1927 азы 1-æм январы мыхуыры рацыд Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы æрвылмæйон литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Фидиуæг»-ы фыццаг номыр.

Журналы коллектив ацы ахсджиаг цауыл куыд æмбæлынц æмæ сæ царды цы бынат ахсы, уый тыххæй ныхас кодтам РХИ-йы фысджыты æмæ журналистты Цæдисты уæнг, Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, публицист æмæ прозаик Наниты Асиатимæ. Уый у нæ литературæйæн æмæ журналæн бирæ азты дæргъы зæрдæбынæй чи лæггад кæны, ахæм курдиатджын фыссæг. Куыстхъом сылгоймаг ныртæккæ у журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады редактор.

— Дӕ хорзӕхӕй, Асиат, дыууӕ ныхасы журнал «Фидиуӕджы» тыххӕй ӕмӕ, сӕрмагондӕй, дӕуӕн дӕ царды цы бынат ахсы?

— Ӕнусты тары ирон адӕмы уаз бӕллиц уыди чиныг. Аив литературӕйы фыццаг чиныг куы фӕзынд, уӕд Байаты Гаппо фыста: «Табу Хуыцауӕн! Ирыстоны зӕдтыл бафтыд ног дзуар — литературӕйы бардуаг». Уымӕн ӕмӕ чиныг у адӕмы фарн ӕмӕ амонд, зондамонӕг ӕмӕ рухстауӕг.

Уыцы фарнӕй хайджын у журнал «Фидиуӕг» дӕр. Фидиуӕджы фӕзынд ирон адӕмӕн уыдис фӕскъӕвда хурыскастау, ууыл къаддӕр нӕ фӕцин кодтой Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр. Журнал адӕмы курдиаттӕн байгом кодта рухс фӕндаг, йӕ фӕрцы ирон зӕрдӕ сдзырдта нӕртон ӕвзагӕй. Фӕтк ӕмӕ йын ӕгъдау та лӕвӕрдтой нӕ разагъды лӕгтӕ — Тыбылты Алыксандр, Плиты Арон, Коцойты Арсен, сӕ фӕдонтӕ — Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо. Бӕрнон куыстӕй фарн ӕмӕ бӕркад цӕуы. Журналы фыццаг номыртӕ уыдысты цӕстӕвӕрӕн, мидисджын. Уадидӕгӕн ирон культурӕ, этикӕ ӕмӕ эстетикӕйӕн басгуыхт аккаг мадзалӕй.

Бирӕ сты йӕ лӕггӕдтӕ, зынаргъ у алы ирон лӕгӕн дӕр нӕ журнал.

Йӕ фӕзындӕй абонмӕ уырдыглӕууӕджы бынаты ис махӕн, у нӕ цырагъдар, нӕ уадфидиуӕг, нӕ фӕдисон.

Кӕуылты уыд сӕ куыст «Фидиуӕджы» редактортӕн. Уый дын Плиты Арон, Хъуылаты Созырыхъо, Беджызаты Чермен, Цоциты Резо, Асаты Реуаз, Плиты Илья, Дзадтиаты Гиуӕрги, Дзугаты Георги, Бестауты Гиуӕрги, Гаглойты Владимир, Ӕлборты Хадзы-Умар ӕмӕ Хъодалаты Герсанӕн.

«Фидиуӕг» йӕ алыварс тымбыл кӕны Ирыстоны фысджыты Хуссарӕй Цӕгатмӕ. Нӕ журнал у не ’рыгон фысджыты хъомылгӕнӕг. «Фидиуӕг», рӕдау фысымау, лӕггад кӕны не студенттӕн, нӕ ахуыргӕнджытӕн, зонадон интеллигенцийӕн.

Махӕн нӕхион нӕ цӕсты нӕ фӕахады, ӕндӕра 95 азы дӕргъы журнал критикӕ ӕмӕ публицистикӕйы фадыджы цы уацтӕ фӕмыхуыр кодта, уыдоныл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд бафиппайдзыстӕм: сӕ фылдӕр сты, ирон литературӕ фӕлгъауыны хъуыддаджы зӕрдӕ кӕуыл бадарай, ахӕм ӕрмӕджытӕ. Уымӕй дарддӕр сӕрысуангӕй хӕрзаудӕн кӕны йӕ чысыл хӕлӕрттыл, нӕ сомбоны ныфстыл.

«Фидиуӕг» рӕстдзӕвин у кӕддӕриддӕр. Поэзи, прозӕ, драматурги, публицистикӕ, фольклор — ӕппӕтыл дӕр ӕххӕссы, фӕлвых ӕрмӕг никуы уадзы…

Нӕ журналыл ӕрцӕуӕд Нафийы арфӕ: «Цӕр ноджыдӕр бирӕ ӕнусты дӕргъы, нӕ дзырдарӕхст „Фидиуӕг“. Сид дӕ адӕммӕ рухс фидӕнмӕ!»

Ӕз журнал «Фидиуӕг» кӕсын 1950 азӕй фӕстӕмӕ. Уӕд мыл цыд дӕс азы. Журнал уӕд ӕмдзӕрин уыд алы хӕдзарӕн дӕр. «Фидиуӕг» ӕмӕ «Советон Ирыстон» алы хӕдзар дӕр иста. Астӕуккаг скъолайы куы ахуыр кодтон, уӕд дӕр ын стыр ахадындзинад уыд. Мадӕлон ӕвзагӕй нын уыд хорз ахуыргӕнджытӕ.

Стӕй ардӕм цӕрынмӕ куы рацыдтӕн, уӕд та — уӕлдай ӕввахс балӕууыдтӕн. Хъодалаты Герсан активонӕй мыхуыр кодта журналы фӕрстыл йӕ уацмыстӕ, стӕй та уым райдыдта кусын — 52 азы размӕ.

