Гаглойты Варяйы  райгуырдыл сæххæст 100 азы

Нӕ театрӕн йӕ ивгъуыд рӕстӕг мысинаг у. Ирон сценӕ йӕ базыртӕ тынгдӕр айвӕзта, Ленинградӕй нӕм театралон институт каст фӕуыны фӕстӕ куы ӕрыздӕхтысты Бататы Федыр, Гаглойты Зинӕ ӕмӕ Варя, Гӕззаты Степан, Жажиты Андрей, Дзидздзойты Лидӕ, Таугазты Гаврил, Тедеты Андрей, Къӕбулты Гриша, Хъайырты Владимир, Магкоты Наташӕ, Мӕргъиты Сослан, Мӕхъиты Владимир, Плиты Александрӕ, Сланты Григол, Цӕбиты Варя ӕмӕ Залихан, Цоциты Нинӕ, уӕд.

Адон уыдысты фыццаг профессионалон фӕлтӕр. Ахӕм зиууӕтты ӕрбалӕуд стыр цины хъуыддаг уыдис уӕд Хуссар Ирыстоны театрдзаутӕн, не сценӕйы хистӕр фӕлтӕрӕн. Уыдонӕй мӕнӕн мӕ ныхасы сӕр у Гуырдзыстоны сгуыхт артисткӕ Гаглойты Варяйыл.

Йæ лӕггӕдтӕ ирон сценӕйæн дардыл уыдысты, къабазджын уыд йӕ куыст, алыварсон уыд йӕ курдиат. Бӕргӕ йӕм ӕмбӕлд адӕмон артисткӕйы ном дӕр, фӕлӕ дын ӕй чи лӕвӕрдта, нӕ къухы цы уыд, искӕйы къух-мӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын та ирон адӕймаг йӕ сӕрмӕ никуы хаста.

Гаглойты Варя райгуырдис 1919 азы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Астӕуккаг Ручъы, йӕ мады ӕфсымӕрты хӕдзары. Йӕ фыд Тъотъо (Алыксандр) уыдис Дзауы районы Уанелы зылды Къусджыты хъӕуккаг.

Мӕгуыр, цыбыркъух хӕдзарвӕндаг уыд, фӕлӕ амӕлттӕ кодтой. Тъотъо ӕвзонгӕй райста фыййауы лӕдзӕг, йӕ лӕппуйы бонты бамбӕрста царды ӕнӕрӕстдзинӕдтӕ, йӕ хъустыл уадысты 1905-1907 азты революцийы уылӕнты хъӕртӕ, лӕппу-лӕг уӕвгӕйӕ ӕппӕт йӕ тыхтӕ радта ног царды сӕрыл тохӕн.

Уыд Сырх партизан, 1914-1917 азты уыдис паддзахы ӕфсады службӕгӕнӕг, хайад иста империалистон хӕсты, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты та уыд Зикъарайы хохыл куынӕггӕнӕг батальоны командир.

Тъотъойы царды фӕндӕгтӕ уымӕн нымайын, цӕмӕй ирддӕрӕй разыной йӕ чызг Варяйы царды фӕндӕгтӕ. Варяйӕн йӕ мад уыдис Плион, Машо йӕ ном, зындгонд хӕдзарвӕндаджы чызг уыд.

Йӕ царды хуыздӕр бонтӕ арвыста Цхинвалы, уыд хӕххон адӕмы фысым. Тъотъо хъуыддӕгты лӕг уыд, хӕдзармӕ йӕ нал ӕвдӕлд, уымӕн райгуырд Варя йӕ мады ӕфсымӕрты хӕдзары. Тъотъойӕн уыд дыууӕ чызджы ӕмӕ дыууӕ лӕппуйы. Уыдонӕй Варя, Лидӕ ӕмӕ Батрадз нал сты, ӕфсымӕр Клим у инженер, цӕры ӕмӕ кусы Мӕскуыйы.

