25 декабры нæ республикæйы Паддзахадон драмон театры бæстыхайы уагъд æрцыд 2020 азæн Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы хыгъдон концерт. Мадзалмæ фæуазæг сты нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Зассеты Жаннæ, хицауады бæрнон кусджытæ æмæ ма дзыллон-информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Уыдис ма дзы цытджын уазджытæ дæр Уæрæсейы Федерацийæ – Республикæ Татарстаны Адæмон артист Айрат Хаметов, УФ-йы Адæмон артист æмæ Паддзахадон премийы лауреат Докку Мальцагов, Республикæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артисттæ Игорь Атабиев æмæ Ирина Канукаева, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт артист Солтанты Хъазбег, кафты академион ансамбль «Березка»-йы балетмейстер Елена Гришкова, РЦИ-Аланийы Адæмон артист æмæ кафты ансамбль «Хохаг»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Æлборты Юри, æмæ горæт Мæскуыйы Культурæ-йы Паддзахадон институты Дзыллæты æмæ нырыккон хореографийы кафедрæйы доцент Наталья Романова.

Бæрзонд аивад – нацийы цæсгом

Кæд æмæ хыгъдон концерт бæрæг аххосæгтæм гæсгæ цух уыд ансамблæн табугæнджытæй , ома дзы нæ уыд бирæ сценæмæкæсджытæ, уæддæр рауад тынг цымыдисон. Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы кусджытæ бацархайдтой, цæмæй концертмæ адæм бакæсой телевизоры æмæ йæ равдыстой бынæттон каналæй. Ныридæгæн дæр æм бакæсæн ис бирæ интернет-ресурсты.

Фидарæй зæгъæн ис, ансамблы репертуар кæй уыд хъæздыг æмæ артисттæ иттæг хорз кæй сарæхстысты. Уымæй уæлдай ма сæ уæлæдарæс дæр раздæрмæ абаргæйæ уыдысты бæрæг рæсугъддæр æмæ аивдæр æмæ тынг хорз фидыдтой сценæйыл. Хуыйгæ та сын сæ бакодта РЦИ-Аланийы æмæ УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Годжыцаты Изольдæ, кæцы ныр 50 азы дæргъы хуыйы националон кастюмтæ.

Концертон программæ байгом «Хуыцауы зарæг»-æй, сæххæст æй кодтой ансамблы хор. Уый фæстæ акафыдысты ирон адæмы традицион кафт «Симд». Сæххæст æй кодтой аив, арæхстджынæй, – сæ рæсугъд фезмæлдæй адæймаг æхцондзинад иста.

Уый фæстæ та æххæстгонд æрцыдысты «Хон-гæ», «Алайнаг»,  «Хæххон», «Чызджыты лирикон кафт», «Рог кафт» æмæ ма æндæр кавказаг хъуыстгонд кæфтытæ. Уыдоны хсæн уыдысты адыгъейаг, цæцæйнаг, абхазаг, авайраг æмæ æндæртæ. Сæ арæхстдзинад ма равдыстой гуымсæгыл цæгъдынæй дæр. Цалдæрæй музыкалон инструменттыл æмист кодтой ритмтæ, рогæй хызтысты иу мотивæй иннæмæ æмæ сæм адæймаг кæсын æмæ хъусынæй не ‘фсæст.

Концерты ма зæлыдысты ансамблы хоры аив зарджытæ дæр. Иттæг хорз æмвæзадыл æххæстгонд æрцыдысты ахæм зарджытæ, куыд «Мады рæвдыд», «Дзауы уæрдæттæ», «Зæрватыкк», «Зльбрус», «Лæууы ма мæ зæрдыл» æмæ æндæртæ. Æдæппæт сæххæст кодтой 20 номырæй фылдæр æмæ сæ арæхстдзинадæй райгондæй баззадысты куыд бынæттон специалисттæ, афтæ ма уазджытæ дæр.

 Концерты фæстæ зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъд æрцыдис «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг – РХИ-йы сгуыхт артист Гуылæрты Радионæн æмæ æппæт ансамблы коллективæн. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы модернизаци саразын уыд раст хъуыддаг æмæ йыл иу уысм дæр фæсмонгæнæн нæй.

«Цæмæй дæм ахæм цытджын уазджытæ, куль-турæйы къабазы дæснытæ сценæмæ хъæр кæной «браво», уый бирæйыл дзурæг у. Иу азы размæ мах рахастам фæндон, цæмæй ансамбль «Симд»-ы æрцæуа бындурон ивындзинæдтæ, æмæ йæ нысан та уыд, цæмæй раздæрау нæра «Симд»-ы ном. Хуынд æрцыдис ног аивадон къухдариуæггæнæг, стæй та ивындзинæдтæ хаст æрцыдис ансамблы коллективмæ æмæ концертон программæмæ. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын квалификацион къамисы кусджытæн, кæцытæ бакодтой хъæугæ куыст æмæ йын абоны бон уынæм йæ фæстиуджытæ. Коллектив йæ арæхст-дзинад кæй фæхуыздæр кодта, уый бæрæг у, æмæ мæ уырны, азæй-азмæ йæ дæсныйады æмвæзад кæй бæрзонддæр кæндзæнис, уый. Цæмæй ахæм диссаджы концерт бацæттæ кæнай æмæ ма дын хорз аргъ дæр скæной дæ бакæнгæ куыстæн, уый бирæ фыдæбон у. Фæнды мæ, цæмæй фидæны ансамбль «Симд» йæ арæхстдзинад равдиса УФ-йы регионты дæр æмæ уын уæд сценæмæкæсджытæ скæндзысты æмбæлон аргъ. Мæ зæр-дæ уын зæгъы бирæ æнтыстытæ æмæ уæ адæмы хорзæх уæд», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Докку Мальцагов дæр йæ раныхасы банысан кодта ансамблы зарыны æмæ кафыны бæрзонд æмвæзад æмæ сын стыр бузныджы ныхæстæ загъта.

«Ацы концертон программæ æз федтон цалдæр азы размæ æмæ йæ абоны бон сымах сæххæст кодтат иттæг хорз, зæгъæн ис, уæ раздæры æнтыстытæ фæстейæ фæуагътат. Уæ дæсныйад ахæм бæрзæндтæм схызтис æмæ уæ бон у сæрибарæй æвдисат уæ дæсныйад дунейы хуыздæр сценæтыл», – зæгъы Докку Мальцагов.

Уазджытæ иууылдæр райгондæй баззадысты ансамблы концертæй æмæ сын нæ бахæлæг кодтой алыгъуызон арфæйы ныхæстæ. Айрат Ахметов ма бахахх кодта, зæгъгæ, ансамбль «Симд» у уæ нацийы цæсгом, йæ фæрцы уын бирæтæ зонгæ сты уæ культурæимæ æмæ уæм æнхъæлмæ кæсын  Татарстаны, цæмæй уым дæр бахъæлдзæг кæнат адæмы зæрдæтæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.