Ӕз журналы фыццаджы-фыццаг мыхуыр кодтон рубрикӕ «Чиныгкӕсджыты трибунӕ»-йы. Стӕй уӕд 1967 азы ныммыхуыр мӕ фыццаг радзырд сывӕллӕттӕн. Ӕмӕ нал ныууагътон мӕ хъуыддаг ӕрдӕгыл…

Мӕ радзырдтӕ, мӕ уацаутӕ, мӕ тӕлмӕцтӕ — иууылдӕр ныммыхуыр сты уым. Фӕстаг 20 азы дӕргъы та кусын мӕ уарзон журналы редакцийы прозӕйы хайады редакторӕй. Уӕдмӕ 32 азы бакуыстон Хуссар Ирыстоны чингуыты паддзахадон рауагъдад «Ирыстон»-ы уадзӕг редактор, техникон редактор ӕмӕ кондады сӕргълӕууӕгӕй. Фӕлӕ ирон-гуырдзиаг хӕсты змӕстыты рауагъдады ӕхгӕнынмӕ ӕрхъавыд ирон культурӕйы знӕгтӕй сӕ иу ӕмӕ, ӕз дӕр, журналы бынат фӕзынд ӕмӕ уырдӕм баивтон.

— Хӕсты уӕззау бонты рӕстӕджы журналы иу номыр дӕр кӕй никуы бакъуылымпы, уый мах, хӕсты рӕстӕджы йӕ куысты уӕлхъус чи лӕууыд, уыдон федтам ӕмӕ зонӕм. Йӕ сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис?

— Ацы фӕстаг ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы нӕ буц хистӕртӕ-редакторты традицитӕ адарддӕр кӕныны хӕс ӕрхауд Хъодалаты Герсанмӕ. Фыдӕвзарӕнты нӕ чысыл коллектив ӕмӕ нӕ активондӕр автортимӕ, Джыккайты Шамилӕн цӕйау загъта Герсан сӕ иу фембӕлды рӕстӕджы, журнал «Фидиуӕджы» мӕлын нӕ бауагътам«. Нӕ ӕвирхъау уавӕртӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, мах нӕ бауагътам нӕ аив Дзырды артдзӕст мынӕг кӕнын. Уый нӕ, фӕлӕ йӕ цырын кӕнӕм нӕ хъӕппӕрисӕй, нӕ зӕрдӕты зынгӕй. Уый та у лӕгдзинад ӕмӕ кадыл дарыны хъуыддаг.

— Уӕдӕ, растдӕр зӕгъгӕйӕ, ныртӕккӕ цы уавӕры ис журнал? Ног хицауадӕй цæмæ æнхъæлмæ кæсыс?

— Гуырдзыстоны колони куы уыдыстӕм, уӕд нӕ журналӕн штаттӕ дӕр уыдис ӕмӕ гонорар дӕр. Иу номыры гонорар советон дуджы уыдис 1900 сомы, газет «Советон Ирыстон»-ӕн та — 200 сомы«. Еныр та у 20.220 сомы.

Журнал у штаттӕй цух.

Фӕстаг дӕс азы дӕргъы фӕфыстам куырдиӕттӕ, фӕлӕ нӕм йӕ хъус ничи ӕрдардта. Дзуапп нын никуы радтой нӕ куырдиӕттӕн.

Ног хицауадӕй дӕр уӕлдай ницы курӕм: журналӕн цы штаттӕ уыд, уыдон раздахын, нӕ гонорар та хъуамӕ уа 50.000 сомы, цӕмӕй нӕ авторты мӕгуыргурты бынаты мауал ӕвӕрӕм.

Стӕй кусын та — журналы коллективы бар!

Хъодалаты Мария — журнал «Фидиуæг»-ы поэзийы хайады кусæг.

— Журнал «Фидиуæг»-ы райдыдтон кусын бынтон æрæджы, фæлæ йын мæ зæрдæйы ис сæрмагонд бынат. Мæ фыццаг æрбахызтæй редакцимæ банкъардтон æнахуыр фарн æмæ арфæ. Литературæ æмæ поэзии мæн сæхимæ райдыдтой æлвасын хæрзчысылæй, фæлæ мæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд æмæ Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Гафез цы журналы гуырæндæтты уæлхъус лæууыдысты, уыцы журналæн йæ фарнæй фæхайджын уон.

Ам мæн æрвылбон ирон дзырд, суадоны донау, йедзаг кæны æмæ мæ уды гуырын кæны рæсугъд хъуыдытæ æмæ зæрдæвæндæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дæн сæрыстыр æмæ бузныг, ахæм æмуд æмæ хæларзæрдæ коллективы æхсæн мын кæй ис фадат кусын. Алы бон дæр цыма мæхи бинонты æхсæнмæ æрбацæуын, уыйау цинæй байдзаг вæййын. Стæй куыд æвзонг кусæг, афтæ исын бирæ хорз, пайдайон уынаффæтæ. Ахæм цытджын æмæ курдиатджын адæмы æхсæн кусын у æцæгдæр стыр æнтыст. «Фидиуæджы» дæлбазырæй адæмы миддунемæ фæндаг ардтой бирæ классиктæ æмæ æвзонг автортæ. Нæ иунæг уарзон журнал ноджы рæсугъддæр æмæ æнтыстджындæрæй йæ хæс æмæ йæ нысанæвæрд цы æххæст кæна, уый амонд уæд журналы кæсджыты æмæ нæ фидæны фæлтæрты дæр!

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