Фыццаг хатт шахматтæй уагъд æрцыд РХИ-йы æмæ РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæты ‘хсæн хæларадон фембæлд. Матчон фембæлд ма уагъд æрцыд РХИ-йы æвзæнгты æмбырдгонд командæ æмæ РЦИ-Аланийы шахматон клуб «Ладья»-йы командæты ‘хсæн дæр. Хъæзтытæ уагъд цыдысты Хъобаны комплекс «ALPINA»-йы. Хистæр кары спортсменты ‘хсæн Хуссар Ирыстоны командæйы сконды хъазыдысты Саулохты Георги, Гæбæраты Ацæмæз, Сиукъаты Алан, Къæбысты Эрик, Къодоты Андрей æмæ Тыджыты Алан. Кæд фембæлд хæларадон уыд, уæддæр шахматон фæйнæгты фарсмæ цыд карз спортивон тох. Хуыздæр цæттæдзинад равдыстой хуссарирыстойнаг спортсментæ æмæ сын бантыст 7:5 хыгъдæй рамбулын.

Хæларадон фембæлды ма фæуæлахиз сты РХИ-йы æвзæнгты æмбырдгонд командæйы уæнгтæ дæр – 12:4. Паддзахад Аланийы спортивон кад хъахъхъæдтой Джыгкайты Артур, Тыджыты Арсен, Мæргъиты Давид, Уанеты Валерия, Тыбылты Аннæ, Бахъаты Гамлет, Чилæхсаты Вадим æмæ Коцты Юри.

«Нæ командæйы сконды фылдæр хай сты шахматон скъола «Белая ладья»-йы хъомылгæнинæгтæ. Ерысты ма хъуамæ хайад райстаиккой Тыбылты Аланæ æмæ Ходты Валери, фæлæ сын объективон аххосæгтæм гæсгæ нæ рауад Цæгат Ирыстонмæ ацæуын», – фехъусын кодта спортивон бæрæгбоны хайадисæг, шахматон скъола «Белая ладья»-йы тренер Гæбæраты Ацæмæз.

Банысан кæнны хъæуы уый, æмæ спортивон бæрæгбонмæ кæй æрбацыдысты хусссаирыстойнаг депутаттæ, афтæ ма РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Дыдараты Сослан.

Ерыстæ сæхгæныны церемонийы рæстæджы æрæмбырдуæвджытæн «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги куыд фехъусын кодта, афтæмæй июлы мæйы Цхинвалы уагъд цæудзæн Гобозты Валерийы номарæн мемориал æмæ уырдæм фæхуыдта цæгатирыстойнаг шахматистты.

 

ДЗЮДО

Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис турнир  «RUSSIAN JUDO TOUR»-ы бронзæйон призер. Аланæйæн та ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд +78 кг уæзы категорийы. Йæ тренертæ сты Гæбæраты Автандил æмæ Тъуриты Тенгиз.

Турниры ма ирон спортсменкæтæй æвзист призер та ссис Хъайсынты Мадинæ. Уый та хæцыд 78 кг уæзы категорийы.

Турнир уагъд цыд Красноярскы. Хайад дзы райстой Уæрæсе, Белоруси, Монголи æмæ Узбекистаны тыхджындæр дзюдоисттæ.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

24-26 июны Тывайы уагъд æрцæудзæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды хайад райсдзæн цхинвайлдаг богал Бестауты Андрей. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг архайдзæн иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (125 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.