бацыдысты XVIII æнусы райдиан, Дыгурмæ Хъырымы ханты æфсад куы ‘рбабырста, уæд. Цæвиттон, Сыгъзæрин Орда куы фæцудыдта, æмæ хæлын куы байдыдта, уæд Хъырымы фæзындис тæтæйраг ханты сæрмагонд паддзахад. Хицауиуæг ын кодта Турк. Уыцы заман Хъырымы хантæ æрбабырстытæ кодтой Цæгат Кавказмæ, атæлæт-иу кодтой уацайрæгтæ дæр æмæ кавказаг адæмтыл æвæрдтой хъалон.

Ирон адæм XVIII æнусы сфæнд кодтой Уæрæсеимæ баиу уæвын. Уæрæсейæ сæ ныфс уыд, алы мыггаг æцæгæлон лæбурджытæй сæ кæй ба-хъахъхъæндзысты, уый тыххæй. Сæ зæрдæ дардтой Уæрæсейыл, йæ фæрцы сын быдыры дзаджджын зæххытæм æрыздæхыны фадат дæр кæй фæуыдзæн, уый хорз æмбæрстой.

1749 азы Бетъырбухмæ араст ирон адæмы минæвæртты къорд. Уыдысты дзы Магкæты Зураб, Хъесаты Елисей æмæ Фæрниаты Батырмырзæ. Сæрдар сын уыди Магкæты Зураб. Уый фæлтæрд уыд политикон хъуыддæгты. Зураб схъомыл гуырдзиаг паддзахы бинонты æхсæн. Паддзахимæ иумæ бирæ азты фæцардис Уæрæсейы. Уымæ гæсгæ зыдта уырыссаг, гуырдзиаг æмæ кæсгон æвзæгтæ. Хъесаты Елисейы та ир зыдтой æфсæддон раздзæуæгæй. Уæдæ Фæрниаты Батырмырзæ дæр адæмы астæу нымад лæг уыд.

Уыдон Бетъырбухы ныхас кодтой Уæрæсейы империйы хицауадимæ. Куырдтой Ирыстоны йе знæгтæй бахъахъхъæнын æмæ ирæн быдырмæ ралидзынæн феххуыс кæнын.

Уæрæсе Ирыстоны йемæ баиу кæнын нымадта ахсджиаг æмæ пайдайаг хъуыддагыл. Ирыстоны зæххыл æппæтæй æнцондæр фæндаг цыдис Фæскавказмæ – Арвыкомыл. Иры хæхты здыйы æрзæты хъæздыг æвæрæнтæ дæр куыднæ хъуыдаиккой æхсызгонæй Уæрæсейы! Уымæ гæсгæ хицауад зæрдæ бавæрдта лæгъз быдырмæ иры ралидзын кæнынæй. Ирыстоны цæрджытæ хуынд цыдысты уырысы сахартæм, кæрæдзийæн товартæ уæй кæнынмæ. Фæлæ иры минæвæртты сæйраг куырдиатыл Уæрæсе не сразы. Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны хъуыддагæн уыцы рæстæг фадат нæ фæци. Уыцы заманы Иран æмæ Турк хъæддыхæй лæууыдысты Уæрæсемæ кавказаг адæмты хæстæг ма бауадзыны позицийыл.

Нæ минæвæрттæн уæддæр бантыстис Уæрæсейы хицæуттимæ кæрæдзи бамбарын, хæлар ахастдзинæдтæ саразын. Уый фæстæ уайтагъд Ирыстоны фарсмæ æрбынат кодта уырысы фидар – Мæздæг. Уырысы, гуырдзыйы, сомихы, кæсæджы хуызæн ирæй дæр бирæтæ æрцардысты Мæздæджы. 1761 азы Мæздæджы байгом фыццаг ирон скъола. Ирыстонмæ алырдыгæй цæуын байдыдтой геологтæ, сауджынтæ, æфсæддонтæ. Архайдтой йæ æрдзы хæзнатæ æмæ адæмы царды уаг лæмбынæг раиртасыныл. Туркимæ хæст куы бацайдагъ, уæд уырысы æфсæдтæн ир баххуыс кодтой Фæскавказмæ ахизынæн.

