Майрæмбоны, 18 ноябры Хуссар Иыстоны Парламенты уыд УФ Федерацийы Советы æмæ РХИ-йы Парламенты æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл иумæйаг къамисы рабадт. Хайад дзы райстой: Уæрæсейы фарсæрдыгæй — Æхсæнпарламентон къамисы æмсæрдар Сергей Цеков, сенатортæ Крым Казаноков, Елена Бибикова, Римма Галушина æмæ уæрæсейаг къамисы бæрнон нымæрдар Надежда Дахова, хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй та — депутаттæ Джиоты Еленæ, Уырыгаты Инал, Плиты Александр æмæ хуссарирыстойнаг къамисы бæрнон нымæрдар Лапачи Мзия æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Къамисы уæнгтæ дзырдтой Хуссар Ирыстонмæ æмæ фæстæмæ машинæты æрбацыд æмæ ацыды (ввоз) фарстыл.

Сергей Цеков куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ Хуссар Ирыстонæй Уæрæсемæ машинæты кæныны фарстыл хуссарирыстойнаг фарсты инициативæйæ регуляронæй дзырд фæцæуы.

«Хъыгагæн, фарст аскъуыддзаг кæныны уынæм æнæхъуаджы фæткойтæ. Баххуыс кæнынмæ цæттæ стæм. Мæ бон у алы официалон структурæтæм арвитон домæн фыстæг, цæмæй уын радтой дырыс, æргом дзуапп, уый тыххæй», — загъта Цеков æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, фидæн азы фæнд цæуы «Дæллаг Зæрæмæджы» уадзæн пункты реконструкци. Бирæбæрцæй фæфылдæр уыдзæн уадзæн пункты хъомысад, фæхуымæтæгдæр уыдзæн арæны сæрты хизыны хъуыддаг дæр.

Парламенты Сæрдар Æлборты Алан куыд банысан кодта, «афтæмæй» фарст аскъуыддзаг кæныны нын къамис кæд баххуыс кæна, уæд уый уыдзæн сæ куысты иууыл ахсджиагдæр хъуыддаг«… «Нæ республикæйæн ввозы фарст тынг карз проблемæ у, алы æмбæстагмæ дæр. Цæрджыты фылдæр хай улæфты бонты ацæуынц Уæрæсейы территоримæ. Цæмæй ввозы тыххæй проблемæ мауал уа, уый тыххæй цæрджытæ сæхи сфыссынц Цæгат Ирыстонæй. Ацы уавæр та нæ республикæйы цæрджытæн райсинаг хъуыддаг нæу. Машинæты хицæуттæ кæм цæрынц, таможнæйы кусджытæ æрмæстдæр уымæ кæй кæсынц, уый дæр проблемон у. Мах фæнды, цæмæй уыцы проблемæтæ æвæрццагæй скъуыддзаг æрцæуой, уымæн æмæ нын ис дывæр æмбæстагдзинады тыххæй закъон», — банысан кодта Парламенты спикер

КУЫСТЫ СТАЖ

Дарддæр æхсæнпарламентон къамисы уæнгтæ уынаффæ кодтой куысты стажы фарстыл.

Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Сергей Цеков куыд радзырдта, афтæмæй дарддæр куыст цæуы, Хуссар Ирыстоны чи кусы, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгты стаж цæмæй хаст æрцæуа иумиаг стажмæ. «Ацы хъуыддаджы тыххæй райстам æрмæджытæ, фæлæ хуссарирыстойнаг фарс цы домы, уый иуæй-иу хатт нæ фембарæм. Уымæн æмæ сæ фарстатæ дырысæй нысан не ’рцæ-уынц. О, фæлæ уыдон куысты моменттæ сты. Мæнмæ гæсгæ, къамисы радон рабадтмæ уавæр фæбæлвырддæр уыдзæн», — загъта Цеков.

ХАСТ НЕ СТЫ УФ ПЕНСИОН ФÆДЗÆХСТАДОН СИСТЕМÆМÆ

Уæрæсейаг сенатор Елена Бибикова куыд банысан кодта, афтæмæй 2015 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг иунæг уæрæсейаг æмбæстаг дæр не спайда кодта УФ-пенсион фæдзæхстады системæмæ бацæуыны барæй. Афтæмæй та Уæрæсейы æддейæцы æмбæстæгтæ цæрынц, уыдонæн бар ис бархийæ бацæуой УФ пенсион фæдзæхстады системæмæ.

«Æмбæстагæн йæ бон у бархийæ Уæрæсейы пенсион фондмæ æрвылаз дæр хæсса фиддонтæ. Ацы аз уыцы фиддонтæ сты 36 мин сомы. Ацы суммæ куы бахæсса пенсион фондмæ, уæд уый нымад уыдзæн иу азы стажыл. Цас фылдæр æхца хæсса, уый бæрц фылдæр уыдзæн йæ пенсион коэффициент. Хуссар Ирыстоны тыххæй 2015 азæй цы профилон закъоны проектыл куыст цыд, уымæ раздæхын хъæуы æмæ йыл ногæй хъæуы æруынаффæ кæнын », – загъта Бибикова.

ХИЦАУИУÆГАДЫ КРИЗИС ПАЙДА НÆ ХÆССЫ ПАДДЗАХАДÆН

Æхсæнпарламентон къамисы рабадты дзырд цыд, æвзæрстыты тыххæй Хуссар Ирыстоны закъон экспертизæйы тыххæй Уæрæсемæ æрвыст кæй æрцыд, уый тыххæй дæр.

Цековы ныхæстæм гæсгæ, æхсæнпарламентон къамисы уæнгтæ, уыцы нымæцы йæхæдæг дæр, хъусдарджыты хуызы хайад райстой Хуссар Ирыстоны бирæ æвзæрстыты.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, РХИ-йы фæстаг президентон æвзæрстыты рæстæджы дыккаг туры бон снысан кæныны тыххæй проблемæйы сæвзæрд æмæ фæстаг азты Парламент цы вазыгджын уавæры уыд, уыдон.

«Цæмæй æвзæрстыты рæстæджы ахæм проблемæтæ ма æвзæрой, уый тыххæй закъонмæ бахæссын хъæуы барасткæнинаг. Цæмæй алцы дæр дырыс уа, уый тыххæй закъоныл афтæ бакусын хъæуы, цæмæй дзы дывæр мидис ма уа. Тæрхонгæнæн органты хæццæ кæнын нæ хъæуы ахæм фарстатæ скъуыддзаг кæныны хъуыддæгты», — банысан кодта сенатор.

«Иу рæстæджы Парламент бынтондæр йæ куыстæй æрлæууыд. Мæнмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны закъондæттынады кæронмæ нысан не сты ахæм нормæтæ, кæцытæм гæсгæ нæй гæнæн ахæм уавæртæ аразынæн. Парламент æдзухæй архайæг орган у, æмæ хъуамæ куса цахæмдæр къордты политикон цæстæнгастæм æнæ кæсгæйæ», — загъта уый æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, ахæм уавæрты кризистæ паддзахадæн пайда не сты. Цæмæй кризисон уавæр ма æвзæра, уый тыххæй закъондæттынадыл лæмбынæг бакусын хъæуы.

«Махмæ ис стыр фæлтæрддзинад кризистæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Æппæт дæр бæстонгонд цæуы закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ цæттæ стæм Хуссар Ирыстонæн дæр æмбæлон æххуыс бакæнынмæ», — ныфс бавæрдта Сергей Цеков.

ОСИАТЫ Индирæ