Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй ирон диаспорæты минæвæрттимæ, кæцытæ хайад исынц этнографион, культурон-рухстауæн, ахуырадон проект «Этнолагерь – 2018. Алайнаг фæд»-ы.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, сæ балц сæ историон райгуырæн зæхмæ ахсджиаг кæй у. Этнолагеры хайадис-джытимæ ныхас цыд ирон æвзагыл.

«Арфæ уын кæнын ирон зæххыл. Уæ балц у тынг ахсджиаг, уымæн æмæ ирæттæ дунейы кæмфæнды ма уой, уымæ нæ кæсгæйæ, хъуамæ сæ кæрæдзийы зоной æмæ æххуыс кæной», – загъта Президент.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли цыбыртæй радзырдта йæ официалон балц Сириаг Арабаг Республикæмæ, афтæ ма сириаг ирæттимæ фембæлды тыххæй.

«Сирийы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ фембæлд уагъд æрцыд Дамаскы. Хъыгагæн, Сирийы цъус ирæттæ баззад. Кæд дзы хæсты размæ 10 минæй фылдæр цард, уæд ныр та сты иу мины бæрц», – загъта Бибылы фырт.

Президент æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй сæ равзæрд æмæ сæ мадæлон æвзаг ма рох кæной.

«Ма рох кæнут уæ мадæлон æвзаг, ахуыр æй кæнут. Хъуыды кæнут, кæцæй рацæугæ стут æмæ уæ Ирыстон», – загъта уый.

Этнолагеры хайадисджытæ цы фарстатæ лæвæрдтой паддзахады сæргълæууæгмæ, уыдонæй сæ иу уыд ирон паспорт райсыны фадаты фарст. Бибылты Анатоли банысан кодта, паспорт дæттынæн кæй ис хъæуæг процедурæ, афтæ ма къамис, кæцы æркæсы бавдыст куырдиæттæм.

Ирон диаспорæты минæвæрттæ ма радзырдтой Хуссар Ирыстонмæ балцы тыххæй, горæт Цхинвалы экскурсийы, Джеры дзуармæ ацыды тыххæй, цыран скуывтой республикæйы дидинæфтыдæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.