Туркыл фæуæлахиз уæвгæйæ, Уæрæсейæн фадат фæци Кавказы зæххыл йæхи сæрибарæй, æргомæй равдисынæн. 1774 азы Ирыстон баиу Уæрæсеимæ. Фидыды ныхас цыдис Мæздæджы. Уырдæм æрæмбырд сты ирон кæмтты минæвæрттæ. Уæрæсе дзырд радта æцæгæлон знæгтæй иры хъахъæныны æмæ сын хохæй быдырмæ ралидзынæн баххуыс кæныны тыххæй.

Уæрæсеимæ баиуы ныхмæ сыстадысты Дыгургомы уæздæттæ. Бадилатæ старстысты, сæ хицауиуæгдзинад сæ къухæй куы фæхауа, сæ бар куынæуал цæуа хуымæтæджы адæмыл, зæгъгæ. Фæлæ хуымгæнæг дзыллæтæ нал бакуымдтой дæлбар уæвын. Бадомдтой æнæбары куыст фæкъаддæр кæнын. Уæрæсеимæ баиу уæвын. Бадилатæн ма цы гæнæн уыд адæмимæ æнæ сразы уæвгæ.

Уæрæсеимæ баиуы хъуыддаг фарны хос фæци ирон адæмы хъысмæтæн. Нал сæм бырсæг уыд, нал – лæбурæг. Сæ цард дæр æхгæдæй нал æрвыстой. Уайтагъд рæзын байдыдтой сæ хæдзарад, сæ культурæ.

Уæрæсейы паддзахадæн кæд йæхимидæг хъазайраг æгъдæуттæ тыхджын æвæрд уыдысты, уæддæр йемæ бирæ адæмтæ баиу. Афтæмæй та паддзах дæр æмæ уæздæттæ дæр се ‘фсондзы бын дардтой уырысæн сæхи. Стæй ма архайдтой гæнæн æмæ амалæй тагъддæр сæ хицаудзинады уæззау къух иннæ адæмтыл дæр æрæвæрыныл, семæ чи баиу, уыдоныл. Гъе ахæм уавæрты ир дæр Уæрæсеимæ баиуы фæстæ уырыссаг хицæуттæй бавзæрстой æфхæрдтытæ, галиу митæ.

Æппæт иннæ адæмты хуызæн ир дæр тох самадтой хъулондзинад æмæ цагъары ныхмæ. Паддзахы æфсæдтæ тынг карз ныхкъуырд лæвæрдтой сæ ныхмæлæуджытæн. Уæд ма сæ уæлахиз тынг дард уыд. Фæлæ æбуалгъы тугуарæн тох цæмæ расайдта, цæмæ æрхæццæ, уый та зындгонд у абон æппæт дунейæн дæр, ома, Цытджын Октябры революци.

XIX æнусы райдиан ирæттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ сыстадысты сæ хицæутты ныхмæ, паддзах сын кæй нысан кодта, уыдоны ныхмæ. Уымæн æмæ ахæм æфсæддонтæ æмæ инæлæрттæ бынæттон адæмæн нæдæр се ‘взаг зыдтой, нæдæр сын сæ цардыуаг æмбæрстой. Сæрибар хæххон адæм гуымиры хъæртыл ахуыр нæ уыдысты æмæ æрдхъирæнтæй нæ фæтарстысты.

Адæмы уарзондæр хъæбатыртæй иу у Алыккаты Хазби, уырысы æфсæддонтимæ хъæбысхæсты æдзардæй йæ мæлæт чи ссардта, уый.

Ирыстоны быдираг хуымгæнæг адæм зæххы тыххæй хъалон фидын куынæуал куымдтой, уæд æлдæрттæ сæ хъаст бахастой уырысы хицауадмæ, фæлæ уый нæ бацыд ирæтты æхсæн быцæуы. Уалынмæ бынтон сбæлвырд, уæздæттæн зæхкусджытыл сæ бон кæй нæ цæуы, уый. Æлдæрттæй ма чидæртæ бæргæ бафæлвæрдтой зæхкусджыты æндæр рæттæм алидзынæй баиргъæвыныл, фæлæ сæ ницæмæ æрдардтой сæрибар адæм. Ныууагътой сын сæ зæххытæ æмæ фæлыгъдысты, кæй кæдæм фæндыд, уырдæм.

Уæд бонджындæр, нымаддæр мыггæгтæ сфæнд кодтой кæвдæсæрдты бауромын, сæ фыдæлты амарды фæстæ хицæн хæдзарæй цæрынвæнд кæмæ уыд, ахæмты. Фæлæ кæддæриддæр хуымæтæг адæм рахæцынц æфхæрд лæджы фарс. Уый æмбаргæйæ, адæмæй ныфсджын уæвгæйæ, кæвдæсæрдтæй бирæтæ закъонæй байуæрстой сæ хъæздыг хæстæджытимæ, суанг ма-иу тæрхондонмæ дæр бацыдис сæ хъуыддаг.

