Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боныл ацы аз дæс азы кæй æххæст кæны, уымæ гæсгæ  нысан цæудзæн уæрæхæй. Бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны фæдыл цы къамис арæзт æрцыдис, уый ныридæгæн кусы мадзæлтты планыл.

Æрвылкъуырион брифингы дунеон хызæг «Спутник»-ы пресс-центры РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария ацы ахсджиаг мадзæлттæм цæттæгæнæн куысты фæдыл афтæ радзырдта:

«12 апрелы арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, кæцыйы сæргъ лæууы РХИ-йы Президент Бибылты Ана-толи. Йе сконды сты Культурæ, Ахуырад, Уæлвæткон уавæрты æмæ Хъахъхъæнынады министрадтæ æмæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты минæвæрттæ», – загъта уый.

Бæрæгбонмæ цæттæ кæныны фæдыл къамис æркаст æмæ цæттæ кæны, мадзæлттæ республикон стадионы ауадзынмæ. Цæттæ цæуынц егъау мадзæлттæ, цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц æнæнхъæлæджы æхсызгон мадзæлттæ. Культурон хиирхæфсæн фадыджы план цæуы Цæгат Ирыстонæй сфæлдыстадон коллективтæ æрхонын. Куыст цæуы бæрæгбонон мадзæлтты стыр планыл, цыран хайад исынц æмткæй Культурæйы министрад, сæ бæрны ис куысты стыр гуырахст. Уымæй уæлдай ма цæттæ цæуы бæрæгбоны официалон хай  – республикæмæ хуынд сты Цæгат Кавказы республикæйы сæргълæуджытæ, Уæрæсейæ та æнхъæлмæ кæсæм политиктæ, эксперттæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæм.

Хъотайты Мария ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фыццаг хатт Хуссар Ирыстон уæрæх аудиторийæн фехъусын кæндзæн, æрмæст 2008 азы нæ, фæлæ уый размæ азты гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн зиæнтты гуырахсты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нымад куы æрцыд, ууыл дæс азы сæххæст стыр нымæц у, цæмæй аргъ æрцæуа æмæ рæзой паддзахадон æмæ демократон институттæ, рæза социалон сферæ Уæрæсейы æххуыс æмæ фарсхæцынады руаджы. Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ уый фæдыл цæттæ цæуы экспертты стыр докладтæ,  кæцытæ аргъ кæндзысты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн бадзырдтæн æмæ сæ фæстиуджытæн. Ныридæгæн куыст райдыдта, 2008 азы Гуырдзыстоны знагиуæгон архайды фæстиуæгæн цы адæмон хæдзарад ныппырх, уый æрæмбырд кæныныл. Сног кæндзысты, гуырдзиаг агрессорты ныхмæ конд уголовон хъуыддæгтæ, фæдагурæн ма-дзæлтты рæстæджы Хуссар Ирыстоны къухты цы фæстиуджытæ бафтыд, æппæт уыдæттæ. Æмæ сæйраг – Хуссар Ирыстон цас йæ къахыл слæууыд 2008 азы хæстон агрессийы фæстæ, уый.

Ацы къамисы куысты фæдыл информаци лæвæрд цæудзæн æдзухæй, къамисы уæнгтæ хыгъд дæтдзысты куыд цæттæ цæуынц бæрæгбонон мадзæлтты сценаритæ. Паддзахадон хæдбардзинады дæс азы юбилей нысан кæныны бонмæ нырма фаг рæстæг ис, цæмæй æххæст æрцæуа бæрæгбонон мадзæлттæм цæттæгæнæн куыст.

Къамисы уæнгтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ ацы аз 20 сентябрмæ бар нæй улæфты ацæуынæн. Уый фæдыл бадзырд сарæзта Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Бæрæгбонон цæттæгæнæн мадзæлтты хайадисæг министрадтæ, уагдæттæ, суанг ахуырдзау фæсивæд дæр хъуамæ уой республикæйы территорийыл,  бæрæгбонмæ цæттæкæныны бæрндзинад кæуыл æвæрд ис, уыдон.

«Ацы стыр нысаниуæгджын бæрæгбон банысан кæнынмæ махæй алчидæр хъуамæ равдиса стыр бæрнон ахаст», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.