Уӕззау уыд Варяйы райгуырӕн аз: Уӕрӕсейы революци фӕуӕлахиз, цыд тугкалӕн æмбæстагон хӕст. Хуссар Ир 1920 азы ба-хауд туджы лӕсӕнты, сыгъд ӕрцыд гуырдзыйы лӕгсырдты къухӕй, адӕмы бахъуыд Цӕгат Ирмӕ фӕлидзын, афӕдздзыд Варяйы сӕ хъӕбысы ахастой йӕ ныййарджытӕ.

Варяйӕн йӕ царды фӕндаг райдыдта Ногиры скъолайӕ. Цхинвалмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, фӕстӕдӕр ахуыр кæнынмæ бацыд педагогон техникуммӕ.

1936 аз стыр фӕд ныууагъта Хуссар Ирыстоны театралон историйы. Хуссар Ирыстонæй Ленинграды театралон институтмæ æрвыст æрцыдысты 28 адӕймаджы. Семæ   уыдис Гаглойты Варя дӕр.

Уӕлдӕр ӕй загътон, уыцы цӕттӕ фӕсивӕд куы ӕрыздӕхтысты нӕ театрмӕ, уӕд нӕ театр базмӕлыд, айвӕзта йе уӕнгтӕ, зынгӕ фӕхуыздӕр, фӕхъӕздыгдӕр йæ репертуар. Стыр курдиаты хицау разынд Гаглойты чызг, уайтагъд ыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой канд режиссертӕ нӕ, фӕлӕ сценӕмӕкӕсджытӕ дӕр. 150 фӕлгонцӕй фылдӕр сӕххӕст кодта Варя не сценӕйыл.

Уыцы фӕлгӕнцтӕ сты алыгъуызӕттӕ: кӕм зӕронд устыты ролы хъазыд, кӕм –  чындздзон чызджыты, кӕм – идӕдзустыты, кӕм та ног чындзы æмæ алы ролы дӕр йӕ арӕхстдзинад уыд нывыл.

Варяйӕн йӕ фыццаг фӕлварӕнтӕй иу уыд Зорианы фӕлгонц (Туаты Д. «Си-дзӕргӕс»). Ирон драматургийы цы вазыгджын фӕлгӕнцтӕ ис, уыдоны ‘хсӕн бӕ-рӕгӕй ӕрттивы, бӕрӕг хицӕн кӕны Зорианы фӕлгонц. Уый у, ирон адӕм лӕджы ‘мсӕр ус кӕй хуыдтой, ахӕм. Йӕ лӕджы йын зӕй фӕласта, баззад ӕртӕ сидзӕр сывӕл-лонимӕ. Зориан хорз зыдта сидзӕргӕс усы бартӕ. Ӕртӕ барӕй равзӕрста сӕ хуыздӕры – йӕ сабиты номыл фӕбадын, йӕ лӕджы цӕсгом хъуыдыгӕнгӕйӕ, уый хъуа-мӕ схъомыл кӕна йӕ сабиты, ракӕна сӕ адӕмы рӕгъы.

Йӕ ран нывыл кӕй нӕу, уый хатыд ӕмӕ ӕмбӕрста Зориан, зыдта, йӕ тиу Амырхан ыл ӕддӕмӕ кӕй ӕнцайы, цӕмӕй йӕ цӕгатмӕ аздӕха, сидзӕртӕ та уымӕн ӕххуырстытӕй баззайой.

Раст ӕй нысан кодтой йӕ рӕстӕджы: «Ныййарӕг мады зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ, сылгоймаджы сӕрыстырдзинад ӕмӕ адӕймаджы намыс сты Варя-Зорианы стырдӕр хӕцӕнгарз ӕвирхъаудзинад, налатдзинад ӕмӕ чъындыдзинады ныхмӕ».

