РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Цхинвалы раздæры турбазæ «Осетия»-йы цæрæг лигъдæттимæ. Цæрджытæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ, сæ цæрæнуатон уавæртæ сын фæхуыздæр кæнын кæй хъæуы, уыцы проблемæимæ.

Фембæлды ма хайад райстой горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, Президенты Æхсæнадон химæисæны къухдариуæггæнæг Сергей Липин æмæ Миграцион политикæйы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игорь.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, æмбары, турбазæйы цæрджытæ зындзинæдтæ кæй æвзарынц, уый æмæ банысан кодта, зæгъгæ, цы гæнæн ис, уый сараздзæн сæ проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

«Ацы проблемæ уæвынад кæны 27 азы æмæ йæ иу азмæ аскъуыддзаггæнæн нæй. Фæлæ æз сараздзынæн, цы гæнæн ис, уый, цæмæй махмæ мауал уа «лигъдоны» категори æмæ цæмæй сымах иууылдæр ифтонг æрцæуат цæрæнуатæй. Æз нæ дызæрдыг кæнын ууыл, æмæ махæн нæ бон кæй суыдзæн проблемæ аскъуыддзаг кæнын», – загъта уый.

Бибылты Анатоли лигъдæтты цæрæнуатон проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй бахаста æртæ варианты. «Сымах æхсæн ис Хуссар Ирыстоны алы хъæутæй рацæугæтæ. Фыццаг вариант ис уый мидæг, æмæ йæ райгуырæн хъæумæ  раздæхын кæй бафæнда, уыдонæн паддзахад сараздзæн цæрæнуат 60 квадратон метры фæзуатимæ æмæ æппæт уавæртимæ», – фехъусын кодта уый.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, ацы вариант у уæлдай приоритетондæр паддзахадæн, уымæн æмæ æмбæлон у хъæу сæндидзын кæныны программæйæн. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, абоны бон уынаффæ цæуы лигъдæттæн æмæ æнæбары йæ цæрæнуат ныууадзыны сæр кæй бахъуыд, уыдонæн сæрмагондæй Цхинвалы цæрæнуат саразыны проект бакусыныл.

Уымæй дарддæр ма, лигъдæттæ æмæ йæ цæрæнуат ныууадзыны сæр кæй бахъуыд, уыцы адæймæгтæн фыццаг хатт бирæ азты дæргъы сæ бон суыдзæн горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуат райсынмæ рады слæууынæн. «Сымахæн уæ паспортты ис официалон штамптæ ныффысты тыххæй. Никуы ис бацамынд, зæгъгæ, сымахæн ис рæстæгмæйон регистраци. Æмæ уый сымахæн дæтты цæрæнуат райсынмæ номхыгъды слæууыны фадат», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, лигъдæттæ регистраци æрцæудзысты радылæуджыты иумиаг номхыгъды æмæ дих æрцæудзысты индивидуалон фæткы æмбæлон категоритæм гæсгæ. Фæлæ, ацы варианты цæрæнуат райсыны тыххæй бахъæудзæн æбæрæг æмгъуыдмæ банхъæлмæ кæсын, радылæуджытæ бирæ кæй сты, уый аххосæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.