Уыцы æмæ   æндæр ахсджиаг фарстатыл дзырдта «Энергоресурс Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Къæбысты Ацæмæз Информацион агентад «Спутник»-ы тыгъдады

Райдианы уал журналисттæн радзырдта базонгæ кодта хъармгæнæн сезонмæ цæттæкæнгæйæ, ивд кæй æрцыдысты зæронд хуызтæ, цæджындзтæ æмæ электронон станцты трансформатортæ. «Æрмæст Дзауы районы баивтам зæронд хызæгтæй 1400 метры. Ерцъойы хъæуы сæвæрдтам авд ног цæджындзы. Ныртæккæ та ахæм куыстытæ кæнæм Фæзыхъæуы. Ног электростанцтæ сарæзтам Цхинвалы районы. Мамысанты хъæуы цы электрон цæджындзтæ уыд, уыдон бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрхаудтой. Уыдонæй баивтам 19. Монастъеры хъæуы цæрджытæ нæм æр-барвыстой коллективон фыстæг, цæмæй кувæндонмæ бауадзæм электроны рухс, мах сын сæ куырдиат сæххæст кодтам. Президенты хæсмæ гæсгæ Дзауы районы Теделет æмæ Синагуры хъæуты арæзт æрцыд ног трасформаторон станцтæ. Уым дæр айвæзтам ног хызтæ 400 метры бæрц. Ацы районы хъæутæ Сохтæ æмæ Абаномæ дæр бауагътам электроны рухс», – дзырдта паддзахадон уни-тарон куыстуат «Энергоресурс Хуссар Ирыстон»-ы сæргълæууæг.

Къæбысты Ацæмæз ма пресс-конференцийы рæстæджы куыд фехъусын кодта, афтæмæй ПУК «Энергоресурс»-ы дæлбар сырæзт ног сæрмагонд службæ, кæцы бæрæг кæндзæн газы ифтонгады æмбæлон æвæрд æмæ куыст. «Газы ифтонгады бæрæггæнæг службæ йæ куыст райдыдта. Мах бабæрæг кодтам 181 хæдзар æмæ сарæзтам фондз акты. Курæг дæн не ‘мбæстæгтæй, цæмæй æмбаргæ ахаст дарой, ма хъыгдарой бригадæйы куыст, ма рафсон-бафсон кæной, газы кусджытæ сæм куы бацæуынц, уæд. Нæ зæрдыл хъуамæ лæууа ивгъуыд азы нæ горæты газы хъуагдзинады фыдæй цы стыр трагедитæ æрцыд. Ацы басгæрстытæ сты æнæмæнгхъæуæг, цæмæй сымах дæр æдас уат», – загъта Къæбысы фырт.

Уымæй дарддæр ма «Энергоресурс»-ы разамонæг республикæйы цæрджытæн радта реко-мендаци, цæмæй сæвæрой газы анализатортæ – угарæй хъахъхъæныны ифтонгад.

«Энергоресурс Хуссар Ирыстон»-ы сæргълæууæгмæ журналисттæ цы фарстатæ лæвæрдтой, уыдоны ‘хсæн уыд ахæм: цас раст у, афтæ кæй зæгъынц, ома, Уæрæсейы Федераци хъавы электроифтонгады лæвæрд æруромынмæ.

«Ивгъуыд къуырийы Уæрæсейы Федерацийы энергетикæйы министрад фехъусын кодта, энергоресурсты тарифтæ кæй фæфылдæр сты, доллары курсы аххосæй. Уымæ гæсгæ, дам, ЕАЭС-ы бæстæтæм, Китай, Монголи, Азербайджан æмæ Хуссар Ирыстонмæ, гæнæн ис, æмæ фæкъаддæр уой энергоресурсты уæй кæныны фæткойтæ. Ацы официалон хъусинаджы фæдыл экономикон райрæзты министрад бацæттæ кодта фыстæг, кæцы æрвыста УФ-мæ Александр Новакы номыл. Ацы ивындзинæдтæ ма хъуамæ бацагайой мах, уымæн æмæ нын УФ-имæ ис сæрмагонд бадзырд. Нырма æнхъæлмæ кæсæм нæ уæрæсейаг коллегæты официалон дзуаппмæ.

Фæлæ мах фæнды банысан кæнын, ныртæккæ фиддонты та-риф кæй ис раздæры æмвæзадыл», – загъта Къæбысты Ацæмæз.

Ныртæккæ «Энергоресурс Хуссар Ирыстон» кусы Инвестпрограммæйы фæлгæтты республикæйы ног электронымайæнтæ сæвæрыныл дæр. Йæ нысан – электрохаххытыл электроэнерги дæттыны рæстæджы технологон сæфтытæ фæкъаддæр кæнын. «Нырыккон нымайæнтæ автоматикон æгъдауæй «Энергоресурс»-ы сервермæ дæтдзысты бахардз электроэнергийы зонæнтæ. Уый хорз ахъаз уыдзæн контролертæ нал зилдзысты хæдзæрттыл. Ахæм куыстытæ фесты Шанхайы микрорайоны æмæ Гудзабары хъæуы. Тагъд æрæвналдзысты Цæрæн массивмæ. Æндæр районты дæр автоматикон нымайæнтæй сифтонг кæндзысты афæдзы кæронмæ. Ног электронымайæнтæн ма ис ахæм хорздзинад дæр, фиддонтæ æгæр куы сбирæ уой, бæрæг лимитæй куы схизой, уæд абонент электрохызæгæй автоматикон æгъдауæй ахицæн уыдзæн. Ныртæккæ дæр, республикæйы электроэнергийы службæйы кусджытæ бæргæ бамбарын кæнынц, фиддонтæ афоныл кæй хъæуы фидын, науæд сæ кæй ахицæн кæндзысты. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ уыцы ныхæстæ мурмæ дæр нæ дарынц. Цалынмæ сæ нæ рахицæн кæнынц, уæдмæ контролер бафæдзæхсы бинонты. Уый фæстæ сæм бацæуы, дæс боны фæстæ бæрæггæнæг æмæ сæ, æрмæстдæр, уæд ахицæн кæнынц. Абонент райдайы мадзæлттæ агурын, иуæй-иутæ лæбурдтытæ æмæ æртхъирæнтæ дæр фæкæнынц. Уымæ гæсгæ конролертæ семæ акæнынц барадхъахъхъæнæг органты кусджыты, цæмæй сæ фæрцы конфликт иуварс æрцæуа.

«Ахæм бæстæ нæй, кæм нæ фидынц коммуналон хæрдзтæ. Хъуамæ махæй алчидæр бæрндзинад æнкъара УФ-йы раз», – дзырдта Къæбысты Ацæмæз.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.