Драмӕ «Сидзӕргӕс»-ы архайд цӕуы 1905-1907 азты къӕсӕрыл. Уыцы дугӕн Варя-Зориан у иууыл тыхджындӕр ӕмӕ вазыгджындӕр фӕлгонц.

Арӕхстджынӕй равдыста Варя йӕхи Хӕрзойты Фатимӕты ролы дӕр (Туаты Д. «Хӕрзойты Фатимӕт»). Фатимӕт у сӕрыстыр ирон чындздзон чызг, уарзы Хъӕсӕйы, фӕлӕ талынг ӕгъдӕуттӕ, ирӕды тых, Ирыстоны къласон дихдзинад уыдонӕн сӕ фӕндӕгтӕ ӕхгӕдтой, уыцы фӕндӕгтӕ сӕ ӕркодтой туджы лӕсӕнтӕм, ингӕны былмӕ. Ӕппӕт ацы зындзинӕдты Варя бафӕрӕзта рӕгъмӕ рахӕссын, бӕрӕг уыд, кӕй ссардта фӕндаг Фатимӕты зӕрдӕмӕ, кӕй фӕтых уыцы вазыгджын ролыл.

Варя 1950 азтӕй суанг йӕ амӕлӕты бонмӕ цыдӕриддӕр фӕлгӕнцтӕ сарӕзта, уыдоны федтон мӕхӕдӕг дӕр, федтон ӕй Зорианы фӕлгонцы, Фатимӕты фӕлгонцы. Федтон ӕй, куыд ӕххӕст кодта Хетӕгкаты Къостайы «Фатимӕ»-йы Фатимӕйы роль дӕр. Уыцы ролы хъазгӕйӕ, Варя ссардта хъӕуӕг фӕрӕзтӕ, хъӕуӕг ахорӕнтӕ, ба-фӕрӕзта Фатимӕйы миддуне адӕмы ‘хсӕнмӕ рахӕссын, Джамбулаты дуг ӕмӕ уый хуызӕттыл бафӕрӕзта худинаджы гакк ныккӕнын.

Дзӕвгар у сӕ нымӕц, Варя сценӕйыл цы тыхджын ӕмӕ ирд фӕлгӕнцтӕ сарӕзта, уыдонӕн.

Мӕнӕ та Варя хъазы ӕндӕр чындздзон чызг Хансиаты ролы (Брытъиаты Е. «Дыууӕ хойы»).

Хансиаты дуг революцимӕ ӕввахсдӕр лӕууы.  Хансиат-Варя хорз ӕмбары, сылгоймаг дӕр адӕймаг кӕй у, уымӕн агуры ӕмбартӕ нӕлгоймагимӕ. Кӕд сидзӕр хотӕ сты, кӕд сӕ фыды ӕфсымӕр хъавы уыдоны ныууӕй кӕнынмӕ стыр ирӕдыл ницӕйаг адӕймӕгтӕн, уӕддӕр фӕразынц, тох кӕнынц, агурынц сӕ бартӕ. Ам Варя-Хансиат у уӕндон, ӕрхъуыдыджын, фӕразон. Кӕд йӕ тохы фӕндагыл йӕ мӕлӕт ссардта, уӕддӕр сӕ тох дзӕгъӕлы нӕ фӕцис, уый хыгъд йӕ кӕстӕр Асиат йӕ амонд ссардта уарзондзинады бындурыл.

Ныр та Варя ахызт Нанайы фӕлгонц ӕххӕст кӕнынмӕ (Брытъиаты Е. «Хазби»). Нана-Варя сӕрыстыр у, ахӕм фырт кӕй схъомыл кодта, адӕм ӕй раздзогыл кӕй нымайынц. Мад-Варя хорз ӕмбары дуджы уӕззау уавӕр, тӕссаг рӕстӕджы характер, ӕмбары развӕлгъау, йӕ фырт тохы быдыры йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн.

