Дунейы зындгонд флейтисткæ Моника Морони 5-æм сентябры Цхинвалы кафе «Винченцо»-йы радта чысыл концерт. Музыканты райгуырæн бæстæ у Сан-Марино, кæцы йæ географион равæрдмæ гæсгæ алыфарсæрдыгæй дæр арæн кæны Италиимæ. Сан-Марино дунейы у иууыл къаннæгдæр æмæ рагондæр  бæстæ. Йæ территори бæрцæй у 60,57 квадратон метры, цæры дзы 34 159 адæймаджы бæрц.

Кафейы уæрæх бынат кæй нæй, уымæ гæсгæ концертмæ æрбацыдысты хонæн билеттимæ нымад адæм. Уымæ гæсгæ фæсарæйнаг музыканты аивадæн аргъгæнджытæ дæр бирæ нæ уыдысты, фæлæ адæмы цымыдис кодта йæ арæхстдзинад флейтæйыл цæгъдыны.

Моника хуссарирыстойнæгтæн сæххæст кодта цалдæр музыкалон номыры, кæцытæ уыдысты зындгонд фæсарæйнаг композиторты уацмыстæ, уыдон æхсæн – Бах æмæ Россинийы уацмыстæ. Уый ма адæмы рæгъмæ рахаста нырыккон музыкæйæ цалдæр уацмысы.

Зындгонд музыкантæн йæ цымыдисон концерты сæраппонд арфæйы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар. Йæ раныхасы уый, фыццаджыдæр, банысан кодта, дыууæ бæстæйы æхсæн хæлардзинад дарддæр дæр кæй рæздзæнис æмæ Сан-Маринойы та кæддæриддæр кæй уыдзæн амондджын цард æмæ фæрныгад. «Бузныг уæ концерты тыххæй, кæй нæм саккаг кодтат æмæ нæм кæй фæуазæг стут. Мах æй зонæм, кæй æрцыдыстут Беслæны фыдохы мадзæлттæм æмæ немæ кæй дих кодтат уыцы трагедийы стыр рис. Уый тыххæй уæ стыр бузныг стæм, æмæ нæ ныфс ис, нæ республикæмæ уæ ацы æрцыд фæстаг хатт кæй нæ уыдзæнис, уымæй. Мах уе ‘рцыдыл кæддæриддæр æмбæлдзыстæм райзæрдæйæ. Табуафси, Ирыстонмæ уæ фæндæгтæ раст», – загъта Джиоты Æхсар.

Моника Морони йæ дзуаппон арфæйы банысан кодта, зæгъгæ, йæ стыр æхсызгонæй фæндид æмæ йæ ныфс дæр ис, кæй та æрцæудзæн уазæгуарзон Ирыстоны бæстæмæ æмæ бузныг загъта концерты организатортæн. Йæ арфæйаг ныхасы фæстæ ма уый йæхи æмæ республикæ Сан-Маринойы къухдариуæгады номæй риуылдарæн нысан балæвар кодта Джиоты Æхсарæн, сæ бæстæмæ Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй уарзондзинад æмæ хъарм ахасты символы нысанæн.

Моника Моронийæн италиаг делегацийы скондимæ йе ‘рцыды сæр уыдис Беслæны фыдохы мадзæлтты хайад райсын. Зындгонд музыканты Цæгат Ирыстонмæ фæхуыдта «Матери Беслана»-йы комитет, æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй делегацийы æрцыды инициатор æмæ организатор та уыдис Италийы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварад. Моника Моронийæн уыд цалдæр концерты Беслæны, афтæ ма горæты музыкалон скъолаты æмæ ахуыргæнæндæтты ахуыргæнинæгтæн ауагъта мастер-класстæ дæр.

Беслæны трагеди италиаг адæм сæ зæрдæмæ æввахс кæй айстой æмæ тынг кæй фæхъыг кодтой, теракты чи бабын, уыцы æнæаххос адæймæгты тыххæй, уый банысан кодтой фыдохы мадзæлтты ацы фæсарæйнаг делегацийы минæвæрттæ æмæ сæ ныхас загътой терроризмы ныхмæ, сомбон ахæм æбуалгъ цаутæн æруадзыны бар кæй нæй æмæ кæддæриддæр кæй мысдзысты террористты къухтæй чи фæмард, уыцы адæймæгты рухс нæмттæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.