Фӕстиуджытӕ арӕзт ӕрцыд, Цхинвалы районы хӕдзарадтӕ цы куыст бакодтой, уыдонӕн. Статистикон хайады фӕстаг зонӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй хӕдзарадтӕ фӕззыгӕнд мӕнӕу ӕдӕппӕт байтыдтой 89 гектары, уыцы нымӕцы «Алан»-ы фермерон хӕдзарад – 30 га, «Цъунар» Бибылы фырт – 10 га, «Аз» – 5 ӕмӕ Къостайыхъӕуы паддзахадон хӕдзарадтӕ та – 44 га. Алы хӕдзарад дӕр бафснайдта йӕ тыллӕг. Ӕдӕппӕт банай кодтой 314 центнеры, уыцы нымӕцы Къостайыхъӕуы арендатортӕ – 220 ц, «Алан» – 60 ц ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хъӕбӕрхор байтыдтой «Тъбет», «Фат», «Аз», «Икъорта», «Ӕндидзынад» ӕмӕ «Цъунар» Бибылы фырты хӕ-дзарадтӕ ӕмӕ ацы культурӕйӕн йӕ иумиаг фӕзуат уыд 77 га. Уый дӕр иууылдӕр ӕфснайд ӕрцыд. «Фат» дзы банай кодта 11 ц, «Икъорта» – 100 ц ӕмӕ иннӕ хӕдзарадтӕ та фӕйнӕ 120 ц. Нартхор байтыдта ӕрмӕстдӕр «Икъорта»-йы хӕдзарад 15 га ӕмӕ йӕ иууылдӕр бабӕстон кодта, райста дзы 50 ц. Сысджы «Тъбет»-ы хӕдзарад байтыдта 33 га, «Сӕуӕхсид»-ы фермерон хӕдзарад – 11 га, «Аз»-7 га ӕмӕ 4 га та «Цъунар» – Бибылы хӕдзарад. Таугӕ кӕрдӕг люцернӕ тыд ис фӕй-нӕ 10 га. «Икъорта» ӕмӕ «Сӕуӕхсид» – Ирыхъӕуӕн, 5 га байтыдта арендатор Зӕгъойты А., «Тын» – 4 га ӕмӕ ӕндӕртӕ, эспарцет та районы цыппар хӕдзарады иууыл иумӕ байтыдтой 20 гектары.

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗ

Фосдарды куыст кӕнынц 10 хӕдзарады ӕмӕ се стурты нымӕц ӕдӕппӕт у 263. Фылдӕр стуртӕ чи дары, уыдоны нымӕцы сты «Арцеу»-ы фермерон хӕдзарад – 103, уыцы нымӕцы хъуццытӕ та сты 44, «Тъбет» – 52, хъуццытӕ та сты 37, «Алан» – 38, уыцы нымӕцы хъуццытӕ та сты 32, «Тын»-мӕ ис 20 стуры ӕмӕ се ‘ппӕт дӕр сты хъуццытӕ, «Цъунар – 17, уыцы нымӕцы хъуццытӕ та сты 11. Лыстӕг фос чи дары, уыцы хӕдзарад у «Алан» ӕмӕ сӕ нымӕц у 200. Ацы хӕдзарадмӕ ма бӕхтӕ ис 6, мӕргътӕ та – 50. Фӕйнӕ бӕхы дарынц «Цъунар» ӕмӕ «Фат». Хӕдзарадты родты нымӕц у 56, уыцы нымӕцы «Тын»-мӕ ис 25, «Алан»-ы – 11, «Арцеу» – 10 ӕмӕ ӕндӕртӕ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.