Знон нæ республикæмæ кусæгон балцы Уæрæсейы Федерацийы Советы Федерацийы Федералон Æмбырдæй цы кусæгон къорд æрцыд, уыдон йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды ма хайад райстой Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ УФ-йы Федерацийы Советы Федералон Æмбырды æмгуыстады фæдыл къамисы хуссарирыстойнаг хайы æмсæрдар Коцты Игорь.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы уæлдæр закъондæттынадон орган – Федерацийы Совет æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстад кæддæриддæр ис бæрзонд æмвæзадыл. Æхсызгон ма у, æмгуыстады фæл-гæтты къамис æнтыстджын куыст кæй кæны, уый дæр. Уый тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта уæрæсейаг фарсырдыгæй къамисы æмсæрдар Сергей Цековæн, зæгъгæ, нæ закъондæттынадон органты позитивон æмæ хъæуæг куыст æххæст цæуы ацы къамисы фæлгæтты.

Стыр бузныджы ныхæстæ загъта УФ – йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойы номыл Хуссар Ирыстонмæ æмæ нæ закъондæттынадон органты æмархайдмæ йе стыр хъусдарды тыххæй æмæ йæ ныфс ис, фидар бындур æвæрд кæмæн æрцыд, уыцы закъондæттынадон органтæ дарддæр æнтыстджын куыст кæй кæндзысты æмæ рахиздзысты ног æмвæзадмæ.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн ахастытæ сты бæрзонд æмвæзадыл.

«Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстонæн у æдасдзинады гарант. Бирæ проекттæ реализаци цæуынц Инвестицион программæйы фæлгæтты, фыццаджыдæр, социалон объекттæ, инфраструктурон æмæ экономикон проекттæ. Нæ бæстæты ‘хсæн æмахастытæ дзурæг сты кæрæдзиимæ æууæнчы бæрзонд æмвæзадыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Президенты ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн интеграцийы фадыджы арæзт æрцыд серьезон къахдзæфтæ. Æргомæй куы дзурæм, уæд, зæгъгæ, мах цасдæрбæрцæй хæлæг дæр кæнæм Хъырымы Республикæмæ, уымæн æмæ «уый æрыздæхт йæ хæдзармæ».

«Хуссар Ирыстон та нырма ис «йæ хæдзармæ фæндагыл». Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, Уæрæсеимæ интеграцийы хъуыддаджы серьезон къах-дзæфтæ арæзт кæй æрцыд, уыдон сомбон фадат ратдзысты, цæмæй нæ республикæ дæр уа уæрæсейаг паддзахады сконды.

Уый æрмæст нæ республикæйы алы къухдариуæггæнæджы фæндон нæу, фæлæ алы æмбæстаджы фæндон дæр, кæцытæ рагæй тырнынц уымæ. Æмæ уыцы здæхты æххæст цæудзæн æмбæлон куыст», – банысан  кодтата  Президент.

Уый ма банысан кодта Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр закъондæттынадон органты æхсæн бæрзонд æмархайд. Мах, зæгъгæ, æвдисæн стæм, нæ бæстæты закъондæттынадон органты иумиаг къамисы æнтыстджын куыстæн. Сергей Цековы тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта – куыд уæрæсейаг фарсæрдыгæй къухдариуæггæнæг, афтæ размæ кæй кæны бирæ хорз æмæ хъæуæг хъуыддæгтæ нæ республикæйæн.

Президенты ныхæстæм гæсгæ Ялтæйы уагъдцæуæг V дунеон экономикон форумы куысты фæлгæтты къухтæ фыст æрцæудзæн Хъырымимæ æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл. Къухтæ ма фыст æрцæудзæн Керчь æмæ Цхинвалы горæтты ‘хсæн æфсымæрон ахастыты тыххæй сразыдзинадыл.

Фембæлды рæстæджы ма Бибылты Анатоли радзырдта, нæ республикæйы хъырымаг амалиуæггæнджыты инвестициты тыххæй, зæгъгæ, аивгъуыйгæ аз ам байгом сæнаразæн завод, хъырымаг амалиуæггæнджыты тыхтæй реализаци цæуы Хуссар Ирыстоны сæнæфсиры талатæ ныссадзыны проект.

Республикæ Хъырымы паддзахадон къухдариуæгады закъондæттынадон органы минæвар, дунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Сергей Цеков куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымæн ис рагон бастдзинæдтæ, суанг Советон Цæдисы ныппырхæй фæстæмæ.

«Нæ Республикæйы æрцæугæ цаутæм сымах лæмбынæг хъусдард здæхтат. Афтæ мах дæр тыхстыстæм,2008 азы августы хæсты рæстæджы ам цы цаутæ цыд, уыдон фæдыл.

Уæдæй абоны онг мах уынæм, Хуссар Ирыстоны серьезон ивындзинæдтæ кæй æрцыд. Фыццаг хатт ардæм куы æрцыдтæн, уæд театр нæма архайдта. Къахдзæфæй къахдзæфмæ республикæ арæзт цæуы, æндидзы æмæ уый махæн дæр у æхсызгон. Уый нæ, фæлæ ма нын ахсджиаг у Хуссар Ирыстонæн алыварсон æххуыс кæнын», – загъта Цеков.

УФ-йы Федерацийы Советы минæвары ныфс ис, фидæны Хуссар Ирыстон дæр кæй суыдзæн Уæрæсейы иу хай. Нæ хæс дæр, зæгъгæ, уый у, цæмæй саразæм æппæт дæр, æмæ Хуссар Ирыстон фылдæр йæхи æнкъара Уæрæсейы хайæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый нæ дызæрдыг кæны, æмæ йæм бирæ рæстæг дæр нал хъæуы, æмæ реализаци æрцæудзæн уыцы историон цау дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.