РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы делегациимæ, кæцыйы сæргъ лæууыд дунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы уæнг Сергей Цеков.

 

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов,  хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы уæнг Крым Казаноков æмæ УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмæ РХИ-йы Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы уæрæсейаг хайы бæрнон нымæрдар Надежда Дахова.

Бибылты Анатоли арфæ ракодта уазджытæн, кæцытæ лæууынц УФ æмæ РХИ-йы Æхсæнпарламентон къамисы сæргъ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, къамис цы куыст кæны, уый у эффективон. «Къамис æххуыс кæны уыцы хæстæ æххæст кæнынæн, кæцытæ лæууынц Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы раз. Тынг æхсызгон мын у уый, æмæ нæ закъондæттынадон органты ‘хсæн кæй ис æнгом бастдзинад. Уæлдайдæр та, социалон фадыджы сæвзæргæ фарстатæ скъуыддзаг цæуынц».

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, дарддæры куыст ахъаз кæндзæн бæстæты закъондæттынадон органты ‘хсæн æмархайды рæзтæн.

«Уырны мæ, дарддæр  закъондæттынадон органты ‘хсæн æмархайд кæй тыхджындæр кæндзæн, уый. Нæ иумиаг куысты хатдзæгтæ æндавдзысты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты фæрныгадыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады, Сергей Цеков раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæгæн, афтæ хъарм æй кæй райста æмæ æмгуыстадæн æмбæлон аргъ кæй скодта, уый тыххæй. «Мах Хуссар Ирыстоны проблемæтæ исæм нæхи проблемæты хуызæн. Афтæ Хуссар Ирыстон дæр Уæрæсейы уæлахизтæ æмæ проблемæтæ нымайы куыд йæхи, афтæ. Къамисы нæ иумиаг куысты тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ рабадтыты фæстиуджытæм гæсгæ кæй фæзыны ног уынаффæтæ, сразыдзинæдтæ, афтæмæй мах скъуыддзаг кæнæм Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон проблемæтæ», – фехъусын кодта уый.

Сергей Цеков загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис дарддæры æмгуыстадæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæрæдзийæн фæлтæрддзинад амонын ахъаз кæндзæн æмахастыты рæзтæн.

Бибылты Анатоли ма арфæйы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы  Федералон Æмбырды Советы Федерацийы Сæрдар Валентина Матвиенкойæн.

«Парламенты Сæрдары бынаты мæ куысты рæстæджы мæнæн Валентина Иваны чызгимæ сæвзæрд хъарм ахастытæ. Исты проблемæ куы фæзыны, уæд алы хатт дæр цæттæ у баххуыс кæнынмæ. Махмæ кризисон момент куы уыд, уæд мæ куырдиатмæ гæсгæ æрцыдысты Федерацийы Советы сенатортæ, кæцы бæрæг æгъдауæй бандæвта Хуссар Ирыстоны æндыгъддзинад фæныллæгдæр кæныныл. Уый тыххæй уæлдай бузныг зæгъын Валентина Иваны чызгæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды кæрон РХИ-йы Президенты Барамындæй Сергей Цеков хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй æмæ Крым Казаноков та – «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн»  майданæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.