Рауагъдонты традицион бал, кæцымæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты дзæвгар бонты дæргъы нæ республикæйы ахуыргæнæн уагдæтты рауагъдонтæ, 23 июны уагъд æрцыд Театралон фæзуаты. Ам æрæмбырд ис дзæвгар адæм – ныййарджытæ, хиуæттæ, зонгæтæ, æмбæлттæ, кæцытæ уыдысты æрмæст горæттаг цæрджытæ нæ, фæлæ районтæй дæр. Рауагъдонты нымæц хæццæ кодта 500-мæ æмæ иууылдæр уыдысты хъæлдзæг, хæрзконд æмæ рæсугъд, цыма сæ исчи æвзаргæ ракодта. Ардæм сæм раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы бæрнон кусджытæ, бæстæйы Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.

Театралон фæзуаты рауагъдонтæн айтыгътой сырхбын гауыз, йæ фæйнæ фæрсты та йын срæсугъд кодтой алыгъуызон фæлындæнтæй. Традицимæ гæсгæ уал гауызыл фыццаг ацыд æмæ сценæмæ схызт бæстæйы Президент. Стæй та рауагъдонтæ сæ уарзон ахуыргæнджытимæ, сæрбæрзондæй, араст сты æрæмбырдуæвджыты ‘хсæнты сырх гауызыл æмæ æрбадтысты сæрмагонд бадæн бынæтты. Ахæм бандæттæ ма æвæрд уыд цытджын уазджытæн дæр.

Гаглойты Алан зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта рауагъдонтæн, бафæндыд æй, цæмæй сæ царды фæндæгтыл æнтыстджын уой æмæ сæ Ирыстон сæрыстыр уа сомбоны.

«Уæ разæй ацы фæндагыл бирæ фæлтæртæ рацыдысты æмæ уыдоны ‘хсæн уыд дзæвгар кадджын гоймæгтæ – ахуыргæндтæ, дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, хъайтартæ. Абоны бон уæм кæсын, æмæ мæ фидарæй уырны, сымах дæр сæ кæй бафæзмдзыстут, кæй уыдзыстут уæ алы хъуыддаджы дæр æнтыстджын. Ныридæгæн зæгъæн ис, нæ фæсивæд кæй сты тæхудиаг. Уый та нысан кæны æмæ нын ис хорз фидæн. Цард уын разæй ис, фæлæ-иу зындзинæдтæй макуы фæтæрсут, кæддæриддæр комкоммæ цæуæт уæ фæндиæгтæ æххæст кæнынмæ, уæ бæллицты фæдыл. Æппынæдзух размæ куы цæуат, уæд уын æнтысгæ дæр бирæ бакæндзæнис. Сымах хуызæн аккаг кæстæртæ феныны фæстæ мын бузныджы ныхæстæ æнæзæгъгæ нæй уæ ахуыргæнджытæн, кæцытæ уыл бахардз кодтой бирæ тых æмæ хъару, цæмæй уын ахæм бæрзонд хъомылад æмæ зонындзинæдтæ радтаиккой. Уымæй уæлдай ма, фылдæр арфæйы ныхæстæ æмбæлы уæ ныййарджытæм дæр – сæрыстыр уæ дæн, ахæм кæстæртæ кæй схъомыл кодтат Ирыстонæн, уый тыххæй», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Ахуырад æмæ зонады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали дæр раарфæ кодта рауагъдонтæн æмæ сын ныффæдзæхста, цæмæй макуы рох кæной сæ райгуырæн бæстæ, сæ фыдæлты зæхх, царды уылæнтæ сæ кæдæмфæнды куы аппарой, уæддæр.

«Абоны бон уæ цард цæхгæр фæивдзæнис – фæсте баззайдзæнис сабидуг æмæ уæ разы байгом уыдзысты царды уæрæх фæндæгтæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уат æнтыстджын, уæ фæндтæ æххæст кæной æмæ зындзинæдты сæрты хизын уæ ныфс хæссат», – загъта Гасситы Натали.

Ацы бонмæ фенхъæлмæ кæсынц ахуыргæнджытæ дæр, – уыдон скъоладзаутау тынг нæ фæцин кæнынц ахæм бæрæгбонмæ, фæлæ сæрыстыр вæйынц, иу фæлтæр кæстæрты та царды фæндагмæ кæй хизын кæныц, уымæй. Зын сын вæййы, бирæ азты дæргъы кæй фæхъомыл кæнынц, сæхи сывæллæттау æнувыд кæуыл вæййынц æмæ зонындзинæдтæ кæмæн фæдæттынц, уыдоны сæ цурæй кæй фæндараст кæнынц, уыцы хъуыддаг. Фæлæ ацы процессæн æндæр гæнæн нæй, цард æй афтæ домы. Бонæй-бонмæ алцыдæр ивгæ кæны, – саби рæзгæ кæны, скъоладзау кълассæй-къласмæ хизы, фæстæдæр та рауагъдонты рæнхъыты æрлæууы. Ахуыргæнджытæн ма баззайы æрмæстдæр, цæмæй сын арфæйы æмæ ныфсы ныхæстæ зæгъой æмæ сæ ахуырдоны къæсæрæй афæндараст кæной.

Ахæм бæрæгбонмæ сæхи бæстон фæцæттæ кæнынц ныййарджытæ дæр. Уыдоныл уæлдай уæз æрцæуы рауагъдон балмæ цæттæ кæнгæйæ – рауай-бауайаг свæййынц  амæй-ай хуыздæр дзаумæттæ агургæйæ, цæмæй сæ сывæллæтты бæллиц сæххæст кæной, цæрæнбонтæм сæ хъуыдыйы баззайа ацы диссаджы бæрæгбон.

Мадзалы цытджын хайы фæстæ райдыдта концертон программæ, кæцыйы бацæттæ кодта нæ республикæйы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Зарджытæ дзы сæххæст кодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зæрæггæнджытæ, уыдис дзы дискотекæ дæр.

Кæронбæттæны рауагъдонты номыл арæзт æрцыд бæрæгбонон фейерверк æмæ стæй атындзытой сæ банкетты бынæттæм. Развæлгъау алкæцы рауагъдон кълассæн дæр цæттæ уыдысты фынгтæ æмæ хъæлдзæг рæстæг арвыстой суанг сбонмæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.