Рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Нæ царды цы цинтæ æмæ хъыгтæ бавзарæм, уыдон нæ бонæй бонмæ, азæй азмæ дарддæр кæнынц. Уыдонæй иутæ нæ хъуыдыйæ сихсыйынц, рæстæджы фæлм сæ æрныуæрды æмæ сæм не ‘нкъарæнтæ нал баххæссынц. Æндæртæ та царды не ‘мбæлццон свæййынц, нæ хицæн кæнынц нæ хъуыдыйæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæсгай милуан адæймæгты зæрдæтæ нынкъуысын кодта. Бирæ милуан хæстхъом лæппуты зæрдæты цæхæр ахуыссын кодта, бирæ милуан ныййарджыты, цардæмбæлтты, хъæбулты зæрдæтæ фæриссын кодта.  Уæлахиз цы туджы денджызæй æлхæд æрцыдис, уырдæм уыцы уæззау хæстон азты æнæсцухæй згъордта Ирыстоны æхсарджын фыртты, уыдоны нымæцы чысыл хæххон хъæу Котантомæ тохы быдырæй фæстæмæ цы 37 хæстоны нал æрыздæхтысты, уыдоны туг дæр. Ныр та ма дзы цæмæй хъæу ис, бæрцæй цалдæр цæрæг хæдзары, фæлæ дзы уæд 51 хæдзары уыд. Уыдонæй уыдис, хæстхъом нæлгоймæгтæ кæм нæ уыд, ахæмтæ дæр. Фæлæ дзы уыд, сæ къæсæрæй æртыгай, цыппæргай гъæйтмардзæ нæлгоймаджы кæцæй рахызт æмæ цыфыддæр знаджы ныхмæ мæлæтдзаг тохмæ чи фæцыдысты. Æдæппæт уыдысты 65 цæхæрцæст лæппуйы. Цыппæргай хæстонтæ чи арвыста фронтмæ, ахæм хæдзæрттæ дзы уыд 2, æртыгай хæстонтæ – 8 æмæ дыгай хæстонтæ та 10 хæдзары.

Æртæ хæстоны афæндараст кодтой кæрæдзийы фæдыл хæстмæ Биазырты Цъицъа æмæ Минчал. Æдæппæт  сæ сывæллæттæ фараст уыдысты – æхсæз лæппу æмæ æртæ чызджы. Хъыгагæн, 1920 азы гуырдзыйы ‘рдыгæй геноцид дæр сæ æвыдæй нæ ныууагъта. Цæгат Ирыстонмæ лидзгæйæ сын иу сывæллон амардис. Мингай лигъдæттау, бирæ хъизæмæрттæ бавзаргæйæ, бинонтæ фæстæмæ æрыздæхтысты æмæ сæ цард ногæй сæндидзын кодтой сæ фыдыуæзæгыл. Фæлæ та цыдысты азтæ æмæ ног æнамонддзинад – райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

Лæппутæй хæстхъом æрмæстдæр æртæйæ уыдысты – Иосиф, Лади æмæ Тугъан. Æртæ æрыгон лæппуйы. Лади æмæ Тугъанæн бинонтæ скæнын дæр нæма бантыст. Иосиф та йæ ныййарджытæ æмæ хæдзары кæй уагъта, уыцы мадызæнæгтимæ хæрзбон загъта йæ цардæмбал æмæ йæ чысыл хъæбул Вильгенæн.

Иу хæдзары къæсæрæй рахызтысты æртæ æфсымæры, фæлæ сæ тохы тугæйдзаг фæндæгтæ æндæр æмæ æндæр уыдысты. Хъыгагæн, цахæм уыдысты уыцы фæндæгтæ, уыдонæн æвдисæн ничи ис, сæхицæй та иу дæр нал сæмбæлд йæ хæдзарыл. Сæ хиуæтты къухты цы зонæнтæ бафтыд, уыдон сты архивон æрмæджытæй ист æмæ хъусын кæнынц, кæй фæмард сты тохы быдыры, кæнæ та æбæрæгæй кæй фесæфтысты.