Æмæ бынæттон уырыссаг хицæуттæ уый сæхи цæстæй куы федтой, уæд  бамбæрстой, гуымиры митæй кæй ницы бакæнæн ис ирон зæхкусджытимæ. Уыйадыл се ‘ргом разылдтой хуымæтæг адæммæ, цæмæй сæм ма фæхæрам уой æмæ ма сын иучысыл уæддæр уа аргъ дзыллæйы цæсты. Уый пайда уыд Уæрæсейæн. Нымæцæй дæр æмæ хъаруйæ дæр зæхкусæг адæм бирæ ахадыдтой æхсæнады, æлдæрттæ та, дзæвгар къаддæр уæвгæйæ, æвзæр æмцæдисонæй уæлдай нæ уыдысты.

1853 азы зæхх уарын райдыдтой хъæууон фæллойгæнджытæн. Аразын сын байдыдтой хицæн хъæутæ, уæздæттæй иппæрдæй. Ирон зæхкусджытæ кæддæриддæр уыдысты сæрибар. Уымæ гæсгæ æлдæртты дæлбардзинадæй суæгъд уæвынæн бахъуыдис хуымгæнæгæн йæхи номыл зæххы хай раттын æмæ йæ æлдары хъæуæй æндæр цæрæн бынатмæ раивын, 1867 азы ссæрибар сты кæвдæсæрдтæ дæр, йæ фыдимæ чи цардис, ахæмтæ. Суæгъд сты кусджытæ дæр, иуæй-иу æлдæртты æмæ хъæздыг фæрсаглæгты къухы чи куыста, уыдон. Бартæй цухгонд æххуырст йæ хицауы къухы хæдзары дзаумайæ уæлдай нæ ахадыдта, йæ цард уыди йе ‘лдарæй аразгæ. Фæлæ сæ куы ссæрибар кодтой кусæгæй, кæвдæсардæй, уæддæр сын зæххы хай райсыны бар нæ уыд. Ирон адæм дард бæстæм лыгъдысты æрмæст дины амындæй нæ, фæлæ хуыздæр цард æнхъæл. Туркмæ ирон адæм кæй алыгъдысты, уый уыди æвирхъау стыр рæдыд. Райгуырæн бæстæмæ раздæхын ма сæ къухы бафтыдис иугæйттæн. Уыдонæй уыдысты фыссæг Хъаныхъуаты Иналы бинонтæ. Фæстæдæр Инал ныффыста се ‘намонд фæндаджы хабæрттæ. Йæхæдæг уыцы балцы уыди фарастаздзыд сабийæ. Бакæсут-ма мæнæ ацы цыбыр скъуыддзаг Иналы очерк «Лидзæг адæм»-æй:

«Уæдæ, æвæдза, куыд фæсмонгонд фесты æцæгдæр уыцы æнамонд лидзæг адæм, цал æмæ цал хатты райхъуысти сæ дзыхæй фыдæлгъыст, чи сæ саминди кодта, уыдоны фæдыл. Уастæн, сæ сæр куы баййафид уыйбæрц карз æлгъыстытæ. Фæливæн ныхæстæй сæ кæй сцыбæл кодтой балцмæ, уый æрæджиау бамбæрстой; æвирхъау сайд сыл æрцыд се ‘нæрхъуыдыйæ, се ‘ууæнкæй, бауырныдтой сæ æдылы аминдигæнджыты фæлитой ныхæстæ, æвзæр уын нæ уыдзæн, цард дзы фендзыстут, зæгъгæ».

Ирæттæм дæр æмæ иннæ хæххон адæмтæй Туркмæ чи алыгъдис, уыдон-мæ дæр æнхъæлмæ кастысты æнæпайда мæгуыр зæххытæ, æххормаг,  дæвдæг цард. Уымæ гæсгæ дзы бирæтæ нæ бафæрæзтой, сæ мæлæт уым æрцыдис. Æцæгæлон бæстæмæ бафтгæйæ, ирæттæ бамбæрстой, кæй баиртæстысты æппæты зынаргъдæр хæзна – райгуырæн бæстæйæ.

Бзарты Руслан,

 историон зонæдты доктор, профессор

(мыхуыр цæуы

фæцыбыргондæй)

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.