Фӕстиуджытӕ арӕзт ӕрцыд, Цхинвалы районы фермерон хӕдзарадтӕ цы куыст бакодтой, уыдонӕн. Статистикон хайады фӕстаг зонӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй ӕдӕппӕт фосдарды куыст кӕнынц 10 хӕдзарады ӕмӕ сӕм нымадӕуы 260 стуры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ сты 159. Куыд амӕй-размӕ азты, афтӕ та ныр дӕр иууыл фылдӕр стуртӕ дары «Арцеу»-ы хӕдзарад ӕмӕ йе стурты нымӕц хӕццӕ кӕны 99- мæ, уыцы нымӕцы хъуццытӕ дары  44. Стурты нымӕцӕй дыккаг бынатмӕ рахызт «Алан»-ы хӕдзарад, фос ӕм ис 38 сæры, уыцы нымӕцы – 32 хъуджы. «Тъбет»-ы фермерон хӕдза-радмӕ ис 35 стуры, уыдонӕй хъуццытӕ ис 18, «Хуры тын» дары 20 стуры ӕмӕ иууылдӕр сты хъуццытӕ, «Цъунар» Лохы фырты хӕдзарады нымадӕуы 19 стуры, «Фат»-мӕ – 16 ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Районы хӕдза-радтӕй фысдарды куыст кӕны ӕрмӕстдӕр «Алан» ӕмӕ йӕ фысты нымӕц хӕццӕ кӕны 200, уыцы нымӕцы уӕрыч-чытӕ  сты 50.

Хӕдзарадты ӕдӕппӕт род-тӕ ис 41, уыцы нымӕцы «Тъбет»-ы – 18,  «Алан»-ы – 11, «Арцеу»-ы – 6, «Цъунар»Лохы фыртмӕ уал ис 4 роды ӕмӕ «Фат»-ы хӕдзарады та – дыууӕ роды. Маргъдарды куыст кӕнынц «Алан» ӕмӕ «Виктория». Кӕсаджы куыстмӕ йе ‘ргом аздӕхта «Форель» ӕмӕ йӕ кӕсӕгты нымӕц хӕццӕ кӕны 19000. Районы бӕхты нымӕц у 10, уыцы нымӕцы «Алан» – 6, «Сидук»-ы – 2 ӕмӕ фӕйнӕ бӕхы та ис «Цъунар» ӕмӕ «Фат»-ы хӕдзарадты.

                                                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.