Афтæ, Лади ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады Централон архивы æфснайд документмæ гæсгæ æбæрæгæй фесæфт 1943 азы февралы мæйы. Иосиф та фæмард Хъырымы зæххыл 1942 азы 27  февралы. Уымæн цыбырдæр рауад йæ тохы фæндаг. Æфсымæрты кæстæр Тугъан дæр банысангонд архивы æфснайд документмæ гæсгæ æбæрæгæй фесæфт 1944 азы февралы мæйы.

Тугъаны тыххæй ма нæ къухты цы æрмæг бафтыд, уый у Лалыты Юляйы уац газет «Со-ветон Ирыстон»-ы, ома, ныры «Хурзæрин»-ы «Дыууæ куырдиаты», зæгъгæ. Дзырд дзы цæуы Биазырты Тугъан æмæ Туаты Мелитоны куырдиæтты тыххæй, цæмæй сæ фронт-мæ акодтаиккой. Юля уæд куыста партийы Хуссар Ирыстоны обкомы партархивы фондты сæргълæууæгæй æмæ мæнæ цы фыссы: «Мæ разы ис 1941 азы 19 сентябры фыст документ. Уый уыд Хъемултайы астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Биазырты Тугъан Цъицъайы фырты куырдиат, Сырх Æфсады рæнхъытæм æй арвитыны тыххæй. Уым фыстæуы: «Æз мæ Райгуырæн бæстæмæ фашистон тыхæйисджыты æрбабырсты хабар куы фехъуыстон, уæдæй фæстæмæ мæхицæн бынал нал арын. Мæн, куыд ленинон фæскомцæдисон, фæнды фронтмæ. Курæг уæ дæн æмæ мын сæх-хæст кæнат мæ куырдиат. Ард хæрын, знаджы ныхмæ хъаруджынæй кæй тох кæндзынæн мæ туджы фæстаг æртахы онг».

Ацы уацы ма Лалыты Юля Тугъаны хъысмæты тыххæй хъусын кæны æндæр верси дæр. Уый фыссы, зæгъгæ, 1943 азы Харьковы цурæй йæ командиртæ фехъусын кодтой, кæй фæмард хъæбатырæй. Æмæ кæд фыццаг верси растдæр у, ома, æбæрæгæй фесæфт, уæддæр уый фидарæй нæ нысан кæны æмæ знаджы нæмыгæй кæй нæ фæмард. Куыдфæнды ма уа, йæ бæстæйы зынг-зæрдæ æвзонг партион нал сæмбæлд йæ фыдыуæзæгыл.

Æртæ æфсымæры цы æртæ æфсымæры ныууагътой сæ фыды хæдзары – Садул, Суликъо æмæ Итал, уыдон уидæгтæ ауагътой сæ уæзæгыл. Сæ амæндтæ ссардтой хотæ дæр æмæ сæ бинонтимæ сæ цард кодтой. Ныр æфсымæртæ æмæ сæ хотæ дæр кæд сæрæгас нал сты, уæддæр сæ кæстæртæ цардыл хæст сты, ис сын сæхи кæстæртæ. Бахъомыл, Иосиф цы иунæг бындар ныууагъта, уый – Вильген дæр. Йæ фарсмæ лæууыдысты йæ фыдыфсымæртæ, сæ бон цы уыд, уымæй йæ рæвдыдцух нæ уагътой. Æркодта цардæмбал, фæзындысты кæстæртæ, уыдонæн дæр – кæстæртæ æмæ сæм ныр йæ азты сæрты райгæ кæсы. О, фæлæ… Ацы дуджы стæмтæй дарддæр æнæмаст чи у. Бавзæрста кæстæры рыст Вильген дæр…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.