Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал æртæ боны дæргъы йæхимæ райста делегациты, кæцытæ нæ республикæмæ æрцыдысты, президентон æвзæрстытæ куыд цæуынц, уымæ хъус дарыны тыххæй. Уыцы рæстæджы йын фембæлдтытæ уыд Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмæ Паддзахадон Думæйы минæвæрттимæ сæ сæргъ Тъотоонты Александр æмæ Николай Говорин, афтæмæй.
РХИ-йы Парламентмæ ма бацыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты делегаци РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станиславы сæргълæудæй, Хæххон Къарабахы Республикæйы делегаци ацы Республикæйы Национ Æмбырды (Парламенты) Æдзухон къамисы Сæрдар Руслан Исраеляны сæргълæудæй, Луганскы Адæмон Республикæйы делегаци ацы республикæйы Адæмон Советы комитеты (Парламенты) Сæрдар Виталий Морозовы сæргълæудæй, Донецкы Адæмон Республикæйы делегаци Адæмон Советы комитеты сæрдар Мирослав Руденкойы сæргълæудæй, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы делегаци ацы республикæйы Уæлдæр Советы депутат Вадим Кравчук, афтæмæй.
Фембæлдтыты рæстæджы Мамиты Инал раарфæ кодта уазджытæн æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы сæйраг политикон цауы хайад кæй исынц, уый фæдыл. Уый сын радзырдта, æвзæрстытæм куыд цæттæ цыд, уым Парламент цахæм хайад райста, уый тыххæй. Радзырдта сын республикæйы цæуæг цауты, цахæм æнтыстытæ бантыст къухты бафтын кæнын æмæ ма цы хъæуы саразын, уыдæтты тыххæй. Уæлдай тынгдæр банысанчындæуыд æхсæнпаддзахадон, æхсæнпарламентон бастдзинæдты рæзты ахсджиагдзинады тыххæй.
Йæ рады делегациты минæвæрттæ дæр сæ тæлмæнтæ радзырдтой цы федтой, уыдоны фæдыл. Уыдон загъдтой сæ хъуыды Хуссар Ирыстоны æвзарæн системæйы, йæ баххæстдзинад æмæ йын ногдзинад банысан кæнгæйæ. Уыдонæй иуæй-иутæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, фæндон бахæссдзысты, Хуссар Ирыстоны æнтыстджынæй цы ногдзинæдтæй пайда кæнынц, уыдонæй сæ республикæты спайда кæныны тыххæй. Афтæ ма банысан кодтой æвзарæн фадгуыты хорз уавæр, сæ кусджыты бæрзонд цæттæдзинад, æвзарджыты бæрзонд активондзинад æмæ сæ серьезон барадон фæтк халыны цаутæ кæй нæ уыд, уыдоны тыххæй, кæцытæ бандæвдтаиккой æвзæрстытыл.
Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй фембæлдтыты хайад райстой депутаттæ Тедеты Руслан, Тасойты Димитр, Коцты Жаннæ, Коцты Игорь, Къозонты Алан, Гæбæраты Юри, Джиоты Инал, Къацты Филипп, Уалыты Розæ æмæ æндæртæ.
РХИ-йы Парламенты
информацион-аналитикон управлени
ÆМГУЫСТАДЫ ФÆДЫЛ КЪАМИСЫ РАБАДТ
10-æм апрелы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы ‘хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы радон рабадт.
Рабадты рæстæджы байхъуыстæуыд Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар, къамисы æмсæрдар Коцты Игоры информацимæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды реализацийы закъондæттынадон ифтонгады фæдыл.
Дунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Сергей Цеков раныхас кодта информациимæ, æххуысхъуаг бинонты æмæ сидзæр сывæллæтты, хорз чи ахуыр кæны, уыцы ахуыргæнинæгты, Хуссар Ирыстоны хибахъахъхъæнынады хæстонты сывæллæттæн Сывæллæтты дунеон центр «Артекы» улæфт сорганизаци кæныны тыххæй.
РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг, Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Тасойты Димитр æмæ Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Михаил Козлов раныхас кодтой информациимæ УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ хицæн дæлхæйтты бакæныны фæткы фæдыл УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн Сразыдзинады тыххæй.
Федерацийы Советы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты ‘хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы радон рабадты тыххæй информаци сарæзта дунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты сæрдары хæдивæг, къамисы æмсæрдар Тотъоонты Александр.
Рабадты фæстиуджытæм гæсгæ къухты фыст æрцыдысты æмбæлон суагъæйыл.
РХИ-йы Парламенты
информацион-аналитикон управлени
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.