Ӕмбары Нана-Варя, адӕмы сӕрвӕлтау мӕлӕт ссарын лӕгдзинад кӕй у. Кӕуылты уыд Варяйы хъазт, Нана Хазбийы мардмӕ куыд ӕрбацӕуы сауты, къонайы рӕхыс йе ‘фцӕджы, афтӕмӕй. Уӕззау сценӕ уыд, фӕлӕ дзы Варя йӕхи равдыста куырыхон дзырддзӕугӕ сылгоймагӕй, ӕцӕг фидар ӕмӕ хъӕддых Нанайӕ.

Варя уыдис курдиатджын актер, поэт ӕмӕ драматург Саулохты Мухтары бинойнаг. Мухтар ӕвзонгӕй фӕхъуыд, фӕмард трагикон ӕгъдауӕй, фӕлӕ йын саразын, сфӕлдисын бирӕ бантыст. Мухтары ‘руаджы нӕ театры репертуар къӕрис никуы уыд. Йӕ пьесӕтӕ: «Усгур», «Фыййӕутты уӕтӕр», «Бега», «Хандзериффӕ», «Нарты Батрадз», «Хӕхтӕ сдзырдтой» ӕмӕ ӕндӕртӕ нӕ театры сценӕйӕ никуы рахызтысты. Ӕгӕрыстӕмӕй, йӕ комеди «Усгур» минӕй фылдӕр хатт цыдис Ирыстоны сценӕтыл. Варя арӕхстджынӕй ӕххӕст кодта йӕ цардӕмбалы къухӕй рацӕугӕ фӕлгӕнцты. Уыдон та уыдысты: Ацырухс («Нарты Батрадз»), Минӕт («Усгур») ӕмӕ ӕнд.

Ирон драматургтӕ райгонд уыдысты Варяйы хъазтӕй. Сценӕмӕкӕсджытӕ райгондӕй баззадысты, куы федтой Варяйы, Афасӕ (Хуыгаты Г., Хуыбецты Р. «Софьяйы зарӕг»), Джыга (Хацырты С. «Тулгӕ дур», Уардис (Гафезы «Бӕсты фарн»), Гулдзифир (Туаты Д. «Аргъау»), Разиат (Темыраты Д. «Мастисджытӕ»), Зӕлинӕ (Гаглойты Вл. «Зӕлинӕ»), Азау (Плиты Гр. «Чермен»), Госкӕйы (Джусойты Н. «Азау ӕмӕ Таймураз»} ӕмӕ ӕнд.

Гаглойты Варяйы лӕггӕдтӕ национ культурӕйы рӕзтӕн дардыл уыдысты, ӕнӕхъӕн хӕдзарӕй уыдысты уырдыглӕуджытӕ, цӕмӕй ирондзинад фидар уа. Ирон декадӕйы рӕстӕджы Тбилисы сценӕмӕ-кӕсджытӕ тынг райгондӕй баззадысты ирон театралон аивадӕй, стӕй Варяйы хъазтӕй. Уый уыдис 1957 азы, уӕд Варяйӕн лӕвӕрд ӕрцыд Гуырдзыстоны республикӕйы сгуыхт артисткӕйы ном.

Варя раджы баззад сидзӕргӕсӕй, фӕ-бадт йӕ иунӕг лӕппу Мэлсы номыл, фӕбадт ӕмӕ дзы Ирыстонӕн лӕгаулӕг рауайын кодта. Мэлсы хуызӕн ирон кафты дӕсны нӕй, уый абоны бон дӕр бындур ӕвӕры ирон кӕфтытӕн. Абон Варя не ‘хсӕн нал ис, фӕлӕ йӕ ном цӕрдзӕн уӕдмӕ, цалынмӕ Ирыстоны театралон аивад йӕ къахыл лӕууа.

Гаглойты чызг Варяйы райгуырдыл  æх-хæст кæны 100 азы. Цы лæггæдтæ бакодта, уыдæттæ йæ рох кæнын нæ бауадздзысты.

ПЛИТЫ Гацыр, Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.