Хæццæ дунейы нысан — цыртытимæ «хъазуатон» тох

Вагзалгæрон фæзуаты Ленины цырты истори

Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Цхинвалы ахæм бынат, ахæм бинонтæ нал баззад, хæст дзы йæ дæрзæг фæдтæ кæуыл нæ ныууагъта. Æрмæст удыгæстæм нæ, фæлæ цыртытæм дæр лæгмартæ сæ къух систой. Ныппырх кодтой Хъæбатырты Аллейæ, ныцъцъæл кодтой, Хетæгкаты Къостайæн паддзахадон драмон театры цы цырт уыдис, уый. Нæ бацауæрстой нæ уæлмæрдты цыртытыл дæр.

Ленин ирон нæу, фæлæ уымæн дæр нæ ныххатыр кодтой. Цхинвалы Вагзалгæрон фæзуаты йын цы бæрзонд цырт уыд, уымæн фехстой йæ зæрдæсæр — сармадзаны нæмыг фæсонтæй агæпп кодта, фæлæ диссаг: Ленин читт дæр нæ фæкодта, раздæрау лæууыд хъæддыхæй æмæ æнкъардæй каст пырх горæтмæ, тыхст адæммæ… Æмæ уыцы уæззау дуджы Ленины цырты иу фенд дæр ныфсы хос уыд бирæтæн, уæлдайдæр та хистæр кары адæймæгтæн. Бæрæгбонты ма йæм-иу дидинджытæ дæр æрбахастой. Фæлæ та иу бон куы уыд, уæд та… Ленин. Республикæ расидыныл фондз азы сæххæсты бæрæгбонмæ тыхст адæм сæхи куы цæттæ кодтой, уæд кæцыдæр фыдгæнæг бавдæлд æмæ бæрæгбоны размæйы æхсæв — 19-æм сентябры, рæмудзæн æрмæг бавæрдта цытджын фæтæджы цырты бын. Йæ тыхджын уылæнтæй ныппырх сты уырдæм хæстæг хæдзæртты рудзгуыты æвгтæ, Ленин та раздæрау йæ бынаты лæугæйæ баззад…

Фæлæ дунеон пролетариаты фæтæг æртыккаг хатт нал аирвæзт. 1989 азы 23-æм ноябры гуырдзиаг тыхæйисджытæ «сабырадон» митинг уадзынмæ Цхинвалмæ æрбацæуыныл сæ быцъынæг куы скъуыдтой æмæ сын дзы куы ницы рауад, уыцы боныл æхсæз азы сæххæсты æнкъард бон (гуырдзы æргомæй уæд райдыдтой сæ фыдмитæ хуссайраг ирон адæмы ныхмæ) цавæрдæр фыдгæнæг бавдæлд æмæ йæ сбæрæг кодта йæхирдыгонау — æхсæвы цыппар сахатмæ хæстæг срæмыгъта Ленины цырт. Ацы хатт дунейы пролетариаты фæтæгæн йæ бон ныхмæ фæлæууын нал бацис — йæ лæууæн дурæй рахаудта, йæхи æрхаста хъæбæр асфальтмæ æмæ ныцъцъæл…

Æбуалгъ хабар арвы цæфау уыд республикæйы цæрджытæн. Ветеранты иу къорд мæстæйдзагæй уайтагъд æрæмбырд Цхинвалы бынæттон хиуынаффæйады æмбырдгæнæн залмæ æмæ æмхъæлæсæй фæсаууонмæ карз тæрхон рахаста фыдгæнæгæн — сæ уарзон фæтæг Владимир Ленины цырт ныппырхгæнæгæн. Фæстæдæр та парти æмæ фæллойы ветерантæ сæ радон æмбырды рахастой уынаффæ Ленины цырт ногæй йæ раздæры бынаты сæвæрыны тыххæй. Алы пенсиисæг дæр цæттæ уыд сæрмагонд фондмæ йæ пенсийæ æртын проценты радтынмæ, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад æмæ абоны онг дæр афтидæй лæууы, Ленины цырт кæм уыд, уыцы бынат.

Советон паддзахады бындурæвæрæг Владимир Ленинæн Вагзалгæрон фæзуаты ног цырт байгом 1946 азы 7-æм ноябры Октябры революцийы радон азы цытæн. 80-æм азты райдианы цырт ист æрцыд. Фæлæ дунеон пролетариаты фæлгондз нæ ацыд Вагзалгæрон фæзуатæй. 1985 азы постаментыл æвæрд æрцыд «ног» Ленин.

Растдæр ацы цырты бахъуыд Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы цаутæ йæхиуыл бавзарын. Цырт хорз зынд Присы бæрзæндтæй æмæ йæ гуырдзиаг артиллеристтæ комкоммæ æхстой, фæлæ сын бафæрæзта. Уый фæстæ цырт ныппырх кæныны «стыр æнтыстытæ» уыд Цхинвалы цæрджытæй кæмæндæрты.

Йæ конструкцитæ йын аластой æфсæддон æфтауцдонмæ, раздæры «Заготзерно»-йы къанторæмæ. Абон ма цырты конструкцитæ уым сты æви нæ, уый бæрæг нæу, уæдæй нырмæ бирæ азтæ аивгъуыдтой…

Абон Вагзалгæрон фæзуат хæрзарæзт æрцыд æмæ рафидыдта, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма Ленины цырт йæ бынаты куы лæууид, уæд фæзуат ноджы рæсугъддæр æмæ аивдæр уаид. Чи зоны рæдийын, чи зоны та раст у мæ хъуыды…

ДЖИОТЫ Екатеринæ